Нæ горæты Мидхъуыддæгты управленийы æнæххæст кары сы-вæллæтты инспектортæ ныййарджытимæ æмбырдты æрдзырдтой, ныридæгæн æнахъомтимæ цавæр куыст цæуы, ууыл. Службæйы хистæр инспектор Гатайты Лали куыд банысан кодта, афтæмæй скъоладзаутимæ профилактикон куыст у иууыл ахадгæдæр амал.

«Ахуыргæнæн уагдон ахсы ахсджиаг бынат æнахъомты царды. Зынхъомылгæнæн сывæллæтты развæлгъау рахатын, схъомыл кæнын æмæ сæ раст фæндагыл бафтауын у ахуыргæнджыты сæйраг хæс. Цæмæй сомбон æхсæнады уа аккаг гоймæгтæ, уый тыххæй æнæххæст кары сывæллæттæм хъæуы æппынæдзухдæр æмбæлон хъусдард здахын. Ацы процессты активон хайад хъуамæ исой æрмæст ахуыргæнджытæ æмæ милицийы кусджытæ нæ, фæлæ ныййарджытæ дæр» – банысан кодта Гатайты Лали.

Инспектортæ бафæдзæхстой ныййарджыты, цæмæй уæлдай хъусдард аздахой уæлдæр кълæсты ахуыргæнинæгтæм.

«Статистикæмæ гæсгæ, иууыл арæхдæр фæткхалæн цаутæ æмæ фыдракæндтæ аразынц уæлдæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ» – бахахх кодта милицийы инспектор Чандиаты Аллæ.

Ӕмбырды ма æрдзырдтой скъоладзаутыл мобилон телефонты æндæвдады тыххæй.

«Бирæ скъоладзаутæ уроктæм æрбацæуынц æгъуыссæгæй, уымæн æмæ фынæйы афон уыдон фæхъазынц мобилон телефонтæй, кæнæ та фæпайда кæнынц интернетæй. Уый фæстиуæгæн скъоламæ дæр æрбацæуынц æдзæттæйæ. Бынтон сæ интернетмæ мауал уадзæм, уый гæнæн нæй, фæлæ нæ бон у æмæ сæ контроль кæнæм» – загъта Гатайты Лали.

Фæндагон цауты скъоладзаутæ арæх кæй бахауынц, уый тыххæй милицийы кусджытæ бахатыдысты ныййарджытæм, цæмæй сæ сывæллæттæн бацамоной фæндагон змæлды фæткойтæ. Стæй ма сæ æнафоны дæр уынгмæ ма уадзой.

«Ӕнæххæст кары сывæллоны æнафоны уынгы куы феной горæты мидхъуыддæгты кусджытæ, уæд æй бауромдзысты æмæ йæ акæндзысты горæты мидхъуыддæгты управленимæ, цалынмæ йæ ныййарджытæй исчи æрбацæуа, уæдмæ. Уый та у стрессон уавæр куыд сывæллонæн, афтæ ныййарæгæн дæр» – фехъусын кодта Гатайты Лали.

«Сывæллонæн йæ мад æмæ йæ фыд сты цæвиттонтæ царды æмæ уыдон сæхи куыд фæдарынц, афтæ фæаразынц сæхæдæг дæр. Ныййарджыты æрдыгæй æмбæлон хъусдард куы нæ уа сывæллонмæ, уæд ын уый йæ моралон уавæрыл æндавы æппæрццагæй» – кæронбæттæны банысан кодта Чандиаты Аллæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.