22-æм январы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты дæсæм сессийы фыццаг рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Сессийы куысты райдианы æххæст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимн.

Депутатты раз раныхас кæнгæйæ, Парламенты спикер Гасситы Петр раарфæ кодта Парламенты хицæн депутаттæн ногазон хæрзаудæн проект «Бæллицты фонтан»-ы хайад кæй райстой, уый тыххæй. «Стыр бузныг уын зæгъын, сымах æвæлмастæй кæй нæ баззадыстут, акцийы хайад кæй райстат æмæ сывæллæтты бæллицтæ кæй сæххæст кодтат, уый тыххæй», – загъта Гасситы Петр.

Уый фæстæ Парламенты депутаттæ æркастысты «Республикæ Хуссар Иры-стоны Паддзахадон гимны тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны проектмæ. Фарст уынаффæмæ рахаста Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Нонæ.

Тедеты чызг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ республикæйы Паддзахадон гимн, йæ афыст æмæ дзы официалонæй пайда кæныны фæтк фидар кæны РХИ-йы Конституцион закъон, фæлæ депутаты ныхæстæм гæсгæ, 1995 азы 5 майæ РХИ-йы архайгæ закъон хорзыл банымадта РХИ-йы Уæлдæр Совет æмæ ист æрцыд раздæры Конституцимæ гæсгæ. Абоны бонмæ конд не ‘рцыд РХИ-йы Конституцийы архайгæ редакцимæ гæсгæ, æмæ уый фæдыл бакуыст æрцыд ацы закъоны проект.

«Ацы закъоны проекты ахсджиагдæр фадгуытæй иу у, фæсивæды æмбæстагдзинад æмæ патриотизмыл хъомыл кæнын. Конституцион закъоны бакуыстгонд проекты нысан цæуы, зæгъгæ, РХИ-йы Паддзахадон гимн æххæст цæудзæн ног ахуыры азы райдианы иумиагахуырадон уагдæтты фыццаг урочы размæ, афтæ ма паддзахадон бæрæгбонты сæраппонд ахуырадон уагдæтты цытджын мадзæлттæ уадзыны рæстæджы», – загъта Тедеты Нонæ.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ма закъоны проекты нысан цæуы цыртдзæвæнтæ æмæ зæрдылдарæн нысæнттæ (знак) гом кæныны рæстæджы Паддзахадон гимн æнæмæнгæй кæй хъæуы сæххæст кæнын. «Афтæ ма ацы закъоны проектмæ гæсгæ, гæнæн ис РХИ-йы Паддзахадон гимн  хайгай (иу куплет æмæ базард) сæххæст кæнын», – бамбарын кодта уый.

Депутаттæ æмхъæлæсæй схъæлæс кодтой ацы Конституцион закъоны тыххæй.

Сессийы рабадты ма æркастысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы, афтæ ма Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы ‘хсæн æмгуыстады тыххæй Сразыдзинæдтæм. Рабадты фарстытæ уынаффæмæ рахаста Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æхсæнпарламентон бастдзинæдтæ рауæрæхдæр æмæ сфидардæр кæнын, закъонсфæлдыстадон фадыджы кæрæдзийæн фæлтæрддзинад амонынмæ тырнгæйæ, РХИ, Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы закъондæттынадон органтæ сразы сты æмгуыстад кæныны тыххæй.

Коцты Игоры ныхæстæм гæсгæ, Донецкы Адæмон Республикæйы за-къондæттынадон органимæ Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын план цæуы февраль-марты, Донецкы Адæмон Республикæмæ РХИ-йы Парламенты делегацийы визиты рæстæджы. Депутат куыд загъта, уымæ гæсгæ, проектыл уынаффæ кодтой сæ коллегæтимæ Донецкы Адæмон Республикæйæ.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр ацы фарстыл уынаффæ кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Парламент хъуамæ рахæца ацы Сразыдзинады æвварс, уымæн æмæ уый æрхæсдзæн бирæ пайда нæ республикæйæн.

Коцты Игорь Сразыдзинадмæ хауæг фарстыты тыххæй бамбарын кодта, зæгъгæ, фæрстæ фæнд кæнынц хицæн депутатты, парламентон комитетты, къамисты, депутатон баиугæндты ‘хсæн комкоммæ контакттæ сфидар æмæ рæзын кæнын, афтæ ма РХИ-йы Парламенты, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты Адæмон Советты Аппаратты ‘хсæн æдзухон бастдзинæдтæ сфидар кæныныл бакусын. «Ацы Сразыдзинады реализацийы нысæнттæн фæрстæн сæ бон у уæлæмхас сразыдзинæдтæ саразын», – банысан кодта уый. Депутаттæ хорзыл банымадтой ацы Сразыдзинад, æм-хъæлæсæй йыл схъæлæс кæнгæйæ.

Коцты Игорь ма депутатты размæ æркæсынмæ рахаста РХИ-йы Парламент æмæ Сирийаг Арабаг Республикæйы Адæмон Советы æмгуыстады фæдыл хæлардзинады æдзухархайæг къорд саразыны фарст. «Скъуыддзаг æрцыд РХИ-йы Парламенты æмæ Сирийаг Арабаг Республикæйы депутатты ‘хсæн хæлардзинады къорд саразыны фарст. Къорды сконд, гæнæн ис ива депутатты фæндонмæ гæсгæ, кæцыты бафæнда ацы къорды кусын», – банысан кодта Коцты Игорь. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, боныгъæды уавæртæ, Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны чи бæтты, уыцы фæндаджы уавæр хынцгæйæ, скъуыддзаг æрцыд, зæгъгæ, Сирийаг Арабаг Республикæйы делегацийы визит уыдзæн ацы аз уалдзæджы.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, Сирийаг Арабаг Республикæ зæрдæрайæ райста, Хуссар Ирыстонмæ сæ кæй фæхуыдтой, уыцы цау. «Апрелы Сирийы делегаци фæнд кæны Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. Уый уыдзæн сæ фыццаг официалон визит, кæцыйы рæстæджы къухтæ фыст хъуамæ æрцæуой РХИ-йы æмæ Сирийаг Арабаг Республикæйы Парламентты ‘хсæн Хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй бадзырдыл», – загъта спикер.

Депутаттæ æмхъæлæсæй хорзыл банымадтой ацы фарст.

Сессийы рабадты ма парламентаритæ æмхъæлæсæй схъæлæс кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны кадрты фæсауæрц бацæттæ кæныны фæдыл» Паддзахадон комплексон нысанон программæйы проекты тыххæй.

Ацы фарст уынаффæмæ рахаста Национ политикæ, зонад, ахуырад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри.

РХИ-йы Парламенты

Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.