Бæрæг куыд у, афтæмæй 1-æм июнæй Хуссар Ирыстоны фæфылдæр уыдзысты æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъ. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади.

Дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн йæ интервьюйы уый банысан кодта, зæгъгæ, æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъ кæй фæфылдæр, уымæн йæ иунæг аххосаг у, Уæрæсейы æртаджы аргъ кæй фæфылдæр, уый.

«Бирæтæ фехъуыстой æмæ зонынц, зæгъгæ, Уæрæсейы бензины аргъ у нæ республикæйæ бирæ фылдæр. Сæрмагондæй, Дзæуджыхъæуы, АИ-92 маркæйы  бензины литр у 41-43 сомы. Дизелон æртаг (ДТ) та у  44 сомы бæрц.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Югос-нефтепродукт» абоны онг, ома, 1-æм июны онг æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъ дардта иу æмвæзадыл, фæлæ ныр афтæ гæнæн нал ис. Экономикон рæзты министрад лæмбынæг анализ сарæзта хæрдзтæн, кæцытæй арæзт цæуы продукцийы хиаргъ æмæ афтæмæй бæрæг цæуы йæ аргъ. Райсгæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æртаг-сæрдæн æрмæджытыл министрад сфидар кодта ахæм æргътæ: хицæн адæймæгтæн АИ-92 маркæйы бензины аргъ уыдзæн 35 сомы, бюджетон организацитæн – 36 сомы; дизелон æртаг фæфылдæр уыдзæн 40 сомы онг æппæт фæлхасгæнджытæн дæр.

Фæлæ уыимæ банысан кæнын хъæуы, ацы æргътæ Цæгат Кавказы федералон зылды астæуккаг æргътæм абаргæйæ, 17-20% къаддæр кæй сты. Дизелон æртаджы аргъ у продукты хиаргъæй къаддæр. Цæмæй æргътæ ахæм æмвæзадыл баззайой, уый тыххæй паддзахадон унитарон куыстуат «Югоснефтепродукт» зиæнттæ æмбæрздзæн бензиныл хисæрмагонд æфтиагты хыгъдæй.

Нæ зонæнтæм гæсгæ Уæрæсейы ныртæккæ агуырдæуы æртаг-сæрдæн æрмæджыты æргъты стабилизацигæнæн фæндæгтæ, сæйраджыдæр хъалонты закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæсгæйæ, æртагыл акцизтæ къаддæр кæнгæйæ.

Мах дæр фæнд кæнæм нæ æргъты политикæйы æртаджы аргъ, Уæрæсейы астæуккаг аргъ куыд у, уымæй къаддæр дарыныл. Æниу банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы планы алцы махыл баст кæй нæу».

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.