Искæмæй, нæ адæм, нæ бæстæйы тыххæй, æфхæрæн ныхæстæ куы æрыхъусæм, уæд нын хъыг вæййы, смæсты вæййæм. Фæлæ нæ цымæ алчи дæр архайы, цæмæй нæ мачи дæр азымы дара, ма дæр æфхæрæн дзырдтæ хъусæм, ууыл. Хъыгагæн, не ‘хсæн ис йæ адæм æмæ йæ бæстæйы кадыл æппындæр чи нæ хъуыды кæны, ахæмтæ дæр.

Абон мæ, сæйраджыдæр зæгъын фæнды, нæ горæты цы магазинтæ ис, æмæ бонæй-бонмæ сæ нымæц кæмæн рæзы, уыдон тыххæй.

Магазинтыл цы фыстытæ æмæ нæмттæ конд ис, уыдон, куыд æз, афтæ бирæ æндæртæ дæр растыл нæ нымайынц.  Уымæн æмæ мадæлон, ирон æвзагмæ дарынц бынтон уæлæнгай ахаст. Горæты цы иу мины бæрц магазины ис, уыдонæй ирон нæмттæ ис æрмæстддæр сæ иу процентæн. Магазинты кусджытимæ, ацы фарсты фæдыл куы ныхас кодтон, уæд æнцонæй рахатыдтæн, цы фыстытæ æмæ нæмттæ сыл ис, уыдоны нысаниуæг сæхæдæг дæр кæй не ‘мбарынц, уый.

Ацы фарсты фæдыл ныхас кодтон магазинты хицæуттæй цалдæримæ, фарстон сæ магазинтыл ирон нæмттæ, иронау фыстытæ цæмæннæ ис, уый тыххæй, фæлæ, сæ рæстмæ дзуапп никæмæй фехъуыстон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм ахаст мæгуырауæрдæм æндавы, тынг зынаргъ нын чи у,  уыцы мадæлон æвзагыл. Æндæр бæстæтæй ардæм, Хуссар Ирыстонмæ цæуынц æмæ нырæй фæстæмæ цæудзысты æндæр бæстæты минæвæрттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон алцæмæ дæр дардзысты сæ цæст, æмæ не ‘взагмæ ахæм уæлæнгай цæстæй кæй кæсæм, уый тыххæй ныл сæ зæрдæтæ æнæбахудгæ нæ фæуыдзысты.

Ацы фарсты фæдыл нæ цæрджытæй кæимæ ныхас кодтон, уыдонæй мын сæ иу Санахъоты Гриша афтæ зæгъы, зæгъгæ, Цæгат Кавказы республикæтæй алкæцыйы дæр уыдтæн. Алы ран дæр, æрмæст магазинты нæмттæ нæ, фæлæ горæтты, уынгты, цæугæдæтты, æмæ æндæр ахæм бынæтты нæмттæ фыст сты дыууæ, уырыссаг æмæ сæхи адæмты æвзæгтыл. Уый раст æмæ раппæлинаг хъуыддаг у, фæлæ нæ республикæйы афтæ цæмæннæ у? Адæймаг цæмæй магазин бакæныны бар райса, уый тыххæй алы рæттæй цъус хъæуæг документтæ æмæ кухфыстытæ æмбырд кæнын нæ хъæуы. Уыдон, ома магазин, кæнæ æндæр ахæм исты бакæныны бар чи фæдæтты, уыдон-иу куы бахатиккой магазинты, кафеты æмæ æнæд ахæмты хицæуттæм, куы сын æй æмбарын кæниккой, Ирыстоны зæххыл кæй кæнынц бизнес æмæ сын ирон æвзаг уæлдайаг кæй ма хъуамæ уа…

                                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.