Адæмы фарн лæгæй цæуы. Адæмæн ном æмæ цæсгом лæг кæны. Æрдз бирæ царды хорзæхтæ кæмæн радты, уый йæхицæй бирæ домы, адæмы хæрзæбонæн йæ разы стыр хæс æвæры.

Хуыбиаты Ефим у уæззау зонды хицау, ис æм уæздандзинад æмæ бæрзонд культурæ, дæсны разамонæг. Уый Дзæуджыхъæуы завод “Победит”-ы, мин æмæ сæдæ кусæджы кæм ис, уым 45 азы кусы профкомы сæрдарæй ацы куыстуаты та æдæппæт кусы 54 азы.

Заводы кусджытæ се ‘ппæт дæр сты профцæдисы уæнгтæ.

Сæ бартæ хъахъхъæныныл сын куыд кусы, уый бæрæг у, æнраив-гæйæ уал азы кæй кусы куыстуаты профкомы сæрдарæй, йæ ныхасæн ын аргъ кæй кæнынц, йæ арфæйаг хъуыддæгты тыххæй та – кад.

Ефимæн ныййарджытæ дунейы рухс-мæ рацыдысты кæрæдзийы амондæн. Хуыцауы арфæйæ – арфæйаг, адæмы фарнæй – фæрнджын ныййарджытæ схъомыл кодтой цыппар лæппу æмæ дыууæ чызджы. Адæймаджы цард æмæ хъысмæт кæуылты æрзилын кæнынц. Ивылд доны уылæнтау ивылынц Хуыбиаты Ефимы цардвæндаджы мысинæгтæ. Даргъ ауæдзтау хурæнбæрæг сты йæ адæмæн, æхсæнадæн цы хæрзты бацыд, уыдон, йæ адæймагдзинады удыхъæды хуыздæр миниуджытæ сты йæ уды сыгъдæг æвдисæн. Йе ‘ппæт фæллойадон азтæ сты 58, уыдонæй, куыд ма загътам, афтæмæй 54 азæй фылдæр кусы “Победит”-ы заводы. Цас уды хъару, цæсты рухс хъæуы уыйбæрц фæллойы азтæн.

Профессионалон куысты зæрдæбынæй архайгæйæ, цæрæн-бонты адæмæн хорздзинад араз-гæйæ, кусджыты бартæ хъахъхъæнгæйæ, Ефим схызт Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы профцæдисты сгуыхт куысты уæлдæр къæпхæнмæ. Хорзæхджын у паддзахадон хæрзиуджытæй: Кады орденæй, “Ирыстоны намысæн” майданæй, Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Профцæ-дисты, Цæгат Ирыстоны АССР-ы Сæйраг Советы Президиумы бирæ Кады гамотæтæй. Фæлæ уæддæр уыдонæй уæлдæр хорзæхыл Ефим нымайы адæмы хорзæх.

Ефим царды комулæфт банкъард-та Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы Къостайыхъæу – Цъунары. Адæймаг кæм райгуыры, фыццаг      а-лол-ла-йы зарæг кæм фехъусы, уыцы алæмæты фыдыуæзæг адæй-магæн свæййы йæ карздæр сомыгæнæн. Хуыбиаты æвзыгъд лæппу, Цъунары астæуккаг скъола иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст куы фæцис, уæд Советон Æфсады службæ кадимæ сæххæст кодта. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон институтмæ бацыд ахуыр кæнын-мæ. Уæлдæр ахуырад райсгæйæ, æрыгон цардбæллон лæппу банкъардта, куыст цардæн фæрæз кæй у, уый. Рагуалдзæджы уыд хуымгæнæг, хортауæг, сæрдыгон куысты – хосдзаузиууон, фæззæг – тыллæгæфснайæг, зымæг – хъæддзау, сугласæг.

Ефим, уæлдæр ахуыр æмæ куысты фæлтæрддзинад райсыны фæстæ йæ цард снывонд кодта йæ раттæг адæмы хæрзæбонæн. Йæ арфæйаг арæзт хъуыддæгтæй уæрæх фæндаг ссардта адæмы зæрдæмæ. Адæймаг адæймаджы хорз куы зона, адæмæн уарзон куы уа, уæд ахæм удыхъæды хицауы цардвæндагыл иуæй зын фыссæн у, иннæмæй – æхсызгон. Зын уымæн, æмæ æнцон нæу уымæн йæ хъуыддæгтæ адæмы размæ рахæссын, аккаг ныхæстæ ссарын. Æхсызгон уымæн, æмæ адæмы раз йæ хорзы кой ракодтай.

Бинонтæ сты царды сæйрагдæр. Цард æппæтæй дæр бинонтыл лæууы. Уарзт æмæ иузæрдиондзинад цы бинонты ‘хсæн вæййы, уыдон адæмæн сты табуйаг. Нæлгоймагæн йе сгуыхт сылыстæджы хорзæй у. Ефимы дæр цардæмбалæй хорз амонд фæци. Хуыцау ын цардамонды хорзæхæн радта Къалаты Замирæты. Царды цæхæрадоны тулдз бæласау фидар уидæгтæ ауагътой, уарзондзинад бабастой зæрдæйы тæгтæй.

Ефим æмæ Замирæты чызг Анжелæ, фырт Оледжы хуызæн хъæбултæ Иры зæххыл фылдæр уæнт! Нæ разагъды фыдæлтæм сæ сæры кад бæрзонд æвæрд уыд, æмæ йæ махæн, сомбоны фæлтæрæн,  ныууагътой, цæмæй нын æххуыс уой кæрæдзимæ æнгом уæвынæн, иумæ фæрнæй, уарзонæй цæрынæн.

Нæ куырыхон хистæр Хуыбиаты Ефимы зонд дæрдтыл æххæссы, хорз зоны, æрмæстдæр æмзонд, æнгом дзыллæйы бон бауыдзæн фыдæлты фарн æмæ намыс дарддæр ахæссын.

Гуылæрты Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.