Æнусты дæргъы адæмæн сæ бæллиц талынг цардæй царды рухс фæндагмæ рахизын уыдис. Уый сæ къухты фылдæр æфтыдис стырдæр, размæдзыддæр адæмтæн. Нæ адæмæн уыцы фадат æххæстæй фæцис Октябры революцийы фæстæ, нæ хъæуты кæрæдзийы фæдыл скъолатæ гом кæнын куы райдыдтой, уæд. Æмæ чысыл Батыр дæр бахызт  скъолайы къæсæрæй, цæмæй йæ фыдæлтæ  фæлтæрæй фæлтæрмæ цы уæззау, талынг цард кодтой, уымæй фæиппæрд уа æмæ ныллæууа, зонындзинæдтæ æдзух исæн кæм ис, ахæм фæндагыл. Æниу йæ фыд Ефим дæр йæ рæстæджы æнæахуыр лæгыл нымад нæ цыд. Каст фæцис Дзауы районы Хъемултайы хъæууон фæсивæды скъола. Æрыгон уæвгæйæ, акуыста йæ райгуырæн хъæу Котантойы колхозы сæрдарæй, куыста æндæр бæрнон бынæтты дæр. Уыд дзырддзæугæ, йæхимæ бæрндзинад чи æнкъардта, ахæм æмæ йæ адæм агуырдтой кæм ныхасæй æмæ кæм та хъуыддагæй сæ фарсмæ балæууыны тыххæй. Фæстаг хатт ма кæм куыста, уый уыд Цъоны хъæусовет. Куыста йæ сæрдарæй.

Стæй… 29 -аздзыдæй фæраст Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Фæцыд фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл, йæ хæдзары йæ цардæмбал Надяйы æвджид æртæ æнахъом ныууадзгæйæ. Æмæ ма ноджы иуы – Светæйы. Уый нырма гуыбыны уыд…

Ефим цы бынаты куыста æмæ хæстмæ кæцæй ацыд, уырдыгæй йæм хæстмæ æрсидын не ‘мбæлд, фæлæ ацыд йæхи фæндонмæ гæсгæ. Ацыд, зæгъæн ис, хæстæн йæ райдианы. 1941 азы кæрон. Уый размæ, ног ахуыры азы райдианы та Батыры барвыста скъоламæ, бахизын æй кодта фыццаг къласы къæсæрæй. Чи йæ зоны, æрыгон бинонтæн сæ цард куыд бæллиццаг рауадаид, Ефимæн царды йæ базыртæ æххæстæй айтындзын куы бантыстаид, йæ кæстæрты фарсмæ куы уыдаид æмæ сæ царды фæндагыл кæрæдзийы фæдыл сæ къæхтыл куы лæууын кодтаид, уæд. Фæлæ мингай, милуангай йæхихуызæн æрыгон, цардбæллон лæппутау уый дæр бахауд хæсты тугæйдзаг уылæнты хъæбысмæ æмæ… нал ссардта фæндаг йæ хæдзармæ, йæ цардæмбалмæ, йæ рæзгæ хъæбултæм. Æниу… цы загъдæуа хъысмæтæн! Йæ сау гæххæтт уæддæр куы райстаиккой, уæд сæ бон уæддæр базыдтаиккой, фæлæ дзы уый дæр нæ уыд æмæ зæрдæдзурæнты сæ цард æрвыстой. Фæстаг фыстæг дзы Керчæй райстой. Стæй дзы ницыуал хъуыст. Æмæ æрмæстдæр хæсты фæстæ йе ‘мзæххонтæй кæимæ тох кодта æмæ уæлахизимæ чи ‘рыздæхт, уыдонæй фехъуыстой, знæгтæм уацары кæй бахауд. Фæцис сæм хабархæссæг дæр, концентрацион лагеры чи уыдис йемæ, ахæмæй, цалдæр уацайрагимæ лагерæй кæй алыгъдысты, фæлæ сæ нымудзæг кæй фæцис. Асырдтой, дам, сæ фæстейæ, райхъуыстысты, дам, æхсты хъæртæ дæр…

Куыд уыд, цы æрцыд, уымæн ничиуал ницы базыдта. Бæлвырд уый у, æмæ нал сæмбæлд йæ хæдзарыл. Афтæ, æнæ фыдæй хъомыл кодтой сæ мады æвджид йæ хъæбултæ, сæ кæстæр хо Светæ дæр ма сæм бафтыд, афтæмæй. Хæсты агъоммæ, хæсты æмæ хæсты фæстæ азты уæззау цард ныры фæсивæд чингуыты кæсынц, кинонывты уынынц, фæлæ сыл чи рацыд, æрмæстдæр уыдон зонынц, цас удвидардзинад хъуыд равдисын, цæмæй æппæт уыдæттæ сфæразай. Æмæ кæд Батыр уыцы æгъатыр карз, тугæйдзаг  дуджы нырма сывæллон уыдис, уæддæр йæ чысыл зæрдæ æнкъардта, йæ уд æвзæрста, йæ цæст уыдта æппæт уыдæттæ.

Афтæмæй ныллæууыд, йæ фыд æй цы рухс, ахуыры фæндагыл бафтыдта, ууыл. Котантойы хъæумæ схизæны кæй цардысты æмæ йæм хъæуы скъола дæрддзæфдæр кæй уыдис, уымæ гæсгæ згъордта Хъемултайы астæуккаг скъоламæ. Фæлæ та  ам дæр нывыл нæ ацыд йæ ахуыр. Уæды областы скъолаты фыссынад рахизын кодтой гуырдзиаг алфавитмæ æмæ сын уый тынг фæзындæр кодта сæ ахуыры хъуыддаг. Уымæ нæ кæсгæйæ, Батыр уæддæр каст фæцис астæуккаг скъола æмæ 1954 азы йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты (ныры университеты) филологон факультеты ирон хайады.

Æрыгон лæппу æнæнхъæлæджы нæ равзæрста мадæлон æвзаджы фæдыл сахуыр кæнын. Йæ алыварс æрмæстдæр ирон ныхас хъусгæйæ, ирон мыхуырон дзырд йæ царды æмбæлццон суæвгæйæ, йæ туджы ахъардта мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Æмæ аскъуыддзаг кодта, цæмæй йæ амона рæзгæ фæлтæрæн, уарзын сын æй кæна æмæ йыл æнувыд уой. Уыцы бæрнон хæс йæ разы æрæвæргæйæ, æрæвнæлдта йæ педагогон архайдмæ.

Райдианы Батыр куыста йæ райгуырæн хъæуы скъолайы. Цалдæр азы фæстæ рахызт, Хъемултайы астæуккаг скъоламæ – кæм ахуыр кодта йæхæдæг, уырдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, баййæфта дзы, йемæ ацы скъоламæ чи цыдысты, фæлæ ныр хистæркъласонтыл нымад чи цыдысты, ахæмты дæр æмæ сæ разы æрлæууыд, куыд ахуыргæнæг, зондамонæг, афтæ.

Алы æнтыст дæр уарзтæй гуыры. Ца-хæмфæнды дæсныйадыл хæст ма уай – куынæ йæ уарзай, уæд ын æнтыст никуы уыдзæн. Ис не ‘хсæн бирæ ахæм адæймæгтæ, кæцытæ дæсныйад райсынц, сæ фидæны цард куыд хуыздæр скъобор кæной, «æфтиагджындæр» бынатмæ куыд бахауой, уыцы нысанæн. Батырæн ахæм нысан йæ разы никуы лæууыд æмæ абон дæр, йæ царды 85 азы сæрты кæсгæйæ, сæрыстыр у, мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы дæсныйад кæй равзæрста æмæ бирæ сæдæгай æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæн сæ мадæлон æвзаг кæй амыдта, кæй сын æй уарзын кодта, уымæй. Сæрыстыр у, уыдонæй бирæтæ сæ фидæны дæсныйадæн кæй равзæрстой ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы дæсныйад.

Æмæ уыдон та æрмæст Хъемултайы астæуккаг скъолайы рауагъдонтæ нæ уыдысты. Ацы скъолайы дыууадæс ахуыры азы рауагъдонты цардмæ афæндараст кæнгæйæ, кусын райдыдта Цхинвалы æвдæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.

Йæ педагогон архайды йын хорз æнтыстытæ кæй уыдис, уый бахынцыдтой æмбæлон органтæ æмæ йæ æрбахуыдтой кусынмæ Ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонд-дæргæнæн институтмæ дæр кусынмæ. Кусгæ та дзы кодта ирон æвзаг æмæ литературæйæ ахуыргæнæн чингуытæ æмæ ахуыргæнæн программæты фæдыл методистæй. Ам куыстой тематикон нывæстыл дæр æмæ сæ уæрстой иумиагахуырадон скъолатыл. Афтæмæй Батыр йæ фæлтæрддзинад, йæ зонындзинæдтæ парахат кодта, æрмæст кæм куыста, уыцы скъолайы нæ, фæлæ уæды областы æмæ стæй та республикæйы скъолаты ма-дæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыр-гæнджытыл дæр.

Уымæй дарддæр ма уый æнгом куыст кодта, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæ чи арæзта, уыцы автортимæ æмæ сæм хаста йæ фиппаинæгтæ, бараст-кæнинæгтæ. Йæхæдæг дæр куыста ахæм ахуыргæнæн чингуытæ аразыныл. Цæвиттон, йæ рæстæджы Коцты Петримæ рауагътой ахуыргæнæн чиныг ирон литературæйæ 5-æм къласæн. Ацы чиныг уагъд æрцыд æртæ хатты. Нигаимæ (Галуанты Нинæ)  та ахæм ахуыргæнæн чиныг сарæзтой 8-æм къласæн. Ирон æвзаджы синтаксисы чиныг саразыны та Биазырты Алыксандрæн æххуыс кодта фæлтæрæнтæ цæттæ кæныны. Афтæ ма рецензитæ лæвæрдта æндæр ахуыргæнæн чингуытæй ирон æвзагæй æмæ литературæйæ.

Батыр йæ фæлтæрддзинад, йæ зонындзинæдтæ нæ хæлæг кодта йæ коллегæтæн дæр. Ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонд-дæргæнæн институт ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн цы курсытæ организаци кодта, уым сын каст лекцитæ ахуыргæнинæгтæн уроктæ хуыздæр амоныны фæдыл.

Хъыгагæн, рæстæг тагъд згъоры ивгъуыды ‘рдæм, йемæ нын нæ царды бонты иугай хæсгæйæ. Батыр абон кусгæ нал кæны, пенсиисæг у. Куыд ма банысан кодтам, афтæмæй ацы бонты йе 85 азы йæхирдыгæй фесты. Нæ горæты Ногдзауты паркмæ хæстæг цæры æмæ ардæм арæх æрбацæуы, йæхи аирхæфсы. Фембæлы йæ зонгæтыл, йæ раздæры ахуыргæнинæгтыл æмæ семæ адджын ныхас акæны. Ам уæлдай фылдæр вæййынц æнахъом сабитæ сæ ныййарджытимæ, ахуырдзау фæсивæд æмæ сæм æхсызгонæй фæкæсы, хъæлдзæгæй сæ рæстæг кæй æрвитынц. Зын та вæййы йæ зæрдæйæн, искæцы æрыгон адæймагæй æнæуаг ныхас куы фехъусы, æнæуаг ми аразгæ йæ куы фены. Ахæмтæн, æнæмæнг, бауайдзæф кæны æмæ афтæ нæ уыдзæн, уыцы уайдзæф сæ йæ зæрдæмæ мачи айса, æмæ дарддæр йæ уагахаст хуыздæрæрдæм ма фæива. Æмæ уый дæр у кæстæрыл аудын, раст фæндагыл сæ æфтауын.

Царды раст фæндагыл йæ цардæмбал Зинæимæ цайдагъ кодта æмæ бафтыдта йæ дыууæ фырты дæр. Ныр уыдон сæхæдæг цардаразджытæ сты æмæ кæд йæ фарсмæ не сты, уæддæр сын хъусы сæ хорз хабæрттæ æмæ сæ райгонд у.

Зын у царды хорз хъуыддæгтæ аразын, хорз фæд уадзын. Уый баст у адæймагæн йæ уды бæллиццаг миниуджытимæ, цы дæсныйад равзæрстай, ууыл æнувыддзинадимæ, дæхицæй кæддæриддæр фылдæр домынимæ. Цæмæй æндæртæн пайда, æхцон-дзинад хæссай дæ архайдæй, дæ ныхасæй. Батыр уыдонæй йæ активон царды хайджын уыд æмæ сæ абон дæр у хайджын. Уый бирæ азты дæргъы рæзгæ фæлтæры æфтыдта рухс фæндагыл, йæхи фæстæ та рухс фæд уадзгæйæ. Æмæ кæд сгуыхт ахуыргæнæджы ном нæ райста аккаг уæвгæйæ, уæддæр уый сæйраг нæу. Сæйраг у ахæм ахуыргæнæгæй кæй басгуыхт. Уымæн æвдисæн –  йæ педагогон архайд.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.