2010 азы Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникумы базæйыл цытджын æгъдауæй байгом æрцыд бирæпрофилон колледж. Не ‘взонг республикæйæн ацы колледжы байгом уыд æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ 2008 азы августы æгъатыр хæсты фæстиуæгæн пырх æмæ сыгъд æрцыд Цхинвал. Иу уысммæ сæ цæргæ-цæрæнбонты фыдæбон арты æвзæгты  хай баисты, куыд горæт Цхинвалы, афтæ нæ республикæйы районты хъæуты сæдæгай цæрджытæ дæр. Сыгъд æмæ пырх æрцыдысты уагдæттæ, куыстуæттæ дæр. Ныппырхгонд инфраструктурæ, хæдзæртты сæндизын, ногæй саразыны тыххæй та хъуыд алыгъуызон квалификациджын специалисттæ. 2008 азы нæм кæд æххуысмæ фæзындысты æндæр адæмы хаттыты   минæвæрттæ,  уæддæр   дæ  хъуыддагыл дæхæдæг куыд батыхсай, афтæ æцæгæлон, æрцæуæггаг адæймаг кæцæй батыхсдзæн. Бынаты бæрзондквалификациджын кадртæ куы уа, уæд иумиагæй нæ республикæ цырддæр темптæй сæндидздзæн, йæ раздæры хуыз тагъддæр  райсдзæн. Уымæ гæсгæ бирæпрофилон колледжы байгом уыд æнæмæнгхъæуæг.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ цыбыр рæстæгмæ ног ахуырадон уагдон кæй ссис популярон æвзонг адæймæгты ‘хсæн æмæ абон йæ рауагъдонтæ æнтыстджынæй кусынц республикæйы арæзтадон объектты, æндидзынгæнæн процессмæ сæ хайбавæрд хæсгæйæ. 2010 азæй фæстæмæ ацы ахуырадон уагдоны къæсæрæй бирæ æвзонг адæймæгтæ бакъахдзæф кодтой, кæцытæ фæстæмæ колледжы къæсæрæй рахызтысты квалификациджын специалисттæй. Азæй-азмæ фылдæр кæнынц колледжы дæсныйæдтæ, кæцытæм райзæрдæйæ цæуынц куыд æвзонг фæсивæд, афтæ астæуккаг кары адæймæгтæ дæр.

Ацы ахуыры азы Цхинвалы бирæпрофилон колледж цал студенты райста, уый базоныны тыххæй мах бахатыдыстæм уагдоны ахуырады хайы сæргълæууæг Тыбылты Джульеттæмæ:

«Ацы ахуыры аз колледжмæ æрбацыд 158 студенты.  Ацы аз студенттæм фылдæр хъусдард аздæхтам, фаронимæ абаргæйæ æмæ мæ ныфс ис уыдон кæронмæ кæй сахуыр кæндзысты колледжы.  9 кълас каст фæуыны фæстæ нæм æрбацыд 19 студенты, кæцытæ ахуыр кæндзысты цыппар азы дæргъы. Фылдæр нæм ахуыр кæнынмæ æрбацыдысты астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ  æмæ кусгæ чи кæнынц, ахæмтæ дæр. Ивгъуыд аз хæринагаразæг-кондитеры дæсныйадмæ æрбацыдысты 52 адæймаджы, фæлæ ма уыдонæй ахуыры азы кæронмæ баззад 34, иннæтæ ацух æрцыдысты ахуыртæм кæй нæ цыдысты, уый тыххæй. Ацы аз та хæринагаразæг-кондитеры факультетмæ райстам 33 студенты. Уыдонæй бирæ ис сывæллæтты цæхæрадæтты æмæ æндæр рæтты чи кусынц, ахæмтæ. Уыдон уыдысты хæда-хуыр æмæ сæ домдæуыд сæрмагонд дæсныйад райсын, хъуамæ бафидар кодтаиккой сæ квалификаци. Сæ фылдæр кусгæ кæй кæнынц, уымæ гæсгæ сæ уавæры дæр бацæуæм æмæ сæ кæцыдæр лекцитæй ссæрибар кæнæм, цæмæй сæ куыстæй ма фæиппæрд уой.

11 къласы бындурыл нæм ахуыр кæ-нынмæ æрбацыд 139 адæймаджы алы факультеттæм. Колледжы ис 11 факультеты. Иууыл фылдæр студенттæ ис хæринагаразæг-кондитеры факультеты, цыран ахуыры æмгъуыд у 10 мæйы. Уыдон райсдзысты дипломтæ æмæ сын сæрибарæй уыдзæн кусыны бар сæ дæсныйады фæдыл. 11 къласы бындурыл нæм ис арæзтад æмæ арæзтæдты эксплуатацийы факультет. Ам та ахуыр кæны 14 студенты, сæ фылдæр сты лæппутæ. Абон ацы факультеттæ сты уæлдай хъæуæгдæр Хуссар Ирыстоны. Ис нæм ахæм студенттæ дæр, кæцытæ уыцы-иу рæстæджы кæнынц кусгæ дæр æмæ ахуыр дæр. Уыдонæн сæ фылдæр ныртæккæ кусынц паддзахадон театры бæстыхайы арæзтады. Уыдон колледжмæ æрбацыдысты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ. Ис ма нæм электромонтажон  факультет,  кæцыйы ахуыры æмгъуыд у 10 мæйы.  Ацы факультеты дæр ис ахæм студенттæ, кæцытæ кæнынц кусгæ дæр æмæ ахуыр дæр.  Ныртæккæ у ахæм рæстæг æмæ домынц, цæмæй сæрмагонд ахуырад уа, цы куыст кæнынц, уый фæдыл.

Хуыйджыты  факультеты дæр ахуыр кæнынц, кусгæ чи кæнынц, ахæм студенттæ.  30-45 азы кæуыл цæуы, уыцы кары адæм нæм тынгдæр цæуынц.  Уыдон уæлдай  бæрнондæр  ахаст  дарынц сæ хъуыддагмæ.  Автомеханикы факультет дæр у тынг хорз дæсныйад.  Уым та ахуыр кæнынц 14 адæймаджы, ахуыры æмгъуыд у 10 мæйы. Колледжы ахуыргæнджытæ бындурон зонындзинæдтæ дæттынц куыд теорийæ, афтæ практикæйæ дæр. Практикон ахуыртæн стыр ахъаз фесты æрма-дзтæ баконд кæй æрцыдысты, уый дæр, кæцытæ дзуапп дæттынц æппæт нырыккон домæнтæн. Æрмадзты студенттимæ кусынц бæрзондквалификациджын специалисттæ.

Студенттæн сæ фылдæр хай сты горæтæй, ацы аз нæм æрбацыд Ленингорæй дæр, фæлæ нын æмдзæрæндон нæй, лигъдæттæ дзы кæй цæрынц, уымæ гæсгæ. Фарон дзы дыууæ хатæны ссæрибар кæнын кодтам æмæ сæ сцалцæг кодтам. Ацы ахуыры аз нæм фæзынд студенттæ, кæцыты хъæуы æмдзæрæндон. Ацы дыууæ хатæны цæрынц Къуайсайæ æмæ Ленингорæй 4 адæймаджы. Студенттæй бирæтæ кусынц æрмæст арæзтадон объектты нæ, фæлæ барадхъахъхъæнæг органты дæр. Цæмæй райсой уæ-лæмхас ахуырад, кæцы сæ хъæуы сæ куысты. Æртæ азы æмæ 10 мæйы, дыууæ азы æмæ 10 мæйы цы факультетты ахуыр кæнынц, уыдонæн йæ ахуыры æмвæзад у бирæ хуыздæр.  Æртæ азы æмæ 10 мæйы у æнæххæст уæлдæр ахуырады бындурыл. Иу афæдзы æмгъуыд цы факультетты ис, уырдæм цæуынц бирæ фылдæр студенттæ, фæнды сæ, цæмæй тагъддæр райсой дæсныйад. Студенттæ боны дæргъы иу хатт хæрынц æнæаргъæй дыккаг лекцийы фæстæ»,- радзырдта нын уагдоны ахуыры хайы сæргълæууæг Тыбылты Джульеттæ.

Колледжы студенттæ азæй-аз фылдæр кæй кæнынц, уымæн ахъаз кæны, æрвылаз дæр майы мæйы гом дуæртты бон кæй саразынц, уый. Уырдæм хуынд æрцæуынц Республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ бынаты базонгæ вæййынц алыгъуызон дæсныйæдты архайдимæ, æрмадзтæм сæ бакæнгæйæ. 2017 азы 18 майы дæр Цхинвалы бирæпрофилон колледжы уыд гом дуæртты бон, кæцымæ æрбацыдысты бирæнымæц ахуыргæнинæгтæ. Уыдонæн ма экскурси сарæзтой ахуырадон корпусмæ дæр. Гом дуæртты боны нысан уыд, цæмæй нæ Республикæйы скъолаты рауагъдонтæ равзарой сæ фидæны дæсныйад æмæ сæ ахуырад адарддæр кæной Цхинвалы бирæпрофилон колледжы.

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.