ДУНЕОН ЭКОНОМИКОН ФОРУМ

Петербурджы дунеон экономикон форумæн ацы аз йæ бон ссис йæ къухты ног рекордтæ бафтын кæнын, саразгæ сразыдзинæдтæ æмæ йæ хайадисджыты нымæцмæ гæсгæ. Цыппар боны дæргъы уагъд цыдысты панелон сесситæ æмæ дискусситæ. Форум ногæй бафидар кодта йæ нысаниуæг Уæрæсейы экономикон фæзуаты, цыран къухтæ фыст æрцæуынц иууыл фылдæр сразыдзинæдтыл. Уæрæсемæ дунейы кæй цымыдис кæнынц, уый бæрæг у уымæй дæр æмæ форумы хайад кæй райстой 145 бæстæйæ, 17 мин хайадисæджы. Форумы пленарон рабадты раныхас кодта УФ-йы Президент Владимир Путин.

НОГÆЙ ТА ФЕМБÆЛДЫСТЫ МИЛЛЕРИМÆ

Украинæйы «Оппозиционная платформа – За жизнь»-ы бындурæвæрæг Юрий Бойко æмæ партийы политикон советы сæрдар Виктор Медведчукæн баныхæстæ уыд «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллеримæ. Фембæлды рæстæджы уыдон æруынаффæ кодтой Украинæ æмæ Уæрæсейы газы фадыджы æмгуыстадыл æмæ украинæйаг фæлхасгæнджытæн газы аргъ фæкъаддæр кæныны дарддæры къахдзæфтыл.

АЦЫД КОНСЕРВАТИВОН ПАРТИЙЫ ЛИДЕРЫ БЫНАТÆЙ

Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэй ацыд консервативон партийы лидеры бынатæй. Мэй бæстæйы премьер-министрæй баззайдзæн, цалынмæ йæ чи раива, уыцы кандидаты сæвзарой, уæдмæ. Тереза Мэй куы фехъусын кодта, партийы лидеры бынатæй, отставкæйы ацæуыны тыххæй, уæд комитеты къухдариуæгады фæхуыдта партийы уæнгты æвзæрстытæм, партийы ног сæргълæууæг раразмæ кæныны тыххæй. Кандидаттæ раразмæ кæныны процедурæйы æмгъуыд уыд 10-æм июны онг.

БАДЗЫРДТОЙ КЪАМИС САРАЗЫНЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсейы транспорты министр Евгений Дитрих æмæ Эстонийы экономикæ æмæ инфраструктурæйы министр Таави Аас Санкт-Петербурджы уагъдцæуæг дунеон экономикон форумы фæлгæтты бадзырдтой дыууæварсон транспортон къамис сног кæныны тыххæй. Аас банысан кодта, зæгъгæ, уый уыд фыццаг фембæлд ахæм æмвæзадыл дæргъвæтин рæстæджы дæргъы æмæ, зæгъ,  Уæрæсе æмæ Эстонийы ‘хсæн уайтагъд транзит нæ райдайдзæн. Фæлæ, зæгъ, тынг ахсджиаг у нæ иумиаг æхсæнпаддзахадон транзитон къамис сæндидзын кæныны тыххæй кæй бадзырдтам, уый. Дарддæры къахдзæфтыл уынаффæ кæндзысты ацы къамисы фæлгæтты.

ÆХСТОЙ ГОРЛОВКАЙЫ

Донецкы Адæмон Республикæйы горæт Горловкайы æхстой украинæйаг тыхон структурæтæ. Уый фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой цалдæр хæдзары æмæ автокооператив «Союз». Поселок Доломитный баззад æнæ рухсæй. Конфликты размæ горæты цард 250 мин адæймаджы. Ам ис машинæтæаразæн завод æмæ химзавод «Стироп», кæцы йæ куыст æрурæдта Донбассы хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд.

РАЙСДЗÆН С-400

Уæрæсейаг зенитон-ракетон комплекстæ С – 400 Туркмæ ласын райдайдзысты дыууæ мæйы фæстæ. Иугонд Штаттæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, С-400 системæтæ æмбæлон не сты НАТО-йы стандарттæн. Турк иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодта, зæгъгæ, С-400 тæссагдзинад нæ хæссынц æмæ, зæгъ, Анкара уæддæр балхæндзæн С-400.

ÆНÆÆДЗУХОН УÆНГТÆ

ИНО-йы Генералон Ассамблея сæвзæрста æдасдзинады советы фондз æнææдзухон уæнджы. Уыдон сты Вьетнам, Нигер, Тунис, Эстони æмæ Сент-Винсент æмæ Гренадины. ИНО-йы Æдасдзинады совет у æдзухархайæг орган, кæцыйыл сæйраг бæрндзинад æвæрд цæуы дунейы æдасдзинад бахъахъхъæныны. Советы рабадтыты хайад исынц 15 бæстæйы  фондз бæстæйы сты ветойы бартимæ, фондз æдзухон уæнджы (Уæрæсе, АИШ, Стыбритани, Китай æмæ Франц) æмæ дæс æнæ æдзухон бæстæйы, кæцытæ æвзæрст цæуынц дыууæ азмæ.

ИММИГРАЦИЙЫ ФÆДЫЛ СРАЗЫДЗИНАД

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Мексикæмæ ахасты фиддонтæ нал бакæндзæн, уымæн æмæ, зæгъ, нæ къухты бафтыд ацы бæстæимæ сразыдзинад саразын æнæлегалон иммиграцийы ныхмæ тох кæныны æмæ базарады фæдыл. Мексикæ Иугонд Штаттæн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, фæндвидар мадзæлттæ исдзысты иммигранты ныхмæ, кæцытæ цæуынц Мексикæйыл АИШ-ы хуссар арæнтæм. 

РАЗВÆЛГЪАУ ЗОНÆНТÆ

9-æм июны Казахастаны уагъд æрцыдысты президентон æвзæрстытæ. Президенты бынатмæ кандидатты нымæц уыд авд адæймаджы. Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ æвзарджыты 70 проценты схъæлæс кодтой бæстæйы ныртæккæйы лидер Касым-Жомарт Токаевæн.

ПОЛИТИКОН КРИЗИС

Молдавийы ис политикон кризис. Республикæйы премьер Майя Санду фехъусын кодта, зæгъгæ, парламент æмæ хицауад нæ сæххæст кæндзысты конституцион тæрхондоны уынаффæтæ, уымæн æмæ, зæгъ, уыдон сты æнæзакъонон. 9-æм июны Конституцион тæрхондон рæстæгмæ аиуварс кодта бæстæйы президент Игорь Додоны æмæ йын йæ бынатмæ снысан кодта демократон партийы вице-сæрдар Павел Филипы, цæмæй уый йæ къух æрфысса барамындыл парламенты ауагъды æмæ æмгъуыдæй раздæр æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй. Депутаттæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, нæ фæнд кæнынц сæ куыст æруромын. Бæстæйы фактон æгъдауæй ис дывæр хицауад. Президент Игорь Додон Конституцион тæрхондоны архайдтытæ схуыдта хицауады узурпаци. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый цæттæ у цауты цахæмфæнды рæзтмæ дæр.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.