Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Æппæтуæрæсейон политикон парти «Иууон Уæрæсе»-йы уæнгтимæ, кæцытæ нæ бæстæмæ æрцыдысты Республикон политикон парти «Иугонд Ир»-имæ дыууæфарсон æхсæнпартион сразыдзинад бафыссыны нысанæн æмæ партийы радон съезды хайад райсынмæ.

Делегацийы сконды уыдысты Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы Советы сæрдары фыццаг хæдивæг, парти «Иууон Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар Андрей Турчак, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутаттæ Дмитри Саблин, Андрей Карелин æмæ Андрей Красов.

Фембæлды ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ пар-ламентон комитетты сæргълæуджытæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли бузныг загъта мадзалы хайадисджытæн сæ хъусдард æмæ иузæрдион ахасты фæдыл. Банысан кодта дыууæ партиты æхсæн сразыдзинады егъау нысаниуæг, зæгъгæ, уый здæхт уыдзæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны дыууæ размæдзыд партиты æнгом æмархайдмæ.

«Парти «Иугонд Ир»-ы радон съезд суыдзæн ахсджиаг цау, цыран раразмæгонд æрцæудзæн президенты бынатмæ кандидат. Æмæ уыцы цауты уæ хайадистæн уыдзæн ноджы стырдæр нысаниуæг», – банысан кодта Президент.

УФ-йы Федерацийы Советы уæнг Андрей Турчак банысан кодта, æхсызгон ын кæй у, ахæм нысаниуæгджын бон Хуссар Ирыстоны кæй ис, уый æмæ ныфс бавæрдта, съезды кæй рахæцдзæн Бибылты Анатолийы кандидатурæйы фарс.

«Рауæрæхгонд делегацийæ абон мах хайад райсдзыстæм дыууæ егъау цауы – «Иууон Уæрæсе» æмæ «Иугонд Ир»-ы æхсæн сразыдзинад бафыссын æмæ съезды делегаттæ кæй рахæцдзысты президенты бынатмæ Бибылты Анатолийы кандидатурæйы фарс», – дзырдта ныхасгæнæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, партиты æхсæн сразыдзинад ноджыдæр ахъазгæнæг уыдзæн Хуссар Ирыстоны иууыл ахсджиагдæр хæстæ бæстон кæнын – цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн.

Уæрæсейы Федерацийы руаджы социалон-экономикон рæзты инвестицион программæ реали-зацийы фæдыл Турчак банысан кодта, зæгъгæ, программæ егъау у, куыд финанскæнынадæй, афтæ социалон фадыджы æмæ республикæйы экономикæйы объектты нымæцмæ гæсгæ. Æппæт уыдон здæхт сты республикæйы æмбæстæгты царды гъæд фæхуыздæр кæнынмæ. Ныфс бавæрдта, ацы хъуыддаджы кæй уыдзысты нæ фарсмæ.

Андрей Турчак ма уæрæсейаг парти «Иууон Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитри Медведевы номæй арфæ ракодта Бибылты Анатолийæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.