Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бахæс кодта Генералон прокуратурæйæн, цæмæй басгарой Æнæниздзинад хъахъхъæныны объектты пациентты æмæ æмбæстæгты хатырон категориты хосгæнæн ифтонгад.

Паддзахады сæргълæууæг йæхимæ райста Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы æмæ æрдомдта, цæмæй ауадзой æххæст басгæрст.

«Æз сахуыр кодтон дæ фыстæг координацион æмбырды фæстиуджыты тыххæй Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æмæ медикаменттæм ахасты, кæцытæ æлхæны паддзахад. Махæн 2016 азы медикаментты тыххæй хицæн æрцыд 125 милуан  750 мин сомы, 2019 азы та 184 милуан сомы, кæцы у 60 милуан сомы фылдæр. Уыимæ иумæ, 2016 азы 9 мæйы дæргъы пациентты нымæц стационарты уыд 11 399 адæймаджы, 2019 азы та ахæм периоды 7900 адæймаджы, 2017 азы хатыронты нымæц уыд 5431 адæймаджы, 2019 азы та 4900 адæймаджы. Мах уынæм, æхцайы фæрæзтæ кæд фылдæр хицæн цæуы, æмæ пациенттæ, кæцытæ бахатынц рынчындонмæ,  сты къаддæр, уæддæр хосгæнæн препараттæ нæ фаг кæнынц не ‘мбæстæгтæн. Мæн фæнды, цæмæй сымах басгарат алкæцы этап дæр: хосгæнæн препаратты ифтонгад, сæ æфснайын, дих кæнын суанг хицæн къорды рынчынтæн радтыны онг», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, прокуратурæйы куысты гуырахст уыдзæн егъау, фæлæ паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, нæй гæнæн, цæмæй махæн финансон фæрæзтæ серьезонæй фылдæр кæнгæйæ, нæ бон ма уа æмбæстæгты раз нæ хæстæ æххæст кæнын, уыдон  медицинон хостæй ифтонг кæнын.

Президент Дзæгъиаты Уырызмæгæн бахæс кодта, цæмæй уавæр алыварсонæй сахуыр кæнынæн цы æнæмæнгхъæуæг стуктурæтæ хъæуы, уыдонæй спайда кæной: Мидхъуыддæгты министрад, Паддзахадон æдасдзинады комитет, контролон-нымайæн палатæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддаг кæй уыдзæн йæхи сæрмагонд контролы бын.

«Ацы куыст хъуамæ уагъд æрцæуа æввахс рæстæджы, æмæ æппæт æрмæджытæ дæр хъуамæ æвдыст æрцæуой мæнæн. Кæд дзы аххосджынтæ ис, уæд уыдон хъæуы бæрндзинадмæ æркæнын, цы бынаты кусынц, уымæ нæ кæсгæйæ: дохтыр уа, санитар уа, Æнæниздзинад хъахъхъæныны къухдариуæгад уа кæнæ хосгæнæн препараттæ чи æрвиты уыдон», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент бахæс кодта, цæмæй уæлдай хъусдард аздахой æмбæстæгты хатырон категоритæм, кæцыты хъæуы æдзух хос кæнын æмæ рынчындæтты æмæ поликлиникæты хардзон æрмæджытæй сифтонг кæнын.

Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ, æмбырды фæстиуджыты бындурыл, кæцытæ уагъд æрцыдысты прокуратурæйы æмæ цыран уыдысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр, йæ хæдивæг, бухгалтери, зæгъæн ис, кæд рынчынтæ фæкъаддæр сты, кæцытæ цæуынц стационарон æмæ амбулаторон хоскæнынад, афтæмæй бюджет фæфылдæр, кæцы хицæн цæуы хосгæнæн препараттæ æлхæнынæн, уæддæр рынчынтæ хъаст кæнынц  æнæниздзинад хъахъхъæныны объектты хосты хъуагдзинадæй.

Уый ныфс бавæрдта Президентæн, уæлдай, конкретон фæстиуджытæ   кæй æрбавдисдзæн дыууæ къуырийы фæстæ.

Фембæлды кæрон, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, æмбæстæгты æнæниздзинад ис приоритеты æмæ паддзахад хъуамæ лæмбынæг æмбара, кæдæм цæуынц хостæ, Хуссар Ирыстоны адæмы æхцатæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.