Хи бахъахъхъæнынæн бирæ алыгъуызон фæрæзтæ ис. Кæддæр, дард рагзаманты адæймаг ныфс æвæрдта æрмæстдæр йæ тых, йæ хъарутæ. Фæстæдæр йæ къухмæ райста лæдзæг, æрымысыд арц, æндæр хуымæтæджы хæцæнгæрзтæ æмæ сæ пайда кæнын райдыдта, æрмæст хи хъахъхъæнынæн нæ, фæлæ ма искæмæй исты байсыны тыххæй дæр. Афтæ адæмты ‘хсæн зынын райдыдтой чысыл хæстытæ, стыр хæстытæ, дунеон хæстытæ æмæ сæ цагъды кодтой, кæнынц æмæ, хъыгагæн, æвæццæгæн, кæндзысты адæмтæн сæ равзаргæдæртæ.

Дунеон историйы ацы мæгуырау фæзындæй иуварс нæ лæууыдысты ирон адæм дæр. Се ‘хсаргарды зæлланг бирæ бæстæты тохы быдырæй зæлыд, сæ цирхъы бырынкъæй адзал ардтой знæгтæ. Хæххон карз уавæрты цæргæйæ дæр уыдон хызт нæ уыдысты хæсты тасдзинадæй. Тыхы дуджы тыхбахастæн æнæ гæнгæ нæй. Уый рагзамантæй фæстæмæ царды æнæфыст закъон у – æдыхдæры тыхджындæр куынæ хъахъхъæна, уæд æй æндæр тыхджындæр цъист, дæлдзиныг кæны, йæ бартæ йын исы, тыхджын-дæры фæфæнды, цæмæй æдыхдæрыл йæ бар цæуы.

Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ чысылны-мæц ирон адæм, царды уæззау уаргъ хæсгæйæ стыр нысаниуæг лæвæрдтой сæ æдасдзинад хъахъхъæнынæн дæр. Уый æрмæстдæр сæхицæй кæнгæ уыд, уымæ гæсгæ сæйраг хихъахъхъæнынæн фæрæзыл нымадтой мæсыг.

Мæсгуытæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цалдæр хуызы уыдысты, фæлæ сæйраг уæддæр, æвæццæгæн, хæстон мæсыг уыдис, кæцы дзуапп лæвæрдта æддагон знæгтæн ныхкъуырд радтыны, хи сæ бахъахъхъæныны домæнтæн. Хъахъхъæнæн мæсыг арæзтой кæмттæм, хъæутæм бахизæнты уæлвонг, стратегион бынæтты. Уырдыгæй, йæ сæрыл ын арт скæнгæйæ, æндæр æмæ хъæуты цæрджытæн хъусын кодтой тæссаг рæстæджы. Ахæм мæсыгæй сæ хъус дардтой знаджы змæлдмæ, уыимæ ма тохы рæстæджы уыд сæ ныфс. Уыд цæрæн мæсыг дæр, кæцыйæ бахъуыды рæстæджы пайда кодтой, куыд хæстон мæсыг, афтæ.

Хохаг ирæттæ ма арæзтой æндæр хуыз мæсгуытæ дæр. Ахæм уыд гæнах, кæцы конд уыд æртæ-цыппар уæладзыгæй. Бинонтæ куыд фылдæр кодтой, афтæ гæнахмæ æфтыдтой ног арæзтадтæ æмæ-иу дзы æрцардысты ног бинонтæ. Гæнахмæ абаргæйæ, галуан дардылдæр уыдис. Хъахъхъæнæн мæсыгæй дарддæр ам уыдис цæрæн æмæ хæдзарадон бæстыхæйттæ дæр. Галуаны алыварс уыд дурæйамад бæрзонд æмбонд.

Цæмæн ракодтам сæ кой? Иуæй сæ алчи нал зоны, иннæмæй та иууылдæр кæй уыдис хъахъхъæнынæн нысаниуæг бахъуыды рæстæджы.

Стæм хъæу разындаид, мæсыг кæмæн нæ уыдис. Уый уыдис, æгæрыстæмæй, хицæн сых, иу артæй чи байуæрстой, ахæмтæн дæр. Æмæ абоны онг Ирыстоны    къуымты уыдонæй бирæтæ  сæ дуджы æвдисæнтæ – æмырæй лæууынц. Чи дзы дуджы уадтымыгътæн бафæрæзта æмæ куыд сарæзтой, афтæмæй лæууынц, кæмæн дзы йæ систæ æрызгъæл-дысты, кæмæн та йæ фæд дæр нал зыны. Кæддæр ахсджиаг хъахъхъæнæн нысаниуæг кæмæн уыд, уыдон сæ дуджы аивгъуыдимæ фесæфтой сæ уыцы нысаниуæг æмæ ныр нæ цæстыты раз лæууынц, куыд ивгъуыд дуджы цыртдзæвæнтæ.

Абон бирæ дзырд цæуы, кæддæр адæмы хъахъхъæнæг чи уыдысты, сæхи бахъахъхъæныныл, чи пырх кæнынц, уыдонæн сæ раздæры хуыз радтыныл. Ацы здæхты куыст цæуы Цæгат Ирыстоны – хицæн мыггæгтæ сæндидзын кодтой сæ мæсгуыты. Уый хорз хъуыддаг у. Фæлæ мæсгуыты дугæй абоны дугмæ куы рахизæм, уæд æвзæры фарст: ныр та мах цахæм мæсгуытæ, кæнæ мæсыг амайын хъæуы. Зæронд мæсгуытæ сæ историон хæс бафыстой – хъахъхъæдтой, чи сæ арæзтой, уыцы хъæуы цæрджыты хæддзу знагæй. Уæд æндæр гæнæн нæ уыд –  нæ уыд, æгас адæмы чи хъахъхъæдтаид, ахæм æфсад саразынæн æмæ схотыхджын кæнын. адæм цардысты хъæугай, комгай æмæ уымæй дарддæр цы цыдис, уымæ тынг нæ цымыдис кодтой, кæрæдзимæ кæй не ‘фтыдысты, уымæ гæсгæ. Абон Ирыстоны нæ, фæлæ дунейы æппæт рæтты дæр цы цæуы, уый алы цæрæг дæр зоны. Цард куыд фæивта, афтæ фæивтой хи бахъахъхъæныны амæлттæ дæр. Дзырд ацы ахсджиаг хъуыддагыл куы цæуа, уæд хицæн хъæуты æдасдзинад боны фæткæй ист æрцыд æмæ рахызт иумиагнацион проблемæмæ. Проблемæ та ис – уый нын фенын кодта нæ ногдæр истори, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр.

Ивгъуыд, мæсгуыты дугæй хъауджыдæр ма нацийы раз слæууыд æндæр вазыгджын фарст дæр – ныры глобализацийы дуджы нæхи куыд бахъахъхъæнæм æрмæст физикон æгъдауæй нæ, фæлæ нæ национ миниуджыты дæр, ома, æн-дæр нацитæй, цæмæй æндæр ахæмтæ, уыдон – æвзаг, культурæ, æгъдæуттæ, традицитæ æмæ æндæр ахæмтæ. Иу ныхасæй, нæ удварны хæзнатæ. Нæ фыдæлтæм уыцы проблемæ сæ разы никуы лæууыд царды компактонæй, æндæр адæмтимæ бастдзинæдтæ уыдысты лæмæгъ, кæрæдзимæ не ‘фтыдысты æмæ афтæмæй се ‘взаг, се ‘гъдæуттыл фидар хæцыдысты. Уыдон уарзын æмæ сын аргъ кæныны æнкъарæнтыл хъомыл кæнын нæ хъуыд сæ кæстæрты – цæвиттон сæ истой æмæ афтæмæй фæлтæрæй фæлтæрмæ цыдысты. Ныр нæ тагъдивæг дуджы сæ ахадындзинад нæ адæмы ‘хсæн ныллæгдæр кæны, ис ахæм ирон бинонтæ, кæцытæ сыл сæ къух æнцонæй исынц.

Уæдæ нæ фыдæлтæ кæд сæхи æр-мæст физикон æгъдауæй бахъахъхъæ-ныныл тыхстысты, уæд ныр та тæссаг у нæ удварны хæзнатæ дæр фесафынæй.

Мах чысылнымæц адæм стæм æмæ нæ бон нæу хъомысджын æфсад саразын, кæцы ныхмæ фæлæууа хъомысджындæр бæстæйы тыхбахасты ныхмæ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ иу æнусы дæргъы бафæлвæрдæуыд хуссайраг ирæтты физикон æгъдауæй скуынæг кæнынмæ – 1920 азы æмæ уыцы æнусы 90-æм азты, кæцыйæн кæрон æрцыд 2008 азы. Фыццаг хатт сырд æрцыдысты сæ уæзгуытæй æмæ фæстæмæ æрыздæхыны фадат фæцис, Уæрæсейы 11-æм арми Гуыдзыстоны меньшевикты куы ныппырх кодта, уæд. Дыккаг хатт та дæргъвæтин хæстæн кæ-рон æрцыд, Уæрæсе Гуырдзыстоны 2008 азы августы тыхæй сабырадмæ куы æр-кодта, уæд. Дыууæ хатты дæр – Уæрæсе. Æмæ абон куыд хъахъхъæнынады, афтæ æндæр къабæзты дæр не ‘хсæн æнгом æмгуысткæнынад кæй ис, уый нæ æу-уæндын кæны нæ сомбоныл. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ нæхицæн нæ дзул лæвæрд фæцис. Хъæуы фидар кæнын нæхи гарзджын тыхты дæр. Агурын хъæуы æндæр фадæттæ дæр, цæмæй фæлхатт макуыуал æрцæуа нæ адæмы ных-мæ геноциды акт. Уыимæ иумæ бирæ кусын хъæуы нæ удварны хæзнатæ бахъахъхъæныныл. Уыдон æнусты дæргъы фæлтæрæй фæлтæрмæ цыдысты махмæ æмæ нын бар нæй уыдонмæ æвæлмас ахаст дарын. Уыдон хъуамæ алкæйы уды, зонды, хъуыдыйы хъуамæ уой æмæ сæ нæ царды пайда кæнæм, хæссæм сæ адæмы размæ, нæ кæстæрты сыл хъомыл кæнæм. Сусæггаг нæу, ацы хъуыддаджы алцы йæ уагыл кæй нæу. Фаг хъусдард не здахæм æвзаджы сыгъдæгдзинадмæ, ирон хорз æгъдæуттæ, традицитæй бирæтæн зыгъуыммæ кæнæм сæ ми-дис, кæрæдзийæн æцæгæлондæр кæнæм, кæрæдзийы рис фаг нал æнкъа-рæм…

О, дуне нæ цæстыты раз ивы, ивы нæ цард дæр. Мæсгуыты дур аивта æмæ уый фæстæмæ нал раздæхдзæнис, куыд нал раздæхдзæнис уыцы дуджы нæ адæмы цард, афтæ. Нæ фыдæлтæ цы æнæфыст закъæттæм гæсгæ цардысты, уыдон амад уыдысты рæстдзинады, иумæйагадæймагон æргъадты бындурыл æмæ уыдон та адæймагады царды æнæивгæ сты. Уыимæ иумæ алы адæмæн дæр ис, æндæр адæмтæй цæмæй хицæн кæнынц, ахæм миниуджытæ, æгъдæуттæ æмæ сæ хайджын стæм мах дæр. Нæ хæс у уыдоны хъахъхъæнын. Æмæ сæ цæмæ хъахъхъæнæм, уый тыххæй мах амайæм æндæр мæсыг. Ахæм мæсыг, кæцы хъахъхъæна хицæн хъæуы, хицæн комбæсты цæрджыты нæ, фæлæ æгас адæмы. Хъахъхъæна сæ физикон æгъдауæй, хъахъхъæна сын сæ удварны хæзнатæ. Куыд æй аразæм, цас нын æнтысы уыцы хъуыддаджы, уый нырма зын зæгъæн у, фæлæ йыл уæхскуæзæйдæр кæй хъæуы кусын, уый бæлвырд у. Нæ дуне æгъатыр у, тых йæхи ноджы тыхджындæр зонын кæны æмæ ахæм дунейы та чысыл нацитæн зындæр у хи бавæрын, хи бахъахъхъæнын. Нæ мæсыг хъуамæ ахæм уа, æмæ нæ хъахъхъæна фыдбылызæй, цæмæй наци цæра æмæ йæ удварн бæрзонддæр кæна.

Ивгъуыд дуджы мæсыгамайджытæ хицæн адæймæгтæ уыдысты, нæ абоны мæсыджы та æгас адæм амайынц. Ивгъуыд дуджы мæсгуытӕ бирӕ уыдысты ӕмӕ дзы бирӕтыл абон дæр цæст схæцы. Нæ абоны мæсыг иу у, уый цæст нæ уыны,  нӕй йын уырзтӕй басгарӕн, дурӕй самайӕн – уый тыххӕй у зын амайӕн. Фæлæ йæ хъӕуы аразын, амайын – ӕмзонд, ӕмвӕндӕй. Куыд æй аразæм, национ проблемæтæ куыд скъуыддзаг кæнæм, ахæм уыдзæнис æмæ йын аргъгæнæг та уыдзысты фидæны фæлтæртæ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.