МÆСЫГÆМÆ… ÆГАД УÆВЫН

Нæ бынæттон телеуынынады фæстаг хабæрттæй дарддæр бирæ цымыдисон алæвæрдтæ вæййы æмæ сæм æхсызгонæй фæкæсын. Куыд ацæргæ адæймаг, афтæ мæм уæлдай цымыдис æвзæрын кæнынц ирон æгъдæуттæ, нæ хъæуты историйыл дзырд кæм фæцæуы, ахæм алæвæрдтæ.

Ирон æгъдæутты раздæр куыд æххæст кодтой æмæ сæ абон дæр куыд æххæст кæнынц, уыдон мын æнæзонгæ не сты æмæ хъыгаг у, нæ фыдæлты бирæ хорз æгъдæутты абон, куыд æмбæлы, афтæ кæй нал хъахъхъæнæм, сæ мидис цасдæрбæрцæй кæй сафынц. Уæдæ нæ хъæуты тыххæй алæвæрдтæм кæсгæйæ дæр адæймаг æхцондзинад цæмæй райса, уый сæ бирæ ницыуал вæййы. Адæймаг байхъусы, раздæр иу кæнæ иннæ хъæу цавæр нæргæ уыд æмæ ныр та куыд сихсыдис. Хъыгагæн, абон ахæм уавæры ис мæ райгуырæн Сыгъдты хъæу дæр…

Фæлæ мæ ныхасы сæр ныртæккæ уыдæттыл нæу, кæд нæ ивгъуыд цардмæ хауы, уæддæр. Амæйразмæ хъуыстон мæсгуыты тыххæй алæвæрдтæм æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, фæлæ дзы уыдис ахæм ныхæстæ: «Уыцы рæстæджы мæсыг цы мыггагæн нæ уыдис, уыцы мыггаг нымад уыдис æгадыл». Мæнмæ тынг фæдис кастис æмæ йыл тынг бирæ фæхъуыды кодтон æмæ загътон мæхицæн, ацы хабар хъуамæ базонат.

Æз нæ университеты сæмбæлдтæн зынгæ историк, профессор  Гаглойты Юрийыл æмæ йæ бафарстон, мæсыг цы мыггагæн нæ уыдис, уыцы мыггаг æгадыл нымад уыдис æцæгæй æви нæ?

Гаглойы фырт загъта, зæгъгæ, æз никуы фембæлдтæн нæдæр историйы, нæдæр – литературæйы, ахæм хъуыды кæм бæлвырд кæнынц.

Афтæ ма бафарстон зынгæ фыссæг Хъазиты Мелитоны, профессортæ Плиты Гацыр æмæ Хуыгаты Ильяйы дæр æмæ уыдон дæр загътой, зæгъгæ, никуы æмæ никæмæй фехъуыстам ахæм хабар æмæ мæсыг кæмæн нæй, уыцы мыггаг æгадыл нымад уа.

Уæдæ кæд афтæ у, уæд ма уыцы ныхæсты автор æндæр хъуыды цæмæн хъары телекæсджытæн?

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ иу кæнæ цалдæр адæймаджы схонай æгад, фæлæ æнæхъæн мыггаджы афтæ рахонын раст нæу. Цæвиттон, Къæбысты мыггагæн мæсыг нæ уыд (йæ сæр дæр сæ нæ хъуыд) æмæ уый тыххæй цæмæй æгад мыггаг уыдысты æмæ сты?

Къæбысты Павел

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.