Дзырдæппарæн

Диссагæн лæг цынæ фены! Ныр та ирон æвзаджы хъысмæт рабар-бабар чи кæны, уыдоны ‘хсæн разынд ахæм Хæныкъайы дæснытæ, æмæ сæм баст хæрæг дæр нæ ныллæудзæн! Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæнын тынг зын у. Уый иннæ æвзæгтæй хъауджыдæр у зын базонæн, тасындзæг æмæ дзы ифтындзæг кæй ис, уый аххосæй. Цæмæн хъæуы хауæнтæ ирон æвзаджы, зæгъгæ, додой кæнынц! Нæ зонын, ахæмтæ иннæ æвзæгтæ цас хорз зонынц, уый, фæлæ мæм афтæ кæсы, уыцы адæм кæрдойы бын куы хуыссиккой, æмæ кæрдотæ сæ дзыхмæ куы кæликкой, уый сæ фæнды. Æмæ ахæм цард Сахы фыртæн дæр нæй, мæ зивæггæнаг хæлæрттæ! Нæ мадæлон æвзаг ныртæккæ цы уавæры ис, уымæй ма афтæтæ дзур, уымæй дæр æгас дзыллæты раз æргомæй, уый зонды нысан куыд уыдзæн! Æниу, æвзаджы грамматикæ куынæ зонай, уæд æй куыд базонæн ис, уый ма мын исчи бамбарын кæнæд. Æви нырмæ кæсын-фыссын æнæмæнг уыди, ныр уый дæр нал хъæуы, растфыссынад æмæ ныхасы культурæ ныр хъуамæ иуварс аппарæм æмæ дыгъал-дыгъул кæнæм, нæ дзырды мауал аивдзинад уа, мауал – бæркад. Æви сæрысуангæй дзырд кæй уыди, уый æнæхъуаджы у?

Ацы фарстытæ кæмæ хауынц, уыдон цымæ цы зондæй фауынц сæ мадæлон æвзаджы, искæй уæрдоныл абон кæд абадтысты, уæд сæ райсом фистæгæй цæуын нæ ба-хъæудзæн, уый цæмæй зонынц? Уæдæ ма цы сты мæнæ ацы былдауæн ныхæстæ: «Если исчезнет наш язык, мы тоже исчезнем!». Кæд афтæ у, уæд ацы дзурджытæн ирон æвзаг раджы куы фесæфти, раджы куы сæгад ис сæ цæсты, уæд сæхæдæг цæмæннæ сæгад сты æмæ фесæфтысты? Æви фесæфтысты æмæ сæгад сты… Рагон аргъауы митын чызг куыд атад æмæ ма йæ дзабыртæ куыд баззадысты, афтæ? Цымæ ацы дзурджыты цы дзурын кæны, цæмæн ма хъазынц адæмы зæрдæйы уагæй? Кæд сæ нæ хъæуы сæ мадæлон æвзаг, уæд цæмæннæ ныхъуыдты уадзынц нæ фæлахс адæмы, цæмæн сын æнад кæнынц, сæ зæрдæйы ма цы фарны дыдзы рухс судзы, уый? Фæлæ бирæ хистхортæ зианы рæстæджы хъарæггæнæг сæхи куыд скæнынц, цæмæй дзыл-лæйы цæсты сæхи равдисой, афтæ адон дæр сæхицæн мæнг цыт агурынц? Кæд афтæ нæу, уæд сæ чи нæ уадзы ирон чиныг райсын æмæ йæ бакæсын, ирон æвзагыл цы дыууæ дзырды зонынц, уыдонæй пайда кæнын, ирон газет рафыссын? Хæдæгай, ирон газет рафыссын афтæ зын куынæ у: иу хатт физонджытæй дæхи фæцух кæн æмæ рафысс ирон газет. Уый дын фарны рухсы цъыртт æфтаудзæн дæ артдзæстыл. Нæ дæ фæнды? Уæд цæуыл дзурæм, цæуыл у нæ тыхныхас!

Рæхджы не ‘взаг бамынæг уыдзæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдыйæ зæрдæйы тугтæ ныттæдзынц. Уымæй тæссагдæр та у, нæ адæмыхатты æрцæуинаг сæфт, бирæтæ куыд зæгъынц, афтæ… Фæлæ цæмæннæ ис гæнæн, цæмæй махæй алчидæр сараза æппæтдæр, æмæ æнæуæвгæ цæмæн нæй, уый дæр ма æруадзæм, кæд æмæ адæймагæн æмæ адæмыхаттæн дæр сæ амонд сæхицæй кæнгæ у, уæд? Фæлæ иу хатт иу къæрных йæхицæй куыд давта,  афтæ мах дæр сайæм нæхи, рæстдзинады цæстытæм акæсыны тасæй. Рæстдзинад та уый мидæг ис, æмæ бирæты нæ фæнды ирæттæ уæвын, нæ уарзынц ирон дзырды ад, нæ цæуынц йæ сахуыр кæныны зын фæндæгтыл, нæ сæ фæнды адæмон хæдбындурдзинады æууæлтæ хæссын, «цæсты хауын», æмæ алы аслам æфсæнттæй сæхи иппæрд кæнынц ирон æхсæнадæй. Ахæмтæн ницыуал хос ис, зæгъгæ, куы загътон иу хатт, уæд мæм бирæтæ фæхъыг сты. Ныр дæр та йæ зæгъын: Ныууадзут сæ, уыдон æнæфтиаг сты, ма сын лæгъзтæ кæнут, уымæн æмæ ирон адæм цы мæсыг амайынц, уым æууæнкджын амайджытæ хъæуы, науæд дзы авæрдзысты мæнгдуртæ, æмæ та ногæй ракæлдзæн. Ныр бæрæг у, мæсыг хи дурæй хæлы, зæгъгæ, уыцы æмбисонд кæцæй рацыд, уый!..

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.