РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгиимæ.

Фембæлды темæ ссис Хуссар Ирыстоны медицинон лæггæдты æнцонвадатдзинад æмæ гъæд фæбæрзонддæр кæнын. Афтæ ма æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыс-тоны территорийыл æппынæдзух цæрæг, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты фæдзæхстад сорганизаци кæныны фæдыл мадзæлтты план среализаци кæныныл æнæмæнгхъæуæг меди-цинон фæдзæхсты системæйы æмæ сын Уæрæсейы Федерацийы медицинон центрты медицинон æххуыс бакæныныл.

Ныхас ма кодтой республикæйы медицинон уагдæтты медикаменттæ æмæ бæттæн æрмæджытæй сифтонг кæныны темæйыл. Æнæниз-дзинад хъахъхъæныны министры ныхæстæм гæсгæ, фадыджы ис сэкономигонд фæрæзтæ, кæцытæй гæнæн ис спайда кæнын ацы здæхты æнæниздзинад хъахъхъæныны фыццаградон хъуагдзинæдты тыххæй.

Хицауады Сæрдар фехъусын кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у æппæт потенциалон гæнæнтæй спайда кæнын, цæмæй ахъаз уой медицинон фадыджы домæнтæ æххæст кæнынæн. «Цæрджыты медицинон лæггæдты æнцонвадатдзинады проблемæ хъæуы æппæт гæнæн амæлттæй скъуыддзаг кæнын», – загъта Пухаты Эрик.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æппæт ацы фарстытæ æввахс рæстæджы хаст æрцæудзысты бюджетон къамисы сыл æруынаффæ кæнынмæ.                            

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.