Республикæйы ахуыргæнæндæттæ уæззау эпидемиологон уавæры фæстиуæгæн рæстæгмæ æхгæд кæй сты, уый фæдыл скъоладзаутæм хъæуы уæлдай хъусдард здахын. Уымæн æмæ сын фæзынд фылдæр сæрибар рæстæг æмæ дзы бирæтæ, сæ уроктæ ахуыр кæныны бæсты, æдзух вæййынц уынгты. Уый фæстиуæгæн горæт Цхинвалы милицийы æнахъомты хъуыд-дæгты фæдыл инспектортæ уадзынц профилактикон рейдон мадзæлттæ. Азилынц горæты уынгы, паркты, горæты цады былты, æмæ дзы æнæххæст кары сывæллæтты куы баййафынц, уæд сæ бафæдзæхсынц, цæмæй уынгы бирæ рæстæг ма æрвитой, фæлæ уой сæ хæдзæртты æмæ æххæст кæной сæ ахуыргæнджыты хæслæвæрдтæ. Горæт Цхинвалы управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады сæргълæууæг Гатайты Лалийы ныхæстæм гæсгæ дистанцион ахуыры рæстæджы ахуырдзаутæн уыйбæрц сæрибар рæстæг ма хъуамæ уа.

«Бирæ ныййарджытæ бынтондæр сæ хъус нæ дарынц сæ сывæллæттæм, нæ сын дæттынц æмбæлон хъомылад æмæ афтæмæй махæй домынц, ома мын сæм дзæбæх нæ кæсут æмæ мын галиу кæнынц. Афтæ раст нæу, – дæхицæй бæрндзинад ма хъуамæ исай. Мах нæ куыст кæнæм, фæлæ сывæллонæн йæ хæдзары хъармдзинад никуы баивдзыстæм, нæдæр æй йæ ныййарджыты хуызæн схъомыл кæндзыстæм. Ӕрмæстдæр ныййарæгæй цæуы монон хъомылад, хорз æгъдæуттыл æй йæ хæдзары бафтауынц», – банысан кодта Гатайты Лали.

Уымæй уæлдай ма инспектортæ рейдон мадзæлтты рæстæджы сывæллæттæн æмбарын кæнынц эпидемийы тæссагдзинад æмæ сæ фæдзæхсынц, цæмæй сæхи хизой, бирæ адæм кæм вæййы, ахæм бынæттæй. Стæй ма, гæнæн уæвгæйæ , ма цæуой сæ хæдзæрттæй дард æмæ сæ ахуыры та фæсте ма зайой, фæлæ зæрдæргъæвдæй æххæст кæной сæ хæслæвæрдтæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.