26-æм сентябрæй 2-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не рцыд. Нарко-тикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 151 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 6 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Ӕхсæнадон фæтк фехалыны фæстиуæгæн адми-нистративон æфхæрд баййæфта иу æмбæстаг.

27 октябры рынчындоны реанимацимæ уæззау уавæры бахаудта Знауыры районы Убиаты хъæуы 23-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг банызта 15 таблеткæйы медицинон препарат «Амитриптилин».

Милицийы Наркотикты ӕрзылд контроль кӕныны кусджытӕ баурӕдтой горæттаг 31-аздзыд цæрæ-джы, кæцы æнæзаконæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Горæт Цхинвалы тæр-хондон фæткхалæджы фæивар кодта 8 мин сомы.

31 октябры горӕты рынчындонмӕ уæззау уавæры бахаудтой ӕртӕ адӕймаджы, кӕцытӕ сыгъдхъӕстӕ фӕулӕфыдысты. Дохтыртæ сын бакод-той æмбæлон медицинон æххуыс æмæ сын тæссаг ницæмæйуал у.

1 октябры Цхинвалы рынчындонмӕ бахауд нӕ горӕты 26-аздзыд цӕрӕг уӕззау уавӕры. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы ӕмбӕстӕг æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарадтæй «метадон», «марихуана» æмæ «барбитураттæй».

1 октябры ма рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта горæттаг 48-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагæн йæ сыхагимæ рауад хъаугъа, кæцыйы фæстиуæгæн райста физикон æфхæрд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.