Знон, 13 ноябры  Президент Гаглойты Алан æмбырд ауагъта тыхон структурæты сæргълæуджытæн æмæ сын байхъуыста, сæ дæлбар ведомствотæ цы  куыст кæнынц, уый тыххæй информацимæ.

Уголовон хъуыддæгтæ арвитдзысты тæрхондонмæ

Генералон прокурор Собаты Григори куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ Генералон прокуратурæйы фæдысгарæн управленийы ис 21 уголовон хъуыддаджы. Уыдонæй резонансондæртæ сты Мамиты Ричарды, Уалыты Сосланы æмæ Цæголты Сергейы амарыны цаутæ.

«Ивгъуыд къуырийы кæронмæ бахæццæ Сиукъаты Аланы тыххæй уголовон хъуыддаг. Сиукъайы фырты азымджын кæнынц Уалыты Сосланы амарыны хъуыд-даджы. Уголовон хъуыддаг арвыстам тæрхондонмæ», – банысан кодта Собаты Григори.

Куыд загъта, афтæмæй Цæголты Сергейы хъуыддагыл нырма кусынц. Æрæджы фæдагуырды управленийы кусджыты къорд ацыд Ростовмæ. Уым уадзынц экспертизæ фыдракæнды æппæт æууæлтæ сбæрæг кæныны тыххæй.

«Раст зæгъгæйæ, фыдракæнды æппæт æууæлтæ дæр бæлвырд сты. Цы фæдысгарæн мадзæлттæ ауагътам – фæдысгарæнтæ, джигултæ æмæ æндæртæ, уыдон бафидар кæнын нæ фæнды уыцы экспертизæты руа-джы», – бахахх кодта генералопрокурор.

Фæуынхъус у Мамиты Ричарды амарыны цауы тыххæй уголовон хъуыддаг дæр. Æмбырд кæнынц хъæуæг æрмæджытæ, уыцы нымæцы фыдракæнды рæстæджы Мамийы фырт цы уавæры уыд, уый тыххæй дæр. Æввахс рæстæджы уыцы уголовон хъуыддаг дæр æрвыст æрцæудзæн тæрхондонмæ.

Президент бацымыдис кодта, Генералон прокуратурæ уыцы хъуыддаджы фæдыл ноджы цы – иу экспертизæ ауадзынвæнд кодта, уымæ.

Собаты Григорийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы экспертизæ ауадзын проблемон у. Экспертизæ ауадзыны тыххæй республикæйæн æддæмæ азымджыны акæнынæн фæрæзтæ нæй, специалист æркæнын дæр сæ бон нæу, фæлæ «Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады руаджы ацы фарст скъуыддзаг æрцыд. Къуырийы кæрон специалисттæ æрцæудзысты æмæ азымджынæн ауадздзыстæм психолого-психиатрион иртасæн».

Тæрхондоны ма ис Хъуылымбегты Сæрмæты амæлæты тыххæй уголовон хъуыддаг дæр. Уый фæдыл дæр цæуы тæрхондонон фæдысгæрст.

«Уголовон хъуыддаджы ис дыууæ фигуранты: сæ иу – æнæниздзинадæн барæй уæззау зиан ракæнын, кæцыйы фæстиуæгæн адæймаг амард; дыккаг та – аххосджын цæуы йæ куысты бартæй уæлдайджынæй спайда кæныны хъуыддаджы. Уый ныртæккæ ис агуырды», – банысан кодта Собаты Григори.

«Дорэкспострой»-ы раздæры къухдариуæггæнæджы экстрадицийы фæдыл

Генералон прокурор фехъусын кодта «Дорэкспострой»-ы раздæры разамонæг Мæхъиты Семены тыххæй дæр. Уый азымджын  кæнынц стыр гуырахсты бюджетон фæрæзтæ ныппаплой кæныны хъуыддаджы.

Ивгъуыд азы æмбис Мæхъиты Семеныл бакондæуыд цалдæр уголовон хъуыддаджы. Мæхъийы фырт паддзахадон бюджетæн разиан кодта 47 милуан сомы.

«Официалонæй нæм цы бæрæггæнæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ Мæхъиты Семены экстрадицийы бафæстиат баст у, йæ уæрæсейаг æмбæстагдзинады байсты тыххæй кæй бахъаст кодта, ууыл. Экстрадицийы размæ йын йе ‘мбæстагдзинады закъонон райст бæрæг кæныны рæстæджы Уæрæсе ссардта æнæрастдзинæдтæ æмæ йын байстой йæ уæрæсейаг æмбæстагдзинад, экстрадицийы тыххæй фарст та алæвæрдтой тæрхондонмæ. Фæлæ йæ рады Мæхъиты Семен бахъаст кодта йе ‘мбæстагдзинады байсты тыххæй æмæ хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, уый нырма бæрæг нæу», – загъта генпрокурор. 

Фæхуыздæр хъæуы бухгалтерон хыгъдтæ

Собаты Григори радзырдта, йæ дæлбар организаци æндæр уагдæтты цы куыстытæ кæны, цы проблемæтыл сæмбæлынц, æппæт уыдæтты тыххæй дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, прокуратурæ бæрæггæнæн мадзæлттæ уадзы 18 паддзахадон унитарон куыстуæтты. Уыцы уагдæтты бухгалтерон куыстытæ æмæ бухгалтерон хыгъдтæ хуыздæрхъуаг кæй сты, уый фæстиуæгæн æрцæуы фæткхалыны цаутæ, паплойдзинæдтæ.

«Абоны бон мах нæ тыхтæ æмæ фæрæзтæ адих кодтам алы здæхтытыл, нæхимæ стыр гуырахсты куыст кæй  райстам, уый нын нæ куыст ныддаргъ кодта. Ноджы ма иу æмбырд ауадзыны тыххæй мах бадзырдтам Контролон-нымайæн палатæйы сæрдаримæ. Уый дæр йæхимæ райсдзæн иу куыстуат, сæ бухгалтерон хыгъды сын æмбæлон æмвæзадмæ ракæндзæн æмæ уымæ гæсгæ æндæр куыстуæтты уавæр дæр æмбæлон уавæрмæ æркæндзæн. Бухгалтерон хыгъдты æнæмбæлон уавæр проблемæ æвзæрын кæны куыстуæттæн сæхи размæцыды тыххæй, ныхдур у цæстдарæг органты куыстæн дæр, уымæн æмæ æххæст анализ радтынæн, юридикон аргъ скæныны тыххæй мах бахъæуы ног бæрæггæнæн мадзæлттæ уадзын. Афтæмæй хъуыддаг ныддаргъ вæййы», – банысан кодта генералонпрокурор.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй Генералон прокуратурæ раздæры хъуыддæгтæ кæронмæ кæй нæ бакæны, афтæмæй ног хъуыддæгтыл кусын кæй райдайы, уымæй уавæр вазыгджын кæны.

«Афæдзæй фылдæр мах хъусæм, Контролон-нымайæн палатæ Генералон прокуратурæмæ æрмæджытæ кæй арвиты, стæй та сæ Контролон-нымайæн палатæ фæстæмæ арвиты прокуратурæмæ. Сымах фехъусын кæнут, бæрæггæнæн куыстыты рæстæджы фæткхалынæдтæ, паплойтæ кæй вæййы, фæлæ уæ куысты фæстиуæг нæ фенын кæнут. Ацы æнæуагдзинадæн кæрон скæнын хъæуы. Контролон-нымайæн палатæимæ иумæ ауадзут кусæгон æмбырд æмæ æрцæут иу фæстиуæгмæ. Кæд дзы ницы фæткхалынæдтæ ис, уæд та хъуыддаг сæхгæнут æмæ æндæр хъуыддæгтæм æрæвналут», – бахахх кодта Президент Гаглойты Алан.

 

Фæткхалынæдтæ – Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады

Контролон-нымайæн палатæйы сæрдар Плиты Алымбег йæ рады куыд зæгъы, афтæмæй Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыст контроль кæныны рæстæджы сбæрæг сты фæткхалынæдтæ 12 милуан сомы аргъ. Гуфта-Къуайсайы фæндаджы æмæ Къуайсайæн йæхи мидæг цалцæггæнæн куыстыты куы сбарстой, уæд уым та сбæрæг 8 милуан сомы аргъ  фыдракæндтæ. Контролон-нымайæн палатæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, уый фаг у процессуалон уынаффæ рахæссынæн.

***

Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Гассеты Ибрагим дæр радзырдта йæ дæлбар ведомствойы архайды тыххæй. Банысан кодта зынгхуыссынгæнджыты архайд æмæ министрады кусджытæ сæхи куыд цæттæ кæнынц, уыдæтты тыххæй.

Дарддæр æмбырд ацыд æнæ журналистты хайадистæй.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.