Бирæ рæсугъд бынæттæ ис зæххыл, хъæутæ дæр æмæ горæттæ дæр. Фæлæ уыдоны ‘хсæн æз равзарин Цхинвал, кæцы æрбынат кодта хæхты хъæбысы.

Уæдæ цæмæн уарзын æз мæ горæт? Адæймаг кæм райгуыра, кæм схъомыл уа, йæ цард кæм æрвита, уыцы хъæу кæнæ горæт фæуарзы йæ уды бæрц.

Цхинвалы мын бирæ  уарзон бынæттæ ис. Ам акодтон æз мæ фыццаг къахдзæфтæ. Ам фембæлдтæн мæ фыццаг хæлæрттыл. Бирæ алыхуызон адæмыхæттытæ цæры махмæ: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ… Кæрæдзийыл сты æнувыд, хъæлдзæгæй, æхсызгонæй дæттынц салам сæ кæрæдзийæн.

Ис нæ горæты цæрджытæм иу хорздзинад – уынгтæ аив, сыгъдæг дарын. Къоста разагъды лæг уыди. Æмæ уый ном цы сквер хæссы, уый æнаив куыд хъуамæ уа? Æрвылбон рацæуын тезгъо кæнынмæ мæ уарзон горæтмæ æмæ фенын алы хæдзары цур дæр сыгъдæгмарзт къæсæртæ. Никæй дуармæ фендзынæ брæтты цæндтæ. Уынгты фæзындысты ног бæлæсты талатæ, ногсагъд дидинджытæ æмæ сæ ноджы фæаивдæр кодтой. Мах, цхинвайлæгтæ, уарзæм нæ фæллад Ногдзауты парчы уадзын. Зæрдæ райы йæ алфамблай сыгъдæгдзинадæй дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æмбæлон службæйы кусджытæн сæ куыст бæрæгæй кæй зыны. Къаддæр нæу сæ хæрзиуæгон архайд, сквертæ, газонтæ æмæ æндæр фæзуæтты алыгъуызон дидинджытæ чи ныссадзы, уый фæстæ дæр æмбæлон зылд кæй арæхстджын къухты фæрцы æййафынц, уыцы кусджытæн дæр.

Хуссар Ирыстоны столицæ – Цхинвалы разамынд зæрдиагæй архайы горæты аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинадыл, йæ цъæхфæлыстыл, уынгты, паркты æмæ скверты рæсугъддзинадыл. Уыцы арфæйаг куысты раппæлинаг сты, уынгты сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадыл æрвылбон дæр чи фыдæбон кæны, уыдон. Уынгмæрзджытæ сæ куысты уæлхъус балæууынц æхсæвы 3-4 сахатыл æмæ сæ куыст бакæнынц, цалынмæ адæм нæ сызмæлынц, уæдмæ.

Горæты сыгъдæгдзинадыл кусын у йæ цæрджыты хæс дæр. Раст у ахæм ныхас: сыгъдæг у, кæм нæ чъизи кæнынц, уым, фæлæ æфснайын дæр хъæуы. Бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс акæс æмæ базондзынæ, кæм дзы цавæр адæм цæры, уый. Чъизи æмæ æнæфснайд худинаг у цæрджытæн дæр.

Ныртæккæ æппæт бæстæйы дæр экологийы фарстатæ вазыгджын сты. Уымæн æмæ рæзы техникон индустриалон куыстад. Уый хыгъд хъуамæ хъахъхъæд цæуа адæмы æнæниздзинад. Уый та аразгæ у сыгъдæгдзинадæй.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.