Скæсæйнаг экономикон форум

Владивостокы йæ куыст фæцис  7-æм Скæсæйнаг экономикон форум, цыран къухтæ æрфыстæуыд  380 сразыдзинады бæрцыл æртæ триллион 272 миллиард  сомы суммæйæ. Ам сты егъау дунеон контракттæ æмæ Уæрæсейы амбициозон проекттæ дæр. Энергетикæ, сæудæджерад, транспорт. Ист æрцыд историон уынаффæ Уæрæсейы авиацийы тыххæй: «Аэрофлот» райсдзæн 339 лайнеры, æххæстæй фыдыбæстæйонтæ. Форумы сæйраг цау ссис Владимир Путины раныхас. Хъуыстой йæм 70 бæстæйы делегацитæ. Путин сарæзта ахсджиаг хъусынгæнинæгтæ бæстæйы экономикон рæзты æмæ ног социалон программæты тыххæй, кæцыты ‘хсæн уыд «дардхурскæсæйнаг ипотекæ». Уый адарддæр кæндзысты 2030 азмæ.

Уæрæсе радон хатт фенын кодта афтæхуыйнæг «ныгуылæйнаг коалици»-йы ныфсæвæрдтытæ æмæ тырнындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, Уæрæсейы дунейæ сизоляци гæнæн кæй нæй, уый. Уымæн æвдисæн ацы форум, цыран хайад райстой 400 компаниты сæргълæуджытæ, дзыллон информацийы фæрæзты 5000 минæвары, зынгæ экономисттæ, политиктæ, ахуыргæндтæ 60 фæсарæйнаг паддзахадтæй. Ацы аз форумы сæйраг темæ уыд: «Бирæполярон дунемæ фæндагыл», зæгъгæ.

 

Раныхас кодта пленарон рабадты

Владимир Путин раныхас кодта форумы пленарон рабадты. Паддзахады сæргълæууæг радзырдта глобалон фæсидтыты, Ази-Сабырденджызон регионы бæстæтимæ ахастытæ сфидардæр кæныны æмæ Дард Хурскæсæны рæзты тыххæй. Пленарон рабадты хайад райстой Индийы премьер-министр Нарендра Моди, Малайзийы премьер-министр Исмаил Сабри Якоб, Вьетнамы премьер-министр Фам Минь Тинь æмæ æндæртæ. Путин банысан кодта, зæгъгæ, Ныгуылæн Уæрæсейы ныхмæ кæны активон  санкцион политикæ, афтæ ма æндæр бæстæтæн тыхæй хъары йæхицæн пайдайы дунеон фæтк.

 

Европæйы кризисы аххосаг – Уæрæсеимæ хъуыддагон бастдзинæдтæ æруромын

«Уалдзæджы бирæ фæсарæйнаг корпорацитæ æзфæраздæронæй хъусын кодтой Уæрæсейæ ацæуыны тыххæй, афтæ нымайгæйæ, зæгъгæ, растдæр Уæрæсе баййафдзæн хъыгдард иннæ бæстæты хъауджыдæр. Фæлæ ныртæккæ уынæм, Европæйы кæрæдзийы фæдыл кæй æхгæнынц кондадтæ æмæ кусæгон бынæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн йæ сæйраг аххосаг у, Уæрæсеимæ сæ хъуыддагон  бастдзинæдтæ кæй фехæлдтой, уый», – загъта Владимир Путин.

Уæрæсейы се ууæнк фесæфтой доллар æмæ æндæр ныгуылæйнаг валютæтæм

Форумы Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе нал пайда кæндзæн ныгуылæйнаг валютæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æгæрыстæмæй АИШ-ы æмцæдисонтæ дæр райдыдтой доллары активтæ ныллæгдæр кæнын. Президент куыд банысан кодта, афæтæмæй «Газпром» æмæ йæ китайаг партнертæ ныридæгæн райстой уынаффæ газы аргъ фидгæйæ сом æмæ юаньмæ рахизыны тыххæй.

 

1943 азы Донбасс ссæрибар æрцыд

Немыцаг-фашистон тыхæйисджытæй Донбасс ссæрибар кæныны бон нысан цæуы  8 сентябры. Ацы бон 1943 азы Донбассы размæбырсæн операцийы рæстæджы сæрибар æрцыд областон центр – горæт Сталино (ныртæккæ Донецк). Сæйраг стратегион бæрзæндтæй иу уыд Саур-Могила.  Йæ сисыны сæрыл карз тохты фæмард сты 23 мин советон салдаты. 2014 азы бæрзæнд ногæй ссис нацизмы ныхмæ тохы бынат. Цырты æхстой украинæйаг нацисттæ æмæ йæ ныппырх кодтой. Ныр цырт фæстæмæ æндидзыд æрцыд.

Донбассы уыд Æнусон арт ссудзыны цытджын церемони Саур-Могилайы ногæй сæндидзыд мемориалы. Цырт бакæныны цытæн мадзалы хайадисджытæм видеосидт сарæзта Владимир Путин.

 

Рахызт сразыдзинадæй

Уæрæсе рахызт Курилтæм æнцондæрæй цæуыны фæдыл Японимæ сразыдзинадæй. Кæддæр Курилты чи цард, уыцы япойнæгтæн сæ бон нал суыдзæн сакъадахтæм фæхуымæтæгдæр фæткы æрбацæуын. Ацы сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты 1991 азы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Уæрæсе уый размæ та кæй рахызт Курилты иумиаг хæдзарадон архайд æрбæстон кæныны тыххæй  Японимæ диалогæй.

 

Фехъусын кодта йæ фæндоны тыххæй

Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов фехъусын кодта йæ фæндон Донбассы республикæтæ æмæ ссæрибаргонд территоритæ Уæрæсемæ æнæ референдумæй æрбаиу кæныны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цас тагъддæр æрбаиу уой, уыйбæрц хуыздæр у. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хъырымы уыд легалон референдум, кæцы æмбæлон уыд æппæт барадон нормæтæн, фæлæ йæ уæддæр бирæйæ нæ банымадтой. Уый размæ «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы секретарь Андрей Турчак фæндон бахаста Донбассы 4-æм ноябры – Адæмы иудзинады боны референдум ауадзыны тыххæй.

 

Йæхи банымадта ядерон паддзахадыл

Цæгат Корея официалонæй йæхиуыл сфидар кодта ядерон паддзахады статус, кæцы бæстæйæн фадат дæтты ядерон цæф ныккæнынæн, кæд æмæ йæ бæстæйы æдасдзинадæн тæссаг уа, уæд. Афтæ ма ядерон цæф ныккæндзысты бæстæйы сæргълæууæг Ким Чен Ыны амарынмæ бафæлварыны рæстæджы дæр.

Ядерон хæцæнгарз ма апарахат кæныны фæдыл Бадзырдæй рахизыны тыххæй Пхеньян фехъусын кодта 1993 азы. Паддзахад бадзырдæй кæронмæ рахызт 2003 азы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.