Дард, 1996 азы 10 сентябры ӕрлӕууыд ИРОН СТЫР поэт Хаджеты ТАЙМУ-РАЗЫ  зӕрдӕ. Йӕ мӕлӕты бонӕй абоны онг бирӕтӕ мысынц Таймуразы ном – зонадон кусджытӕ иртасынц йе сфӕлдыстады сусӕгдзинӕдтӕ, поэттӕ йыл фыссынц номарӕн ӕм-дзӕвгӕтӕ. Цалдӕр дзы хӕссӕм уӕ размӕ…

 

НАФИ

ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗЫ ЦЫРТЫ РАЗ

Сæрыстыр, хивæнд лæг, ысхъæл, –

Фæдисы, сау куысты, ныхасы!..

Йæ армы – цирхъы ныхмæ хъæл,

Уæддæр – хъазуатыл лæуд æдасæй.

 

Йæ уæлингæн йæ цырт – нымæр,

Кæсы йæ цæхæр цæст æрхуымæй…

Тыхстæн йæ сонт митæй кæддæр,

Ныр та?.. Кæй сæ нал кæны, уымæй!..

 

КОКАЙТЫТотрадз

ПОЭТЫ ХЪЫСМÆТ

Хаджейæн

Нӕ уыдыстӕм тугхӕстӕг. Алчи йӕ равджы

Хъысмӕты фӕндонӕй ӕрвыста йӕ цард.

Max удхӕстӕг баистӕм зарӕджы руаджы,

Зӕрдӕйы фӕндонӕй йын кодтам лӕггад.

 

Дӕ зарӕг хъӕрдӕр уыд, мӕ зарӕг – ныллӕгдӕр.

Дӕ зарӕг ӕлвӕст уыд, мӕ зарӕг – хырыз.

Цы хохмӕ фӕцыдтӕ, уый дары бӕрӕгдӕр,

Цъӕх фӕлмы ныгъуылы мӕнӕн дӕр мӕ рындз.

 

Барастыр куы суадзид дӕ хуызӕн поэты

(Поэтӕн мӕлӕт нӕй – нӕ йӕ зоны, цы?!)

Зӕгъын та: йӕ балцӕй ӕрыздӕхт Хаджеты,

Зӕгъин ма: бӕлццон лӕгӕн нуазӕнӕй – цыт?

 

Фӕлӕ ды фӕцыдтӕ ӕнусон фӕндагыл

Ӕмӕ дын ӕрӕздӕхӕн уырдыгӕй нӕй.

Цы зӕгъон? Цы кӕнон? – мӕ зӕрдӕйы уагыл

Уыраугӕ нызгъӕлы мӕ цӕссыгты зӕй…

 

Нӕ аирвӕзт иу дӕр мӕлӕты цъысымӕй, –

Йӕ сау фыдты ӕхсӕн ныккӕны мах най.

Ды дӕр мӕ ныууагътай, мӕ хъаймӕты ‘фсымӕр,

Ды дӕр та фӕлыгътӕ, мӕ боныл, тӕргай.

 

ГАБУТЫ Хазби

ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗÆН

Мæ саг ӕфсымӕр! Цом Къуыдармӕ! –

Дӕ хъӕу фӕмысыс ‘мӕ йӕ фен.

Лӕууы ма дзы дыууӕ хӕдзары, –

Вӕййы дзы пецты арт цырен.

 

Мӕ хъӕу та – Замтарет, ды    алкӕд

Кӕй хоныс Джусойтыхъӕу, уым

Мӕ хо йӕхи уагъд хорз арахъхъӕй

Уыдзӕн нӕ дыууӕйӕн фысым…

 

Уым хи зӕххыл фыдыбӕстӕйӕ

Ӕмдалынг сау тары иппӕрд.

Ӕмыр хъӕдрӕбынӕй нӕ хъӕумӕ

Фӕхъусдзӕн дард зарӕджы зӕлд.

 

Уым хиды уӕле, ‘рдхорд ӕмбӕлттӕ,

Нӕ фаг фӕзардыстӕм дзӕбӕх.

У Замтарет мӕ фыдыбӕстӕ,

У Тамаджын дӕ фыдызӕхх.

 

Ӕмӕ ныззарыд! Цардхӕтӕнты

Цы фесӕфт, уыдон гас кӕнынц.

Хъӕубӕстӕм уыцы талынг ӕрвты

Йӕ зӕлтӕ удӕнцой хӕссынц.

 

Цыма ныр та хӕххон рӕу тары

Кӕй зардмӕ байрайы йӕ хъӕу?

Йӕ бӕстӕм рыздӕхгӕ, Къуыдары

Кӕй ӕрдхорддзинад рохгонд нӕу?

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.