19-æм июны Театралон фæзуаты æрæмбырд сты нæ республикæйы велосипедисттæ стыр къордæй ахæм дзыллæйон акцимæ – «За здоровое будущее Осетии! Крути педали!». Ацы мадзал бацæттæ кодтой велосипедистты командæйы инициативон къорд лыжæтæ æмæ сноуборды Федерацийы президент Тедеты Лерийы сæргълæудæй. Акцийы ма хайад райстой бæстæйы Президент Бибылты Анатоли йæ чызг Аннæимæ.

Мадзалы райдианы æрæмбырдуæвджыты сæ зарджытæй бахъæлдзæг кодтой Лалыты Альберт æмæ Бететы Алим. Уый фæстæ Бибылты Анатоли раарфæ кодта акцийы хайадисджытæн æмæ сын бафæдзæхста, цæмæй велоалыгъды рæстæджы сæ кæрæдзимæ сæ хъус дарой.

«Абоны бон ардæм æрæмбырд сты велосипедисттæ, цæмæй хайад райсой велоалыгъды. Ахæм акцитæ сты æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ фæсивæд æнæниз куы уа, спортмæ сын тырнындзинад куы уа, уæд æхсæнад дæр вæййы æнæниз. Маршрутмæ  гæсгæ цы дæрддзæг хъуамæ ацæуæм, уый æввахс нæу, бахъæудзæнис нæ афыдæбон кæнын, æмæ уæ курæг дæн, цæмæй кæрæдзийæн æххуыс кæнæм, цæмæй нæ велоалыгъд ацæуа нывыл. Фæнды мæ, цæмæй алчи дæр æхцондзинад райса ацы мадзалæй», – банысан кодта бæстæйы Президент.

Ӕрæмбырдуæвджыты ма бафæдзæхста фæндагон змæлды æдасдзинады инспектор Уалыты Альмæ дæр, цæмæй, маршрутыл цæугæйæ, ма халой фæндагон фæткойтæ, хъахъхъæной сæхи, уымæн æмæ велосипед дæр нымад цæуы фæндагон змæлды хайадисæгыл, ома, транспортыл.

Ӕдæппæт велосипедисттæ уыдысты 300-йæ фылдæр, уыдоны ‘хсæн уыдысты Цæгат Ирыстонæй дæр 25 адæймаджы. 10 азæй уæлæмæ кæуыл цыд, уыдонæн бар уыд велоалыгъды хайад райсынæн. Развæлгъау арæзт æрцыд маршрут, кæцымæ гæсгæ старт райдыдта Театралон фæзуатæй Хетæгкаты Къостайы уынгыл, стæй ахызтысты 13 коммунары уынгмæ, зæронд хидыл ахызтысты æмæ азылдысты стадионы алыварс Путины уынгмæ, Хъайтарты уынгæй та азылдысты Харебаты Исахъы уынгмæ æмæ сæ ных сарæзтой Къостайыхъæумæ. Ам цъус рæстæг æрулæфыдысты æмæ Цхинвалы районы администрацийы минæвæрттæ сывæллæттæн байуæрстой хæринæгтæ æмæ сæлдæгтæ. Афтæмæй велоалыгъды дæрддзæг рауад 15 кило-метры бæрц. Маршрутмæ гæсгæ фæндæгтыл æвæрд æрцыдысты милицийы постытæ æмæ велосипедистты разæй та цыд Фæндагон змæлды æдасдзинады автомашинæ. Барадхъахъхъæнæг органты нымæц уыд сæдæйы бæрц æмæ сæ хъус дардтой, цæмæй акци ацæуа æнæфыдбылызæй.

Уымæй уæлдай ма семæ уыдысты медицинон кусджытæ дæр. Кæд-иу исчи нал фæрæзта, уæд-иу æй рахизын кодтой дистанцийæ æмæ-иу æй сбадын кодтой сæрмагонд транспортыл. Тедеты Лерийы ныхæстæм гæсгæ, кæд 2019 азы велоалыгъдимæ абаргæйæ, ныры маршруты дæрддзæг 6 километры фылдæр уыд, уæддæр йæ хайадисджытæ æнтыстджынæй ацыдысты æнæхъæн дистанци.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, разындис дзы ахæмтæ, кæцыты бон нæ бацис кæронмæ ацæуын, чидæртæ дзы хаугæ дæр акодтой æмæ райстой уæлæнгай травмæтæ,  фæлæ уымæн æндæр гæнæн нæй. 2 сахат æмæ æрдæг алкæй бон нæу велосипед скъæрын, уæлдайдæр та – æнтæфы.

Организатортæ куыд загътой, афтæмæй фидæнмæ сараздзысты æндæр маршрут, цæмæй акцийы хайадисджытæн æнцондæр уа дистанци ацæуын.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.