Йæ тæмæны ис сæрд, уыимæ сарæх сты велосипедисттæ дæр æмæ горæты уынгты сæ «æфсæйнаг дыкъахыг» бæхтыл дугъ кæнынц. Бирæтæ йæ нæ уæгъд кæнынц, афтæ уарзон сын у. Фæлæ бирæтæ хъуыды дæр нæ акæнынц, велосипедыл сбадгæйæ, шофыртæ кæй свæййынц. Хъыгагæн, бирæтæ фæндагыл цæуыны фæткмæ кæсынц куыдфæндыйы цæс-тæй, не`ххæст кæнынц фæндагыл цæуыны домæнтæ.

Фæндагыл велосипедыл чи цæуы, уыдон цавæр фæтк хъуамæ æххæст кæной, уый фыст ис фæндагон змæлды фæткойты æмбырдгонды. Куыд фыст дзы ис, афтæмæй велосипедисттæн радих кæнынц фæндаджы хицæн хай. Зæгъæм, фæзилыны размæ хъуамæ пайда кæной сæрмагонд рухсы нысæнттæй, фæлæ сæ фылдæрæн уыдон дæр не сты æмæ кæрæдзимæ къухæй амонын райдайынц. Рахиз къух систай, уæд зилыс рахизæрдæм, галиу къух, уæд та – галиуæрдæм. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ къух рагацау  сисын кæй хъæуы. Æрæджы УФ-йы Паддзахадон Думæмæ бахастой фæндон, цæмæй велосипедисттæм фæндæгтыл цæуынæн  бардæттæг гæххæттытæ   уа. Хъæппæрисджын къорды уæнгты хъудымæ гæсгæ ахæм ногдзинад фæндагыл æдасдзинадæн хъуамæ фæахъаз уа. Дзырдæн зæгъæм, Германы велосипедыл сбадыны размæ скъоладзаутæ скъолайы радтынц сæрмагонд фæлварæн. Æвæццæгæн, фæсарæйнаг бæстæты бафæзмын дæр хъæуы. Нæ велосипедисттæ   фæндагыл цæуыны фæтк кæй халынц, уый та шофыртæ хорз зонынц.

Фæндагыл велосипедисттæн сæрмагонд нысæнттæ нæй. Нæ фæндæгтæ æнæуый дæр нарæг сты, уымæ гæсгæ велосипедтæ шофыртæн къуылымпыйы хос сты. Хорз уаид æмæ сын куы фæзынид æмбæлон бынæттæ – сæ бон тезгъо кæнын кæм уа, ахæмтæ.

Велосипедисттæ фистæгцæуджыты дæр арæх тыхсын кæнынц. Фарстæуы: ныр велосипедтыл дугъ кæнын чи уарзы, уыдон цы фæуой? Сæ дыууæцалхон æфсæйнаг бæхтыл кæм дугъ кæной, нæ горæты сын сæрмагонд фæндæгтæ чи бацамондзæн? Кæм сты? Афтæ рауад æмæ домæнтæ ис, уавæртæ та нæй.

Дунейы цæрджытæй сæ машинæтæ велосипедтыл бирæтæ баивтой. Скæнынц æмбæлон гæххæттытæ. Паддзахад та сын фæндæгтыл æмбæлон уавæртæ саразы. Арæхдæр дзы пайда кæнынц, æнæниз цардыуаг чи æххæст кæны, уыдон æмæ спортсментæ. Велосипедисттæн фæндæгтæ аразыны разæй нæм æндæр ахсджиаг скуыддзагкæнинаг фарстатæ ис. Уæдмæ та уал сын æндæр гæнæн нæй – фæсарæйнаг диссæгтæ кæд фæзындзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсæд. Уæд сын бар уыдзæн фæндæгтыл æдæрсгæйæ цæуынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.