Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад æрæвнæлдта уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты цы студенттæ ахуыр кæнынц, уыдоны номхыгъдтæ аразынмæ, цæмæй ног ахуыры азы райдианмæ ацæуой Уæрæсейы Федерацийы территоримæ.

«Организаци æрцæудзæн студентты – нæ республикæйы цæрджыты ацыд, кæцытæн ис æрмæстдæр хуссарирыстойнаг æмбæстагдзинад æмæ ахуыр кæнынц Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты, цæмæй уыдон рæстæгыл ацæуой сæ ахуырмæ. Номхыгъдтæ мах хъавæм саразын 14-æй 17-æм августмæ, уымæ гæсгæ сидæм æппæт студенттæм, цæмæй министрадмæ бахатой банысангонд æмгъуыдты», – загътой  министрады пресс-службæйы.

Банысан кæнын хъæуы, республикæмæ коро-навирусон инфекци ма æрбауадзыны тасдзинады тыххæй Уæрæсеимæ  Хуссар Ирыстоны арæныл кæй архайынц арæнгонд мадзæлттæ. Ардыгæй ацæуын сæ бон у, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдонæн иуварсон фæткмæ гæсгæ уæрæсейаг минæварадыл, РХИ-йы æмæ УФ-йы  дывæр æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдон та хъуамæ бахатой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.