1960 азы нæ горæты сывæллæтты фыццæгæм цæхæрадон-рæвдауæндон арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд  куы æрцыдис, уæд уый горæты алы цæрæгæн дæр уыд æхсызгон. Уымæн æмæ иуæй уæдмæ нæ горæты ахæм уагдон нæма уыдис, иннæмæй та сывæллонджын бинонтæн фæзынд,  сæхæдæг куыстытæм куы ацæуой, уæд сæ сабитæ кæм уой, ахæм бынат. Уыимæ ма рæвдауæндон куыста, æхсæвæй бонæй. Йæ фыццаг разамонæг та уыд, кæстæр фæлтæрмæ иттæг хорз ахаст чи дардта,  ахуыр-хъомыладон фарстыты стыр фæлтæрддзинад кæмæ уыдис, ахæм адæймаг Санахъоты Надя. Уый куыст ахæм æмвæзадыл сæвæрдта æмæ рæвдауæндоны кусджытæ сабиты ныййарджытæй æппынæдзух истой æрмæстдæр арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ.

Рæвдауæндон йæ хæстæ æнтысгæйæ æмæ куыд æмбæлдис, афтæ æххæст кодта, цалынмæ нæ дардыл æмæ хъомысджын паддзахад нæ фехæлд, Гуырдзыстон Ирыстон æмæ йæ адæмы ныхмæ фыдракæндон архайдтытæ нæ райдыдта, уæдмæ. Уыцы рæстæджыты рæвдауæндонмæ цингæнгæйæ чи цыд, уыдон нымæц бонæй-бонмæ кодта къаддæр. Æмæ кæд рæвдауæндонæн фæстæдæр æхгæд æрцыдысты йæ дуæрттæ, уæддæр уырдæм йæ сабитæ чи кодта, уыдон æмæ горæты æндæр цæрджыты  фылдæр хайы уырныдта, абон уа æви райсом, – рæвдауæндон та сабитæн ногæй йæ дуæрттæ кæй байтындздзæнис, уый.

Рæвдауæндоныл ноджы стырдæр зиæнттæ æрцыдис 2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ йæ хæстон архайдтытæ куы фæтынгдæр кодта, уæд. Хæсты фæстæ, кæд æмбæлдис æмæ рæвдауæндон ногæй арæзт æрцыдаид афоныл, уæддæр йæ аразынмæ æрæвнæлдтой æрмæстдæр 2018 азы.  Аразджытæ  афтæ рæвдз æххæст кодтой сæ хæстæ æмæ рæвдауæн-дон эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдис цыбыр æмгъуыдмæ æмæ сабитæн  ногæй йæ дуæрттæ байтыгъта 2020 азы февралы мæйы.

Аразджыты бакæнгæ куыстыты гъæды тыххæй та мæнæ цы зæгъы рæвдауæндоны абоны къухдариуæггæнæг Гасситы Фатимæ.

– Кæй зæгъын æй хъæуы, мах, рæвдауæндоны кусджытæ не ‘ппæт дæр,  цымыдис кодтам арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, сæ гъæд цахæм у, уымæ, æмæ-иу арæх æрбацыдыстæм, аныхас-иу кодтам аразджытимæ дæр. Уырныдта нæ, аразджытæ сæ хæстæ афоныл æмæ гъæдджынæй кæй сæххæст кæндзысты, уый æмæ афтæ дæр рауад.

Уыимæ ма нæхæдæг, рæвдауæндоны кусджытæ, алцæмæ дæр дарæм ахудгæ ахаст. Хатæнты равæрд дæр ахæм аив у æмæ нын уый бирæ æнцондæр кæны, куыст куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнынæн.

Рæвдауæндоны ис сæдæ æхсай сывæллоны бынат, фæлæ абон ардæм цæуы дыууæсæдæ сабийæ фылдæр. Банысан кæны ма хъæуы уый дæр æмæ азæй азмæ сывæллæты нымæц кæй кæны фылдæр. Иуæй-иу ныййарджытæ, цæмæй сæ сабитæн ацы рæвдауæндоны бынат разына, уый тыххæй куырдиæттæ бадæттынц дыууæ æртæ азы раздæр. Абон рæвдауæндонмæ цы сабитæ цæуы, уыдонмæ кæсы 48 хомылгæнæджы. Хъомылгæнджытæй алкæмæ дæр ис хорз фæлтæрддзинад æмæ дзы пайда кæнынц рæдауæй. Уымæй дарддæр ма никуы базивæг кæнынц кæстæр кусджытæн сæ фæлтæрддзи-нæдтæ бацамонынмæ, сæ фарсмæ балæууынц æнæзивæгæй. Æнæзæрдæхудт дæр куыст чи кæны, уыдоны ‘хсæн сты, корекцион къорды хомылгæнджытæ Тедеты Оксанæ, Дяконты Фатимæ, хъомылгæнджытæ Багаты Илана, Харебаты Иринæ, Биазырты Кристинæ æмæ æндæртæ.

САБИТÆ – НÆ ИУМÆЙАГ ÆМÆ СÆЙРАГ АУДИНАГ

«Æппæт дæр – сабитæн» ацы хъуыды рæвдауæндоны æххæст кæй цæуы, ууыл дызæрдыг нæ хъæуы. Алы сабийæн дæр  лæвæрд æрцæуы йæ боны хæлцадон нормæ. Рæвдауæндоны кусджытæ уæлдай фылдæр рæстæг бахардз кæнынц, хæрын чи нæ фæкомы, уыцы сабитимæ. Хъыгагæн, рæвдауæндоны разамонæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæмты нымæц фæстаг рæстæджыты кæны фылдæр. Сабитæй иуæй-иутæм бацæуын, йæ фарсмæ алæууын, йемæ ныхас кæнын иу æмæ дыууæ хатты нæ бахъæуы, фæлæ уыцы куыстытæ бакæнынмæ хъомылгæнджытæй ничи базивæг кæны.

Рæвдауæндон хæлцадон продукттæй ифтонг кæныны фарстыты дæр нæй зын-дзинæдтæ. Хорз фадæттæ ис сæ бафснайынæн дæр. Æппæт уыдæтты тыххæй йæ кусджытæ æмæ разамынд бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъынц паддзахады разамынд, ахуырад æмæ зонады министрадæн.

Рæвдауæндоны кусджытæ се ‘ппæт дæр ахсджиагыл нымайынц сабиты æнæниздзинад. Æмæ æрмæст нымайгæ нæ, фæлæ уымæн цы хъæуы, цы сæ домдæуы, уый æххæст кæнынц æнæзæрдæхудтæй. Уый та бæрæг у уымæй дæр æмæ абон кæд уавæр æнæхъæн дунейы мæгурау у, алы бæстæйы дæр сытынг коронавирус, уæддæр ацы рæвдауæндоны иунæг саби дæр нæ фæрынчын. Рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, æппæт дæр араздзысты, цæмæй сабитæй иу дæр ма фæрынчын уа.

Сабиты ныййарджытæ æмæ рæвдауæндоны разамынд, йæ хъомылгæнджыты ‘хсæн кæрæдзиæмбарындзинад кæй ис, уый тыххæй рæвдауæндонæн йе ‘нтыстытæ дæр сты бæрæг хуыздæр. Ацы раппæлинаг миниуæгæй дæр хорз хайджын сты фыццæгæм рæвдауæндоны кусджытæ. Сабиты ныййарджытæ æмæ рæвдауæндоны кусджытæн иуæй-иу фарстыты фæдыл сæ хъуыдытæ алы хатт иугъуызон нæ вæййынц, фæлæ скъуыддзагкæнинаг фарст алы хатт дæр скъуыддзаг æрцæуы иумиагæй.

Сабиты ныййарджытæй рæвдауæндоны царды æппыныдзух йæхи активондæрæй чи равдисы, уыдон ‘хсæн сты Тлатты Залинæ, Сергей Дородных æмæ æндæртæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.