Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Гæззаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзтыл 14 февралы сæххæст 28 азы. Бæрæгбоны цытæн, æрвылаз дæр куыд вæййы, афтæ сæ территорийыл ОМОН-ы кусджытæн уыд цытджын рæнхълæуд. Мадзалмæ фæуазæг сты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик,  Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Æдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери, Падзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан, Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Наниты Игоры сæргълæудæй, тыхон структырæты минæвæрттæ, милицийы ветерантæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Мадзалы рйдианы фæзуатмæ рахастой Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды Хæстон тырыса. Уый фæстæ нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатолийы номæй ныхасы рацыд æмæ къорды службæгæнджытæн зæрдиагæй раарфæ кодта Пухаты Эрик. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ егъау хайбавæрд бахастой нæ Республикæйы хъахъхъæнынадмæ æмæ не ‘мбæстæгты æдасдзинадмæ.

«28 азы размæ нæ Республикæйæн уыдысты иууыл уæззаудæр азтæ, – иуæй нæ æддагон знæгтæ скуынæг кæнынмæ хъавыдысты, иннæмæй та не хсæнады сарæх сты фыдракæндтæ. Ӕмæ уыцы рæстæджы ОМОН уыд иунæг тых, кæцы фыдгæнджытæн лæвæрдта аккаг ныхкъуырд æмæ ноджы хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ гуырдзиаг туг-дзыхтæй. Сымах кæддæриддæр цæсгомджынæй æххæст кодтат уæ службæйон хæстæ, ирдæй равдыстат уæ уарзондзинад уæ адæммæ, уæ бæстæмæ. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ уын никуы ферох кæндзысты уæ хъæбатырдзинад æмæ Ирыстоны сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдон та æнустæм цæрдзысты адæмы зæрдæты!», – загъта Хицауады Сæрдар.

Сæ арæхстдзинад æмæ иузæрдион лæггады тыххæй къорд кусæджы хорзæхджын æрцыдысты хицауадон майдантæй.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæгæнджытæн сæ бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Мидхъуыддæгты министр инæлар-майор Наниты Игорь дæр. Йæ раныхасы стыр бузныджы ныхæстæ загъта къорды службæгæнджытæн се ‘рвылбонон уæзгæ куысты æмæ профессионалондзинады тыххæй.

«Раздæрау абон дæр намысджынæй æххæст кæнут уæ службæйон хæстæ æмæ уæ нæ Республикæйы къухдариуæгад стыр ныфс æвæры æмæ сæ фидарæй уырны, сымах кæддæридæр кæй бахъахъхъæндзыстут уæ Райгуырæн бæстæ, кæй æвæрдзыстут фæтк æхсæнады æмæ не ‘мбæстæгты кæй  бахиздзыстут фыдгæнджытæй. Уæ размæ ацы къорды цæсгомджынæй фæкуыстой бирæтæ æмæ сымахæн ныууагътой традицитæ æмæ хорз ном, кæцытæн дæлæмæ æруадзæн нæй. Дарддæр дæр хъуамæ бæрзонд кæнат уæ арæхстдзинад, цæмæй уын æнцондæр уа фыдгæнджыты ныхмæ тох кæнын. Нæ ветеранты фæрцы абон мах цæ-рæм хæдбар Ирыстоны æмæ сæ мах хъуамæ кæддæрид-дæр буц уæм. Арфæ уын кæ-нын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ уын стыр бузныг зæгъын уæ аккаг службæйы тыххæй!», – банысан кодта Наниты Игорь.

Къорды службæгæнджытæн ма арфæйы ныхæстæ загътой æндæр бæрнон кусджытæ дæр.

Сæ арæхстдзинад æмæ иузæрдион лæггады тыххæй къорд кусæджы хорзæхджын æрцыдысты хицауадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй. Къорд кусæджы ма хорзæхджын æрцыдысты Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хорзæхтæй. Уымæй уæлдай ма къорды службæгæнджытæй иутæ, Хуссар Ирыстоны арæнтæ бахъахъхъæныны мадзæлтты хайад кæй райстой æмæ сæ разы лæууæг хæстæ цæсгомджынæй кæй сæххæст кодтой, уый фæдыл хорзæхтæ райстой Падзахадон æдасдзинады комитетæй дæр.

Кадджын церемонийы фæстæ Мидхъуыддæгты министрады  къухдариуæгад æмæ службæгæнджытæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой ОМОН-ы фæмардуæвæг кусджыты цыртыты раз Тъбеты хъæуы æмæ ТЭК-ы.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.