Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы Барамындмæ гæсгæ цытджын уавæры Мулдарты Зелимы номыл Хъахъхъæнынады министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды дæлхайæн лæвæрд æрцыд Хæстон тырыса. Ацы тырыса у хæстоны реликви, æхсар, цыт, кад  æмæ æфсæддон традициты  сæрмагонд символ. Нысаниуæгджын мадзалы хайад райстой бæстæйы къухдариуæгады æмæ хицауады минæвæрттæ, Республикæ Абхазы хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ министры хæдивæг Беслан Цвижбайы сæргълæудæй, Сæрмагонд нысаниуæджы къорды раздæры службæгæнджытæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Ацы бонæй фæстæмæ дæлхай ноджы хæсджын уыдзæн, цæмæй йæ æфсæддон ахуырад бæрзондæй бæрзонддæр кæна, йæ техникæ, æфсæддон нысаниуæджы ифтонггæрзтæ æдзух уой цæттæ нырыккон дуджы домæнтæм гæсгæ.

Цытджын мадзалы цытæн Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ æфсæддон плацы ралæууыдысты рæнхъæй. Паддзахадон гимны фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, Гарзджын тыхтыл Сæйрагкомандæ­гæ­нæг Бибылты Анатоли батальоны командæгæнæгмæ цытджын уавæры радта Хæстон тырыса.

Президент Бибылты Анатоли йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон у батальоны историйы нысаниуæгджын бон.

«Сæрмагонд нысаниуæджы къорды батальоны архайд хæстон архайдтыты рæстæджыты, цы хъæбатырдзинад æмæ патриотизм æвдыстой, уый у фыццаджыдæр дæлхайы хæстон цæттæдзинад, алкæцы службæгæнæджы намысджын архайд æмæ æмткæй хъахъхъæнынады министрады егъау æнтыст. Ацы Хæстон тырыса ма у уыцы службæгæнджыты, кæцытæ цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ æфсæддон хæс хъаруджынæй, намысджынæй æмæ уыдысты хæстоны бæрзонд кадыл хæст», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Сæрмагонд нысаниуæджы батальоны службæгæнджытæм æрсидт, цæмæй Хæстон тырыса хъахъхъæной алы æфсæддоны царды аргъæй æмæ ныфс бавæрдта, ацы хæстонтæ дарддæр дæр сæрыстыр æмæ аккагæй кæй æххæст кæндзысты Фыдыбæстæйы раз сæ æфсæддон хæс, цытимæ хæсдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хæстоны кадджын ном. Ныфс бавæрдта, дарддæр дæр кад кæй кæндзысты, хæстон архайдтыты алы рæстæджы – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, 1989, 2004 æмæ 2008 азты Гуырдзыстоны сабырадмæ куы æркондæуыд, уыцы рæстæджыты сæ цард нывондæн чи ‘рхаста, уыдоны рухс нæмттæн.

«Мæн ноджыдæр ныфс ис, уæ æфсæддон цæттæдзинад кæд­фæнды дæр кæй уыдзæн бæрзонд æмвæзадыл æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ сæрыстыр кæй уыдзысты сымахæй», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент ноджыдæр арфæ ракодта ацы нысаниуæгджын цау æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæ­нæджы боны цытæн Гарзджын тыхты службæгæнджытæн.

Ацы батальон кæй ном хæссы, уыцы Мулдарты Зелимы бинойнаг Болататы Лианæ Президент Бибылты Анатолийы Барамындæй хорзæхджын æрцыд   Хæлардзинады орденæй. Йæ чызг Мулдарты Фатимæ та – «Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадыл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй.

Республикæйы Гарзджын тыхты дæлхæйттæ мадзалы кæрон æфсæддон оркестры зæлтæм цытджын маршæй рацыдысты æфсæддон плацы.

Бибылты Анатоли азылд рæнхъæйлæууæг министрады дæлхæйттыл. Куыд десантон хайы раздæры службæгæнæг, афтæ бахатыд Сæрмагонд нысаниуæджы дæлхаймæ, зæгъгæ, сымах хæссут морæгъуыз береттæ. Æмæ йæ, зæгъгæ, хъуамæ хæссат намысджынæй æмæ аккагæй.

Президенты цæст ацы дæлхайæн ноджыдæр бауарзта стыр æнтыстытæ, уадз æмæ сæ алы хатт дæр Ирыстоны адæм сæрбæрзонд уой.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.