Цхинвалы уагъд æрцыд дыууæ хатты Олимпион хъæзтыты призер, дунейы цыппар хатты чемпион Къудухты Бесикы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Ерыстæ уагъд цыдысты спортивон галуан «Олимп»-ы. Хайад сæ райстой 151 æвзонг богалы, куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстонæй. Уыдон дихгонд  уыдысты дыууæ кары къордыл. Ерыстæм æрцыдысты Бесикы мад Габиты Лейлæ, йæ цардæмбал Кристинæ, йæ хъæбултæ Ева æмæ Георги æмæ йæ фыды æфсымæр Тамаз.

«Бузныг зæгъын турниры организатортæн æмæ дзы хайад чи исы, уыдонæн. Фæнды нæ, цæмæй ацы æвзонг богалтæ дæр Бесикау суой дунейы чемпионтæ», – загъта Бесикы фыды æфсымæр Къудухты Тамаз. 

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æвдыст æрцыд Бесикы тыххæй видеоролик. Уым Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы уæнгтæ,  сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты сæргълæудæй сæ мысинæгтæ дзырдтой Бесикы тыххæй. Афтæ ма æвдыст æрцыдысты гауызыл йæ тохты иууыл цымыдисондæр уысмтæ æмæ цаутæ. Æрæмбырдуæвджытæн Президенты номæй раарфæ кодта спорты фарстыты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

Ерыстæм ма æрбацыд Парламенты Фæсивæды хъуыддæгты, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Инал. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахæм легендарон богалы ном æнустæм  цæрдзæн ирон адæмы зæрдæты, йæ ном хаст æрцыд Ирыстоны спорты историмæ.

Боны дæргъы цыд  карз спортивон тохтæ. Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ æхцайы премитæй. Амалиуæггæнæг Цхуырбаты Джинойы номæй та сæрмагонд приз – велосипед лæвæрд æрцыд иууыл рогдæр уæзы категорийы чи фæуæлахиз, уымæн. Ацы уæзы фыццаг бынат бацахста Туаты Феликс. Хуыздæр техникæйы тыххæй сæрмагонд призæй хорзæхджын æрцыд Плиты Вадим. Бететы Ала-нæн та радтой уæлахизмæ тырнындзинады сæрмагонд приз.

***

Италийы столицæ Римы кæронмæ бахæццæ Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæ йæ сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты сæргълæудæй рамбылдта фондз сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ иу та бронзæ майданы. Ирон богалтæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Найфонты Артур (86 кг) æмæ Тусхъаты Азæмæт (57 кг). Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Æлборты Асланбег (92 кг), кæцы хъахъхъæны Азербайджаны спортивон кад æмæ Словакийы тырысайы бын архайæг  Макоты  Барис (86 кг).

ТУРНИР ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Хуссарирыстойнаг ленкгæнджытæ хайад райстой Казаны уагъдцæуæг æппæтуæрæсейон турнир «MAD WAVE CLASSIC»-ы. Ерысты фыццаг бон  сыгъзæрин майдан рамбулын бантыст Тыджы-ты Дианæйæн. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 200 метрмæ фæсонтыл ленк кæнынæй. Уыцы бон ма дыууæ майданы та рамбылдта Уалыты Даянæ. 200 метрмæ баттерфляйæ ленк кæнгæйæ ссис дыккаг, уæгъдибар стилæй та 400 метрмæ бацахста æртыккаг бынат.

Даянæ ма æртæ майдан рамбылдта ерысты дыккаг бон. Уæгъдибар стилæй 200 метрмæ ленк кæнынæй рамбылдта æвзист майдан. Бронзæйон призер та ссис баттерфляйæ 100 метрмæ æмæ комплексон ленк кæнынæй та 200 метры дæрддзæгмæ.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.