Ирон адæммæ чиныг кадджын у. Рагдугты чиныджы кæсын чи зыдта, уыдон æхсæнады уы-дысты хæрзцъус. Чиныгæн стыр кад кæй уыд, ууыл дзурæг у, Æлборты Хадзы-Умар йæ уац «Чиныг – царды айдæн»-ы цы таурæгъы кой ракодта, уый дæр. «Иу таурæгъы рагон зæронд лæг афтæ дзуры: «Зæрæмæджы, дам, иу хатт, бирæ æнусты размæ, Сихъоты ног чындз донмæ рацыди… Æвиппайды чындз ауыдта сызгъæрин цъиу, бæрзонд тахти арвыл æмæ сызгъæринау æрттывта хуры сæууон тынтæм. Ахæм æнахуыр диссаг фенгæйæ, чындз дзыхълæуд фæкодта. Цъиу ленкгæнæгау йæхи рауагъта æмæ йæ уæхскыл æрбадт. Йæ къух систа чындз, цъиуы æрдауон, зæгъгæ, фæлæ базырты бæсты йæ къухы бафтыд чиныг. Райста йе уæхскæй чиныг, сызгъæринæй фыст чиныг æмæ йæ бахаста сæ мæсыгмæ æмæ радзырдта хабар. Чиныг бавæрдтой мæсыджы æмæ йæ хъахъхъæдтой мыггаджы хæзнайау, мæсыг та сси уæдæй фæстæмæ дзуары бынат». 

Цы зæгъинаг нын у уымæй рагон таурæгъ? Уый, æмæ нæ фыдæлтæм раджы дæр, «бирæ æнусты размæ», кæй уыди чиныг, фыссынад æмæ сæ бынтон кæй нæ байрох, баззади йæ кой æмæ йæ агуырдтой талынг æхсæв хуры тынау. Фыны фенæгау сæм хуымæтæджы нæ, фæлæ сызгъæрин маргъы хуызы дæр уымæн рацыди, кæм æй бафснайдтой, уый та сын сси «дзуары бынат», кувæндон. Æрмæстдæр тынг зынаргъ чи уа лæгæн, уымæ йын уыдзæн ахæм ахаст», – фыссы зындгонд фыссæг.

Дугтæ ивынц дугты, æмæ хъыгагæн рæстæджы цыдимæ, чиныг кæсын цадæггай «модæйæ» хизы. Фæлæ не ‘хсæнады ис ахæм гоймæгтæ, сæ цард æнæхъæнæй дæр аив дзырдæн, фыссынады сфæлдыстадæн чи снывонд кодта.

Æрæджы нæ республикæйы чиныгуарзджыты зæрдæтæ радон хатт барухс кодта  Хуссар Ирыстоны ирон æвзагыл мыхуырцæуæг газет «Хурзæрин»-ы  редактор Гæбæраты Юри ног чиныг «Резьба по дереву»-йæ. Автор йæ чиныгмæ бахаста, фыссынады сфæлдыстадæй дарддæр йæ царды ахадгæ бынат цы куыстытæ ахсынц, уыцы хъæдæрмæгæй конд  ирон адæмон мигæнæнты нывтæ. Æдæппæт сты 86 куысты къамы, уыдон сты ирон адæм фынджы æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ æмæ алыгъуызон цардуагон уавæрты кæмæй пайда кодтой, ахæм мигæнæнтæ, алыгъуызон нуазæнгæрзтæ, вазæтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Уæлдай цымыдисондæр  та сты ирон адæмы рагфыдæлтæ нарты хъайтартæ Сырдон, Ацæмæз, Амыран æмæ æндæрты фæлгонцтæ. Къамтæ се ‘ппæт дæр сты хуызджын æмæ сæ ирдæй зыны æрмгуыстгæнæджы арæхстдзинад йæ уарзон аивадмæ. Гæбæрайы фырты ацы сфæлдыстадыл ничи ахуыр кодта, у хæдахуыр, фæлæ йæ куыстытæ сты уникалон æмæ зæрдæмæдзæугæ. Сæ  уникалондзинад та уый мидæг ис æмæ автор йе ‘рмæджы нæ пайда кæны нæдæр ныхасæнтæй, нæдæр ницахæм иугæнæнтæй, афтæмæй хуымæтæджы хъæдæрмæджы къуыдырæй саразы йæ шедевртæ.

Юрайы æрмдæсныйады сфæлдыстадмæ арф æмæ лæмбынæгдæр бавналгæйæ ис тынг бирæ дзурæн. Чиныджы ис фенæн йе сфæлдыстадæн æрмæстдæр йæ уæлцъар – æрмæджытæн сæ къамтæ, фæлæ уымæй дæр адæймагмæ сæвзæры стыр цымыдис, автор сæ ирдæй æвдисы йæ уарзондзинад æмæ аудгæ ахаст йæ фыдæлты историмæ æмæ йæ хæссы ног фæлтæрты размæ йæ уникалон куыстыты руаджы.

Чиныджы фыццаг сыфтыл ис бакæсæн æрмæджыты авторы тыххæй йæ цыбыр биографи, æрмдæсныйадмæ йæ фыццаг къахдзæфтæ, йæ фыццаг арæзт æрмæг, афтæ ма йæ коллегæты, чи йæ зоны æмæ йын йæ куыстытæ реалонæй чи федта йæ кусæн бынаты, уыдоны хъуыдытæ.

Гæбæрайы фырт райгуырд æмæ схъомыл Ирыстоны æппæты рæсугъддæр къуымтæй сæ иу – Залдайы хъæуы.  Йæ цардвæндæгтæ дæр райдыдта йæ уарзон Ирыстоны культурæйы къабазы алы æмæ алы куыстуæтты. У фыссæг, нывгæнæг, журналист, цалдæр чиныджы автор, Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнг, РХИ-йы журналистты цæдисы уæнг, РХИ-йы сгуыхт журналист, РХИ-йы культурæйы сгуыхт архайæг, уыд РХИ-йы Парламенты дыууæ æрсидты депутат, РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, дин, культурæ, ахуырад, зонад æмæ массон информациты фæрæзты комитеты сæргълæууæг.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.