Мæ фыд, мæ фыд, цæй сабыр мын ныддæ,

Дæу чи зыдта æнæдзургæ, сабырæй.

Кæддæр мæ удæн цинхæссæг уыдтæ,

Ныр та нæ фембæлд у æрмæст æмырæй.

Дæ ингæны цур мастгæнгæ лæууын.

Фæлæ мæ хъынцъым уæуу, дæумæ нæ хъуысы.

Мæ фыны дæр дæ фембæлдмæ бæллын,

Мæ рохст удæн йæ хъизæмар нæ сысы.

Ныр раздæрау нæ къæсы дуар нæу гом,

Дæ ацыдæй нынкъард, цыма, нæ уазæг.

Куыд нæ кæныс йæ ныууагъдыл фæсмон,

Дæ цардбинонтæн фехæлдтай сæ фæззæг.

Дæ уæлион цард æнæнхъæлæг фæцис,

Нæ ныфсы таг дæ уаз номæй нытар и.

Дæ хæдзарыл дæр бафтыд, цыма, рис,

Æнæ дæу нын ныхъус æмæ нынкъард и.

Дæ фыд дæуæн нæ ныууагъта бынтæ,

Цы муртæ йын уыд – гуырдзы сæ ныссыгътой.

Фыдызнæгтæ сыл  бафтыдтой хъыгтæ,

Цæгатмæ сæ кæугæ-ниугæ фæсырдтой.

Дæ хæцæн – Бургъустаны тыгъд быдыр,

Дæ уд нывондæн ног дугæн фæхъардтай.

Дæ хæстон фæндаг уыд уæззау, ыстыр,

Фæлæ уæддæр дæ сыгъд уæзæг æссардтай.

Æснывæзтай дæ цæнгты тыхæй къæс,

Дæ бинонты кæд ма ‘взонит фыдуазал.

Фыстай сæ разы кадимæ дæ хæс,

Æмæ дæм каст хæрзты хуыздæр дæ адзал.

Хæрзгæнæгау дæм касти дæумæ куыст,

Дæ цардазты, æнцойад дзы нæ зыдтай.

Нæ базыдтам дæ карз ныхас, æсхуыст,

Гыццийау ныл узæлыдтæ, рæвдыдтай.

Дæ уды зын уыд хин æмæ кæлæн,

Цæрын та уарзтай уарзонæй, рæстагæй:

«- О, ма дын уа, хæрзтæ тауæг, мæлæн,

Куыд уарзон дæ цæрæг адæмæн рагæй» –

– Æргомæй-иу дæ хъуыдытæ дзырдтай

Æмæ-иу сæ дæ фæлмæст зæрдæ ради.

Æнæуынон –  фæлитойтæй уыдтай

Цæргæйæ сын цы намыс и, цы кад и.

Нæ лæууыдтæ ды уыдонмæ æввахс,

Æндæр хуыцаумæ кувинæгтæ хастай,

Нæ урс зæдтæ лæууыдысты дæ фарс,

Сæ уазхæрзæгтæ арфæтимæ истай.

Уæззау зынтæй нæ фæтасыдтæ ды,

Æсхастай нæ уæззау рæстæджы астæй.

Дæ ивгъуыд ныл нырма фæндыр цæгъды,

Ды амыдтай цæрын куыд хъæуы растæй.

Æдзæм мард нын куыд акодтай, мæ фыд,

Кæд ма дæ исты хорз зæгъын фæндыд,

Фæлæ дæ уæлхъус ничи разынд махæй,

Нæ абадти дæ хъул, бецау, уæд сахæй.

Нæ уæлмæрд у æрхуым æмæ æнкъард.

Кæд ыл, мыййаг, дæ ахастæй æндавыс.

Кæсы дæм ныр уæлиуон цард хæрздард.

Æмæ фæндаг дæ бинонтæм нæ арыс?

Фæззыгон къæвда хойы ам дæ риу.

Æмæ мæ уæнгты ахъардта йæ ихæн.

Мæ мысинаг æрхæндæгимæ сиу,

Мæ фæлмаст удæй нал кæны уый исæн.

Мæ уды ‘взоны – иу бæллиц æрмæст,

Мæнæн ма Скæнæг иу хæрзæг куы радтид:

Кæддæрау дыл куы ма схæцид мæ цæст,

Мæрдты бæсты нын фембæлæн ма ку ‘уаид.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.