Хæст æгъатыр у, никæмæн кæны тæригъæд. Адæймагæн æвиппайды атайынц йæ бирæ фæндтæ æмæ бæллиццаг хъуыдытæ, цал адæймаджы барвиты мæрдтæм, цалæн бабын кæны йæ цард. Афтæ æгъатыр уыд советон адæмæн Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Растадысты уæды бирæнацион хъомысджын бæстæйы фырттæ æмæ чызджытæ знаджы ныхмæ, æмбæлдысты бирæ хъизæмæрттыл, æййæфтой фыдæвзарæнтæ, фæлæ нæ саст сæ ныфс, нæ ауæрстой сæхиуыл. Уыдон бæллыдысты иу нысанмæ – фашисттæн аккаг ныхкъуырд радтын, Райгуырæн бæстæ знагæй тагъддæр ссæрибар кæнын æмæ та амондджын царды фæндагыл ныллæууын. Уый советон салдаты æдзухон хъуыды æмæ бæллиц уыд æмæ сæххæст кодта йæ кадджын хæс.
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизмæ аккаг хайбавæрд бахастой, фронты чи нæ архайдта, знаджы судзгæ цæстытæм комкоммæ чи нæ каст, фæлæ æппынæдзух уæлахизмæ йæ бавæрд чи хаста, фæсчъылдымы уыцы сабыруарзаг æмæ куыстуарзаг фæллойгæнджытæ дæр. Уыдон кæд хæсты цæхæры нæ уыдысты, кæд знагимæ лæгæй лæгмæ нæ хæцыдысты, уæддæр æгæрон уыд сæ хайбавæрд уæлахизы хъуыддагмæ. Фæсчъылдымы дзæвгар кæмæн уыд сæ фыдæбон, æхсæв æмæ бон кæмæн нæ уыд, уыдоны ‘хсæн уыдысты уæды Сталиниры районы Къостайыхъæуы сабыруарзаг цæрджытæ дæр. Ацы хъæуæй дæр бирæ фæсивæд аивылд тохы быдырмæ, бынаты ма дзы баззадысты зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Уыцы рæстæджы адæмыл уæззау уаргъ æрæнцад, фæлæ нæ фæтасыдысты, уымæн æмæ æмбæрстой, Фыдыбæстæ уæззау уавæры кæй бахауд æмæ йе ‘нцой æрлæууын кæй хъæуы. Сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм куыстой колхозон быдырты, семæ кодтой сæ чысыл сабиты, суанг ма дзидзидай сывæллæтты авдæнты хастой, кæм куыстой, уыцы бынæттæм. Цы гæнæн сын уыд, афтæ уыд фыдрæстæг æмæ йын фæразын хъуыд. Æмæ цас уыдысты хъæууонхæдзарадон куыстытæ, цас! Алыхуызон хъæууонхæдзарадон культурæтæ рувын, хосгæрдæн æмæ хуымгæрдæн, чъеурийæ най кæнын, æхсæнадон æмæ хисæрмагонд фосмæ зилын, рæзгæ фæлтæрыл аудын æмæ сæ хъомыл кæнын. Уыцы куыстытæй дарддæр ма къаддæр нæ уыд сæ фыдæбон æхсæвыгон, суанг æрдæгæхсæвмæ нæ улæфыдысты сæ уæтты – быдтой цъындатæ, хъарм дарæс хæстонтæн, сæхи рæзгæ удтæн, тыхстысты сын сæ сомбоны ахуырыл дæр.
Цъунары колхозмæ зæхх дзæвгар уыд фæлæ дзы иу гæппæл дæр æгуыстæй нæ зад, кæд сæм кусынæн хъæууонхæдзарадон техникæ бæрцыл уыд, уæддæр. Се ‘рвылбонон хуыздæр кусæнгæрзтæ уыдысты къæпи, бел, джиркъа. 1941 азы Къостайыхъæуы колхозæн йæ зæххыты фæзуат ахста 3648 гектары, уыдонæй хуымзæххытæ уыдысты 1625 гектары, дыргъдон – 7, сæндон – 7,6 га, угæрдæнтæ – 179 æмæ сæрвæттæ та – 202 гектары. 1941 азы колхозы бюджет, 1940 азимæ абаргæйæ, фæфылдæр 24000 сомы. Хæсты азты фæллойадон æнтыстытæ кæй равдыстой, уый тыххæй «Хъазуатон куысты майданмæ» бавдыст æрцыдысты Мамиты Нуши, Бигъуылаты Къола, Гæбæраты Надуши, Тедеты Жадо æмæ цыхтахсæг Бæззаты Серги. 1942 азы Сталиниры районы æххæстком рахаста уынаффæ, цæмæй Санибайы æфцæг – 109 гектары лæвæрд æрцæуа Къостайыхъæуы колхозæн æмæ дзы хизой сæ фос, кæрдой дзы хос. 1943 азы фосдарды къабазы йе ‘нтыстыты тыххæй колхозæн лæвæрд æрцыд 2482 сомы æхца. Уыцы азты колхоз йæ план ставд фосæй сæххæст кодта 100 процентæй, афтæ лыстæг фосæй дæр, хуыты план та æххæст æрцыд 173,3 процентæй, бæхтæ дарынæй дæр сæдæ процентæй æмæ афтæ дарддæр. Колхозы сæрдар Джиоты Мелитон колоннæйы арæзтадмæ бахаста 5000 сомы æмæ эскадрилы арæзтадæн та колхоз радта 105000 сомы. Уый тыххæй йæм арфæйы фыстæг 1943 азы æрæрвыста И. Сталин. Уым дзырдæуы:
«Гуырдзыстоны ССР Хуссар Ирыстоны автономон областы Сталиниры районы Хетæгкаты Къостайы номыл колхоз. Колхозы сæрдар орденхæссæг æмб. Джиоты Хуытъистойы фырт Мелитонмæ.
Айсут мын мæ арфæ æмæ Сырх Æфсады бузныгдзинад, æмбал Джиойы фырт, Сырх Æфсады Уæлдæфон тыхтыл Уæ аудындзинады тыххæй.
И. Сталин.
Колхоз 1943-44 азты Стъаврополы крайы зымæгон хизæнуæттæм аскъæрдта 3730 фысы.
Ставд фосы план сæххæст кодта 106 процентæй, уыцы нымæцы хъуццыты план -100 %, кусæг фосæй – 100, фыстæ æмæ сæгътæй – 100, 2%, хуытæй – 173, 3% æмæ бæхтæй та 100%. Колхоз уыцы аз фæззыгæнд мæнæу хъуа-мæ байтыдтаид 301 га, уалдзыгæнд хъæбæрхор – 6,5 га, нартхор – 194 га, сысджы – 10 га, сæкæры цæхæра – 15 га, картоф – 5 га, къабускæ – 2,5, джитъри – 0,5, хъæдындз дæр 0, 5 га. Колхозы уæды сæрдар Джиоты Мелитон куыд банысан кодта, афтæмæй фосдард рæзын кæныны паддзахадон план æххæст æрцыд æппæт хуызтæй дæр. Областон архивы æрмæджытæй куыд бæрæг у, афтæмæй 1944 азы 15 ноябры Къостайыхъæуы колхозы зæххы фæзуат ахста 372284 га, уыцы нымæцы хуымзæхх – 662. 6 га, хосгæрсты зæхх – 200 га, хизæнуæттæ – 101 га фылдæр æмæ æндæртæ. 1945 азы 28 марты Сталиниры адæмон депутатты 9-æм сессийы æрмæджытæй куыд бæрæг у, уымæ гæсгæ Къостайы номыл колхоз фосдарды паддзахадон план сæххæст кодта: стуртæ йæм 360 бæсты уыд 384, фыстæ æмæ сæгътæ 3110 бæсты уыд 3158 æмæ афтæ дарддæр. Бæхтæ дарынæй хорз фæстиуджытæ кæй равдыста, уый тыххæй 1945 азы Гуырдзыстоны фосдарды министрадæй райста преми 1000 сомы.
Кæд хæсты уæззау рæстæг уыд, цæрджытæ маст æмæ зындзинæдтæ æвзæрстой, уæддæр хъуыды кодтой сæ рæзгæ хурты ахуыр æмæ хъомыладыл дæр æмæ уый сæ къухты æфтгæ дæр кодта. Уыцы фыдæвзарæн азты хъæууон скъола уæддæр йæ арфæйаг куыст дарддæр кодта, рæзгæ фæлтæры хотыхджын кодта зонындзинæдтæй.
Афтæ уыдысты хæсты азтæ Цъунар-Къостайыхъæуы, фæсчъылдымы цæрджытæ куыстой хъазуатонæй æмæ уыдон дæр сæ хайбавæрд хастой не Стыр Уæлахизмæ.
ХУЫБИАТЫ Никъала
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.