Ивгъуыд къуырийы кæрон нæ республикæйы культурон царды æрцыдис зæрдылдаринаг цау – фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ æрцыдис Михаил Годенкойы номыл Красноярскы кафты паддзахадон академион ансамбль, кæцы Галаты Барисы номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-имæ иумæ нæ паддзахадон драмон театры сценæйыл равдыстой иумиаг концерт «Вместе мы – Россия», зæгъгæ, ахæм патриотикон номимæ. Ансамблæн йæ хъæздыг репертуары цы цымыдисон æмæ ирд хореографион номыртæ уыдис, уыдонæн аргъ кодтой хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ.

Дыууæ сфæлдыстадон коллективы концерт, сæйраджыдæр, уагъд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоныл 32 азы сæххæсты боны цытæн. Хуссарирыстойнаг уазæгуарзаг адæм цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты æфсымæрон уырыссаг уазджыты æрцыдыл æмæ сæ хорз суазæг кодтой.

Сыбыраг ансамблы куыст æмæ архайды тыххæй, стæй сæхи куыд цæттæ кодтой ацы иумиаг концертмæ, уыдæттæ бæстондæр базоныны нысанæн, уазæг ансамбль æмæ «Симд»-ы къухдариуæггæнджытæн бынæттон журналисттимæ 17-æм сентябры, кон-церты размæ «Спутник Хуссар Ирыстоны» пресс-центры уагъд æрцыдис пресс-конференци. Уырыссаг ансамблы директор Елена Паздникова, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта концерты организатортæн æмæ хуссарирыстойнаг адæмæн арфæ ракодта 20-æм сентябры – Республикæйы боны цытæн. Уый йæ раныхасы банысан кодта, дыууæ сфæлдыстадон коллективы фембæлд иу сценæйыл кæй у хореографийы егъау бæрæгбон æмæ аргъ кæмæн нæй, ахæм фæлтæрддзинад кæрæдзийæн равдисыны ахъаз. «Махæн нæ ансамбль культурон программæ «Мы – Россия»-йы фæлгæтты æрзылдис бирæ горæттыл æмæ нын афтæмæй бирæ адæмы хæттытæ базонгæ сты нæ хъæздыг репертуаримæ, сыбыраг фольклоримæ. Æрмæст ацы аз мах Уæрæсейы Федерацийы 20 горæты, хъуамæ радтæм концерттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр æхсызгонæй сæмбæлдыстæм Хуссар Ирыстонмæ нæ кæй фæхуыдтой, уыцы хъуыддагыл.  Уымæн æмæ нæ фæндыд æввахсдæр базонын ирон культурæ æмæ аивад. Хуссар Ирыстоны рагон ансамбль «Симд»-имæ фембæлд нын уыд ахсджиаг æмæ нæм уыцы амонд фæхудт. Красноярскы цæрынц 149 нацийы бæрц æмæ уыдон æхсæн сты ирæттæ дæр.

Мах ныридæгæн радтам концерттæ Майкоп æмæ Налцыччы æмæ нын дыууæ ран дæр уыдис стыр æнтыст. Уый уымæн афтæ уыдис æмæ нæ адæмты æхсæн хæлардзинад аивады руаджы ноджы æнгом-дæр æмæ æввахсдæр кæй кæны. Уымæн ис стыр нысаниуæг. Хуссар Ирыстонмæ не ʻрцыд у, куыд нæ адæмты æхсæн хæлардзинады символ, афтæ. Абон нын нæ концертмæ чи фæуазæг уа, уый, мæнмæ гæсгæ, райсдзæн стыр æхцондзинад æмæ йыл хорз тæлмæнтæ ныууадздзæн», – банысан кодта ансамблы директор.

Ансамблы продюсер Гурам Квинция куыд радзырдта, афтæмæй сæм «Симд»-имæ иумиаг концерт ауадзыны хъуыды фæзынд 2010-æм азы. «Нæ ансамбль бирæ коллективтимæ кафыд, фæлæ нæ зæрдæ уæддæр æхсайдта «Симд»-мæ. Йемæ фембæлын нын кæй не ʻнтыст, уый тыххæй мæ зæрдæйæн æрæнцой нæ уыд æмæ уæд дзырд радтон, зæгъгæ, кæд сразы уой, уæд æнæмæнг хъуамæ радтæм иумиаг концерт. Уымæн æмæ ирон ансамблæн хъæздыг истори ис, рагæй йын хъусын йæ профессионалон кафт æмæ традициты тыххæй. Абон мæнæн тынг æхсызгон у, мæхи амондджыныл нымайын, æппынфæстаг Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдыстæм æмæ сценæмæкæсджытæн нæ концертæй стыр æхцондзинад кæй æрхæсдзыстæм. Хорз уаид æмæ нæ ацы концерт фыццаг æмæ фæстаг куы нæ уаид», – загъта продюсер.

Пресс-конференцийы ансамблы сæйраг балетмейстер Лидия Дзьюбак дæр банысан кодта ирон æмæ уырыссаг сфæлдыстадон коллективты иумиаг концерты нысаниуæг æмæ цыбыртæй æрдзырдта сæ ансамблы историйы тыххæй. Балетмейстер йæхæдæг фæкуыста ансамблы бындурæвæрæг, курдиатджын хореограф Максим Годенкоимæ æмæ уый цы фарн æмæ традицитæ ныууагъта, уыдон дарддæр кæнынц æмæ стыр хайбавæрд хæссынц уырыссаг культурæйы размæцыдæн.

«Михаил Годенко уыд æцæг курдиатджын хореограф. Йæ сæвæргæ номырты руаджы кæддæриддæр ирдæй æвдыст цæуы нæ хъæздыг истори, культурæ, сыбыраг æрдз æмæ йæ адæмы удыхъæд. Абон мах сæрыстыр стæм адæмæн уарзон кæй стæм æмæ нæ ансамбль размæдзыд кæй у, уый тыххæй», – загъта балетмейстер. Лидия ма банысан кодта, зæгъгæ, æндæр ансамблтимæ концертты рæстæджы лæмбынæг хъусдард кæй фæдарынц хореографийы сусæгдзинæдтæм æмæ куы бахъæуы, уæд сæ сæхирдыгонау спайда кæнынц.

Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Коцты Сергей журналисттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы ахæм æнгæс концерттæ профессионалон коллективты хайадистæй организацигонд кæй цæудзысты нырæй фæстæмæ. Коцы фырт нæ басусæг кодта концерты сыбыраг ансамблимæ «Калинка-Лезгинка» кафт кæй æрсимдзысты, уый. Ацы номырыл куыстой дистанцион æгъдауæй, генералон репетици та йын уыд концерты хæдразмæ нæ театры сценæйыл. «Мах цы концерт бацæттæ кодтам, уый у ахсджиаг æмæ зынаргъ. Дыууæ ансамблы кафджытæ бакæсдзысты кæрæдзийы арæхстдзинадмæ, уыдзæн сын сæхи кæи-мæ æмæ цæимæ абарой, уый. Ахæм концерты рæстæджы артисттæ фæтырнынц сæхи хуыздæр равдисынмæ, раст, цыма, ерыстæ фæкæнынц, афтæ. Фидæны та сын вæййы куыд урок, афтæ æмæ сæхиуыл бакусынц профессионалон æгъдауæй. Фæнды мæ, цæмæй арæхдæр адæмы рæгъмæ хаст цæуа ахæм профессионализм», – банысан кодта «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.