Ныртæккæ æнæхъæн дунейы политиктæ æмæ аналитикты хъусдард здæхт у: ныры дуджы дунейы иууыл тыхджындæр политик Владимир Путины та цы зæгъын фæнды, Уæлахизы боны цытæн парадмæ хуындæрцæуæг раздæры цæдисон республикæты сæргълæуджытæ æмæ нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолиимæ фембæлдæн ахæм ахсджиаг нысаниуæг кæй радта, уымæй?..

Уый махмæ дæр куыднæ хауы – æгæр дæр ма нæм хауы, фæлæ махæн абон сæйраг уый ма хъуамæ уа: махæн абон сæйраг у, уыцы ахсджиаг хабæртты сæйраг хайадисджыты ‘хсæн кæй уыд нæхион дæр – нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Уымæн та стыр æмæ ахсджиаг историон нысаниуæг кæй ис, уый дызæрдыгкаг нæу. Стыр Уæрæсе йæ иууыл стырдæр бæрæгбонмæ цы цалдæр лæджы фæхуыдта æмæ æмсæр, зæрдæйæ-зæрдæмæ кæимæ ныхас кодта, уыдоны ‘хсæн нæ чысыл Хуссар Ирыстоны лидер куыд фидыдта, уымæ кæсын æхцон куыднæ хъуамæ уа Ирыстон æмæ ирон адæмы хи пай-дайæн нæ, фæлæ зæрдæйæ чи уарзы, уыдонæн.

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй, Владимир Путин Бибылты Анатолимæ хонæн æрæрвыста дыууæ хатты. Владимир Путин та радон хатт фембæлд нæ республикæйы сæргълæууæгимæ æмæ æнæхъæн дунейы æмæхсæнадæн фенын кодтой уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинад. Уый та дзурæг у ууыл, стыр Уæрæсеимæ нæ ахастытæ кæй рæздзысты ахадæндæрæй, стыр Уæрæсе йæ къух кæй нæ исы йæ равзæрст фæндагыл.

Бибылты Анатоли бæрæгбонмæ хуындæрцæуæг паддзахадты лидертимæ иумæ хайад райста Æнæзонгæ салдаты цыртыл дидинджытæ сæвæрыны церемони æмæ Сырх Фæзуаты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн парады.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.