Райгуырæн къуым, райгуырæн уæзæг. Уæвджыйæдæр, куыд адджын дæ зæрдæйæн, куыд æхцон у дæ фенд адæймагæн. Æниу, цæмæннæ хъуамæ уай æхцон, цæмæннæ хъуамæ цин кæнæм дæуыл, кæд æмæ а-дунемæ куы фæзынæм, уæд нæ фыццаг къахдзæфтæ дæ тъæпæн фæзыл акæнæм, дæ хъарм æмæ зæрдæхцон уæлдæфæй фæулæфæм, царды уæрæх фæндагмæ дæ уылты ахизæм.

Алы адæймагæн дæр адджын у йæ райгуырæн къуым, зæрдæйæ йæ фæуарзы, æдзухдæр æй йæхимæ фæхоны дард бынаты цæргæйæ дæр. Иугæр æм куы фæзыны йæ дард бæлццон, уæд ыл ныттыхсы, барæвдауы йæ, цыма йыл алы чысыл къутæр дæр фæцин кæны, афтæ фенкъары æмæ фæхаты йæхи адæймаг. Адджын у мæнæн дæр мæ райгуырæн Къостайыхъæу-Цъунар, йæ адджын комулæфтæй мæ æндæр бынатмæ мæ къах никуыдæм ахаста. Сæрибар рæстæг мын куы фæвæййы, уæд атезгъо кæнын йæ æрдзы хъæбысы, рогæн фæулæфын йæ уæлдæфæй, фæузæлын ыл стыр цины æнкъарæнтимæ. Радзурын мæ фæнды, фæстаг рæстæджы дзы ногæй цы ивындзинæдтæ æрцыд хорзæрдæм, уыдоны тыххæй. Уыимæ иумæ æнæ, зæгъгæ, нæ фæуыдзынæн, цы цухдзинæдтыл фембæлæм æрвылбон, уыдоныл дæр.

Зæрдæйæн æхсызгон у, хъæуы кæй фæзынд ногарæзт цæрæн хæдзæрттæ, уыимæ дзы ис, кæронмæ аразинаг чи сты, ахæм бæстыхæйттæ дæр. Уым райхъуысдзæн бинонты хъæлдзæг хъæлæба, фæзындзæн дзы цæрæццаг ноггуырдтæ æмæ сæ цард уыдзæн мыдыкъусау адджын. Мæнæ æхсæнадон зæххы фадыджы дымгæйы сабыр змæлдмæ сæхи акъул кæнынц æфсирон культурæты хуымтæ. Уый зæхкусæджы хъаруджын куысты фæстиуæг у æмæ та фæззæджы йæ зæрдæ кæй барухс уыдзæн, ууыл зæрдæдарæн ис. Фæлæ ахæм зæрдæрухсгæнæн нывтыл кæд цæст схæцыд, уæддæр раздæры хуымзæххытæй æгуыст дæр ис, нал сæм æрбадаргъ кодта зæхкусæг йæ уæзæгæвæрд къухтæ æмæ сæ фылдæр къутæр кæнынц.

Зæрдæ рухс кæны,  асфальтвæндаджы дыууæрдыгæй фарс цы цъæхвæлыст фæзуæттæ ис, уыдонмæ кæсгæйæ. Уырдæм рæстæгæй рæстæгмæ фæзынынц æмбæлон службæты кусджытæ, æркæрдынц ын йæ кæрдæг, асыгъдæг сæ кæнынц алыгъуызон бырæттæй. Уыдонæн арфæйы ныхæстæ зæгъын æнæмæнг æмбæлы, нæ æрдзы рæсугъддзинадыл хъаруджынæй кæй архайынц, уый тыххæй. Фæлæ афтæ зæгъæн нæй, хъæугæрон цæрджытæ цы быроны обау скодтой, уымæй. Фенæн дзы ис арæзтадон æрмæджыты згъæлæнтæ, автомашинæйы цæлхытæ, зесты цъæлтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Ацы бынаты раздæр азты цæрджыты фосæн уыд сæрвæт, фæлæ ахæм стыр бырон кæм æрæмбырд, уым фос хизгæ нæ, фæлæ дзы сæрибарæй цæугæ дæр нал акæндзысты.

 Хъæумæ æввахс цы хъæды фæзуат ис, уый, раздæры азтимæ абаргæйæ, ис хуыздæр уавæры. Хъæды уæлдæф та кæддæриддæр адæймаджы æнæниздзинадæн æвдадзы хос у, стæй йæм мæргътæ дæр сæхи æввахс æрбайсынц. Мæнæ ныр дæр сæхи бæрзонд систой æмæ сæ зæлланггæнаг хъæлæстæй зарынц. Дæлдæр, сабыр цыдæй йæ фæндаг нæ рох кæны цæугæдон. Нæ, раздæр азты стырдæр уыд, æдзухдæр-иу уалдзæджы æмæ сæрды тæвд бонты дæр йæ хъæрхъæлæба дардмæ хъуыст. Уарзон бынат уыд канд бынæттон цæрджытæн нæ, фæлæ ма горæтæй æрбацæуджытæн дæр. Стæй дзы цас уыд кæсаг та æмæ сæ къух ифтонг кодта кæсагахсджытæн.

Ахæм сты цыбыртæй мæ иу боны тезгъойы фæдыл мæ хъуыдытæ. Райстон дзы  æхцондзинад, кæд дзы æппæрццаг фæзындтыл дæр æмбæлдтæн, уæддæр. Уыдон аиуварс кæныныл та нæ алчи дæр хъуамæ архаид æрмæст иу хъæуы нæ, фæлæ Ирыстоны алы къуымы дæр, æрдзмæ фылдæр аудгæ ахаст куы дариккам, райгуырæн уæзæгмæ уарзондзинад нæ йæхимæ тынгдæр куы æлвасид, уæд.

                                                           ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.