Гарзджын тыхты ветеран. Уый у, æппæт йе ‘мбаргæ цард æфсæддон дарæсы чи арвыста, райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынæн æй чи снывонд кодта, уыцы адæймаг. Уый у, рæзгæ фæлтæрæн патриотон хъомылад чи дæтты, салдат суæвынмæ, райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвынмæ сæ чи цæттæ кæны, сæхи царды цæвиттонæй сæ сгуыхт хъуыддæгтæм чи разæнгард кæны, ахæм адæймаг. Нæ республикæйы ахæм кадджын адæймæгты æхсæн йæхи бынат ис отставкæйы булкъон Уалыты Гайозæн. Æрæджы уый банысан кодта йæ райгуырды 80 азы бон. Уыцы азтæ уымæн уыдысты Советон Æфсады афицеры зын службæйы азтæ, Советон Цæдисы æмæ уыимæ Советон Æфсады ныппырхы фæстæ та йæ чысыл райгуырæн Ирыстоны хъахъхъæнæджы фыдæвзарæн азтæ.

Уалыты Гайоз кæд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы райгуырд æмæ йæ сабион бонтæ дæр уым арвыста, уæддæр йæ царды рæсугъддæр азтæ, уый батыдта йæ райгуырæн хъæуæй дард, æцæгæлон бæсты. Уымæн æмæ ахæм у æфсæддон лæджы цард, æбæрæг вæййынц йæ царды фæндæгтæ. Абон иу ран цæры, иу ран службæ кæны, стæй та йæ æндæр ран бахъæуы службæ кæнын.

Уалыты Гайозмæ скъола каст фæуыны фæстæ Советон Æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ куы æрсидтысты, уæдæй фæстæмæ цалынмæ отставкæйы ацыд, уæдмæ нал раласта йæ æфсæддон уæлæдарæс.

Уæлдæфон-æфсæддон тыхты службæ кæнгæйæ, æрвыст æрцыд ахуыр кæнынмæ Дзæуджыхъæуы командон-ракетон æфсæддон ахуыргæнæндонмæ. 1967 азы йæ каст фæцис æмæ æвзонг афицер службæ кæнын райдыдта уæлдæфон æфсæдты Бакойы окруджы взводы командирæй. Афæдз дæр нæма рацыд, афтæ йæ арвыстой Вьетнаммæ, интернационалон æххуыс сын бакæныны тыххæй. Уым та уæд цыдис хæст. Æмæ федта йæхи цæстытæй хæст цы у, цы хъизæмæрттæ хæссы йемæ, уыдæттæ. Уырдыгæй æрыздæхгæйæ, Гайозмæ æнхъæлмæ кастысты, Туркменистаны ССР  Красноводскы горæты чи уыд, уыцы 16-æм гвардион дивизийы. Райдианы ам службæ кодта взводы командирæй, стæй – батальоны штабы хистæрæй, зенитон дивизионы командирæй.

Гайоз йæ царды  хуыздæр азтæ ацы ран арвыста, кæд ын æнцон нæ уыдис, уæддæр. Æцæгæлон зæххыл, æцæгæлон адæмы æхсæн уый бæрзонд хаста ирон лæджы, Советон Æфсады афицеры кад. Йе ‘фсæддон дæсныйад сахуыр кодта хорз æмæ салдæттæн, кæстæр афицертæн йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амыдта. Æмæ канд йæ дæлбар   чи уыдысты, уыцы салдæттæ æмæ кæстæр афицертæн нæ, фæлæ ма йæ фæлтæрддзинад, йæ зонындзинæдтæ амыдта Конго, Эфиопи, Иордани, Алжир æмæ æндæр фæсарæйнаг бæстæты æфсæддонтæн. Уыдонæн æфсæд-дон кадртæ цæттæ кæныны иста активон хайад.

Æфсæддон службæимæ, Гайоз активон хайад иста, кæм службæ кодта, уыцы областы æхсæнадон царды. 1968-1976 азты уыдис Красноводскы горæтон, стæй та областон Советы депутат. Арæх æмбæлд фæсивæдимæ æмæ се ‘хсæн кодта патриотон хъомыладон куыст. Фæсивæдимæ, уæлдайдæр та салдæттимæ кусынмæ хорз арæхст. Уымæн æй равзæрстой полчы фæскомцæдисонтæ сæ раздзогæй, фæстæдæр та æххæст кодта бригады парткомы секретары хæстæ, уыдис дивизийы партион комитеты уæнг дæр. Æппæт уыдæттæ дзурæг сты ууыл, æмæ Гайоз кæй уыд æмæ ныртæккæ дæр кæй у æнæрынцой зæрдæйы хицау. Æдзух цыдæр хъуамæ араза, цыдæр архайа, ахæм у йæ удысконд.

Уалыты Гайоз ахæм адæймаг кæй у, уымæн æвдисæн – йæ бирæ хорзæхтæ. Уый хорзæхджын æрцыд 8 хицауадон хорзæхæй, лæвæрд ын æрцыд бирæ алыгъуызон грамотæтæ, уыцы нымæцы ССР Цæдисы хъахъхъæнынады министрады, ФÆЛКЦ ЦК, Туркменистаны ССР  ФЛКЦ ЦК Кады грамотæтæй.

1980 азы Уалыты Гайоз нæ раздæры областы разамынады куырдиатмæ гæсгæ æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Райдыдта кусын областы Æмбæстагон хъахъхъæнынады штабы хистæры хæдивæгæй æмæ ацы бынатæй 1988 азы ацыдис отставкæйы, булкъоны чины.

Кæд йе ‘фсæддон дарæс æмбæстагон дарæсæй раивта æмæ куыста Цхинвалы горæххæсткомы цæрæнуатон-эксплуатацион фадыджы хистæрæй, уæддæр уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Рæстæг сызмæст, адæм кæрæдзийы нал æмбæрстой, уавæр кодта карзæй карздæр. Æмæ мæнæ гуырдзы æргом хæст расидтысты нæ ныхмæ. Гайозæн ацы хæст ссис йæ царды иууыл зындæр, уæззаудæр фæлварæн. Фæлæ нæ фæтасыд фæлтæрд хæстон. Уый нæ, фæлæ ссис горæт æмæ областы хъахъхъæнынад организацигæнджытæй сæ иу. Нысан æрцыд хъахъхъæнынады хистæры хæдивæгæй. Стыр куыст кодта хæцæнгæрзтæ æмæ æндæр хæстон æрмæджытæ самал кæныныл. Уый тыххæй арæх командировкæты цыдис Цæгат Ирыстон æмæ раздæры Цæдисы æндæр æмæ æндæр горæттæм.

Фæстæдæр, 2005 азы РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитет Гайозæн бахæс кодта, республикæйы арæнгæрон службæ саразын. Бакæнгæ куысты фæстиуæгæн арæзт æрцыдысты дыууæ комендатурæйы æмæ аст арæнгæрон заставæйы, кæцыты руаджы РХИ-йы Паддзахадон арæн æхгæд æрцыд Едысы хъæуæй Дменисы хъæумæ.

Хæстæн кæрон куы æрцыд æмæ фидауынгæнæг тыхтæ ирон-гуырдзиаг конфликты зонæмæ куы æрцыдысты, уæд Гайозы снысан кодтой ирон фидауынгæнæг тыхтыл командæгæнæджы хæдивæгæй. Уый фæстæ та, хæцæнгæрзтæ æмæ техникæйы фæдыл батальоны командиры хæдивæгæй.

Гайозы цардвæндагыл дзургæйæ, æнæзæгъгæ нæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй дæр. Кæд хæстæн йæ райдианы райгуырд, æмæ дзы хайад нæ иста, уæддæр ын йæ чысыл зæрдæ бафхæрдта. Йæ фыд Илья ацыд хæстмæ æмæ кæд сæрæгасæй æрыздæхт, уæддæр ын йæ цæфтæ сниз кодтой æмæ бирæ нал ацард. Йæ хуыз ын хъуыды дæр нæ бакодта, афтæмæй сидзæрæй хъомыл кодта йæ мады æвджид. Йæ мад Къато, та зæгъæн ис, æмæ фæцис гуырдзыйы агрессийы амæттаг. Не сфæрæзта æппæт уыцы хъизæмæрттæм кæсын цардæфхæрд сылгоймаг æмæ 1992 азы ахицæн а-дунейæ. Хæст адæймаджы карз æмæ дæрзæг кæны. Фæлæ уый Гайозмæ нæ хауы. Уымæн æмæ раздæрау у хæларзæрдæ, æмгаруарзон. Йæ мидбылхудт йæ цæсгомæй никуы сæфы æмæ уый та дзурæг у йæ уды парахатдзинадыл. Йемæ ныхас кæнгæйæ, æнæмæнг рахатдзынæ æнæрынцой, фæлмæн, æнкъараг зæрдæйы хицау кæй у.

2012 азы Уалыйы фырт æвзæрст æрцыд РХИ-йы Ветеранты советы сæрдары хæдивæгæй. Ацы бынаты кусгæйæ, Гайоз стыр хъусдард здæхта республикæйы æппæт категориты ветеранты  цардуагон уавæртæ хуыздæр кæнынмæ,  сæ активон цард сын дарддæр кæныныл. Архайдта уыдоны рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладон куысты хайад исынмæ бакæныныл. Æфсæддон патриотон хъомылады фæдыл йæ уацтæ мыхуыры ра-цæуынц республикæйы периодикон мыхуыры. Рауагъта чиныг «Основы ветеранской работы». Уый ма у чиныг «Большая трагедия маленького народа»-йы саразæг дæр, кæцымæ бахаста ивгъуыд æнусы кæрон нæ адæмы трагедийыл фыст æрмæджытæ.

Гайоз у æгъдауыл хæст адæймаг. Уый стыр аргъ кæны æмæ хъахъхъæны, фыдæлтæй нæм цы æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон. Уымæн æвдисæн у, æгъдæутты фæдыл цы чиныг сарæзта, уый дæр. Йæ ном дæр хуыйны «Ирон æгъдæуттæ», зæгъгæ.

Амондджын у Гайоз йæхи сæрмагонд царды дæр. Йæ цардæмбал – йæхи  хъæуккаг чызг Гæджиты Ленæ æдзух уыд йæ фарсмæ æмæ йын ныфс уыд йæ æфсæддон зын царды. Йæ чызджытæ Аллæ æмæ Анжелæ дæр ацардысты афицерон бинонты зын царды. Фæстæдæр Аллæ каст фæцис Мæскуыйы Плехановы номыл адæмон хæдзарады институт, Анжелæ та ссис дохтыр æмæ сæ алчидæр райгондæй кусы йæ дæсныйадыл. Райгонд у Гайоз йæ хъæбулты хъæбулты цард æмæ архайдæй дæр. Уыдон дæр æфтыд сты царды раст фæндагыл. Æмæ кæд ныр йæ 80 азы сæрты акаст, уæд ын нæ цæст  уарзы, цæмæй йæ 100 азы сæрты дæр, еныр куыд у, афтæ уæнгрогæй акæса æмæ райзæрдæйæ цæра, цы адджын æмæ хъарм бинонтæ скодта, уыдонимæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Гайоз кæд Цхинвалы цæры, уæддæр йæ райгуырæн хъæу Дменисыл дæр йæ къух нæ исы. Æдзух йæ хъæубæсты фарсмæ ис сæ цинты дæр æмæ сæ хъыгты дæр. Ис ын уым зæххы фадыг дæр æмæ йыл кæд азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр, куыд ма загътам, у уæнгрог, куыстхъом æмæ æнæрынцой зæрдæйы хицау. Зивæг нæ зоны, бакусы йæ зæххы фадыг æмæ хи къухæй æркæнгæ тыллæг та уæлдай адджындæр кæй у, уый махæй алчидæр зоны.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.