Не взаг сæфы, не взаг мæлы – хъусæм ахæм фæдисы хъæртæ цæгатæй хуссармæ…

Мæнæ диссаг!.. Цы сафай, уый фесæфдзæн, уæдæ цы кæндзæн!..

Не взаг цæмæй ма амæла, ууыл архайын, ууыл тох кæныны бæсты йын ноджы фыддæрадæн, фыдаудæн куы кæнæм, уæд фесæфдзæн, уæдæ нын, мыййаг, англисаг æвзаджы куыннæ раивдзæн йæ цæрдхъомдзинадæй?!.

Чидæр, дам, хъыбылы мард нæ фæрæзта æмæ дзæргъы мард сæгкой кодта: не взаг нын алыгъуызон фыссынадтæм кæй раив-баив кодтой, уый йæ цалдæргай æнусты бæрц фæстæмæ кæй алæууын кодта, уый дæр та нын зонд-зонæн нал у. Ногæй та фæзынд зондамонджытæ, фæстæмæ, дам, латинаг фыссынадмæ рахизæм, уый дам, «крутой дæр» у…

…Ы-ы!.. Æмæ уæд ныры фыссынадыл фыст чи æрцыд, уыцы литературæ та цы фæкæнæм? Ногæй та райдайæм иронау ахуыр кæнын?.. Стæй Ирыстонæн йæ цæгат хай дæр рахиздзысты латинаг фыссынадмæ? Æмæ ма рахизæт, зæгъут?.. Хорз, ма рахизæт, фæлæ йæ куыд æмбарут, ирон адæмæн йæ фылдæр хай иу фыссынадыл куы фысса, йæ чысылдæр хай та æндæр фыссынадыл, уæд ирон æвзаг тынг «скрутой» уыдзæн?..

Æмæ чи сты уыцы зондамонджытæ?

Иронау дыууæ хъуыдыйады æнæрæдыдæй чи нæ ныффысдзæн, иронау дзурын йæ сæрмæ дæр чи нæ хæссы, ахæмтæ…

Æмæ ахæмтæн сæ ныхбакъуырынхъом нал стæм. Нæма нæ равдæлд уымæ, цæмæй иу хатт цæгатæй хуссармæ æрбадæм æмæ не взаджы быцæуаг фарстатæ æрбæстон кæнæм, нæ фæста-гæттæн æй æмбæлон уагыл ныу-уадзæм – цæрдхъомæй, æнæбы-цæуагæй.

Мах арæх фæхъуыр-хъуыр кæ-нæм, Ирыстоны цæгат хайы бирæ «ирон» дзырдтæ комкоммæ уырыссагау кæй фыссынц, уый тыххæй. Зæгъæм, уым фыссынц гражданин, мах та йæ фыссæм æмбæстаг. Кæд гражданин æмбæстаг у, уæд ма соотечественник та цы у? Уым фыссынц училище, мах та – ахуыргæ-нæндон. Омæ кæд училище ахуыргæнæндон у, уæд скъолайы дæр, институты дæр æмæ университеты дæр ахуыр куы кæнынц, уæд уыдоны цæмæннæ хонæм ахуыргæ-нæндæттæ? Уым фыссынц промышленность, мах та фыссæм сæудæджерад. Промышленность ны-сан кæны уадзын, аразын, сæудæджерадæн йæ сæйраг мидис базар кæнын ауæй кæнын, бал-хæнын у. Секъа æмæ нын æй Арсен дæр афтæ куы зæгъынц…

Ис æвзаджы нормæтæ, бæрц-барæнтæ, ис логикон æмбарынад æвзаджы фарстатæм ахасты æмæ уыдон æмбарын хъæуы, аргъ кæнын сын хъæуы, хъахъхъæнинаг нын сты. Ирон æвзаг мæгуыр нæ, æгæр хъæздыгдæр ма у- тыхарæзт, тыхмызт «ирон» дзырдты хъуаг нæу!..Æгæрыстæмæй ма æндæр адæмтæ дæр сæ историон гуы-рæнтæ ирон æвзаджы арф æвæрæнты куы агурынц…

Ис æрбайсгæ дзырдтæ, кæцыты дзурын æмæ фыссын хъæуы, куыд сты, афтæ. Кæд сæхæдæг сирон уой, уæд – табуафси, сахуыр сыл уыдзыстæм, нæхи сыл нæ атигъ кæндзыстæм. Ахæм цыдæртæ тыхаразгæ не сты, цард сæ йæхæдæг равдисы æмæ ныбиноныг кæны. Москвайы ирон адæм хонынц Мæскуы æмæ фæрсгæ дæр ничи-уал бакæндзæн, чи йæ схуыдта афтæ. Уымæн æмæ ныффидар, ауагъта йæ уидæгтæ адæмы хъуыдыкæнынады, ирон фыссынады. Египет ирон адæммæ фыдæлтæй фæстæмæ хуыйны Мысыр. Цæмæн афтæ хуыйны, уый историон фарст у, фæлæ баззад ирон дзырдты хсæн, цард æмæ йын дугивæнтæ ирыстойнаг ном раттын кодтой…

 Мæхæдæг æй нæ федтон, фæлæ, дам, чидæр фонтан схуыдта пырхмызт æви пыхцылмызт – нал æй хъуыды кæнын. Цæй, куыдфæнды уæд, фæлæ фонтан фонтан у, æрбайсгæ дзырд у, ирон нæу æмæ ныл цы мæгуыры бон ныккодта, цæмæн æй ирон кæнæм? Сталин, дам, ирон уыди… О, ирон уыди, йæ мыггаджы уидæгтæ Дзугатимæ сты баст, фæлæ æнæхъæн дуне æмризæджы кæмæй рызт, æнæ-хъæн нацитæ æмæ æвзæгтæ ивындæр йæ тыхы кæмæн уыд, уыцы лæг йæ цард-цæрæнбонты йæ «национальность» фыста гуырдзиаг, гъеныр æй сымах цы хæрæджыдымæгæн ирон кæнут, уый хæйрæг дæр нæ бамбардзæн.

Иу уый, æмæ фонтан æрбайсгæ дзырд у, нæй йын æмæ йæ нæ хъæуы иронау аразын. Иннæ уый, æмæ фонтанæн мизынимæ ницы иудзинад ис. Мизын нысан кæны: къæдзæхы скъуыдæй, æндæр искуыцæй дон, æндæр исты тæнгъæд бынмæ куы миза, арахъхъ уадз-гæйæ хæтæлы æви милийы дзыхæй арахъхъ куы миза… Дзырд «мизын» фонтанмæ ницы бар дары, «фыссын», «дзурын», «кæрдын» æм куыд ницы бар дарынц, афтæ.

Фæлæ та уæддæр æмæ уæддæр: чидæр, дам, хъыбылы мард нæ фæрæзта æмæ дзæргъы мард сæгкой кодта…

Цы зæгъын мæ фæнды… Ныр та æндæр, ног проблемæ фæзынд ирон æвзагæн…Цалдæр боны та ацы æнæхайыры интернет бæз-бæз кæны, кæрæдзимæ раппар-баппар кæнынц цавæрдæр ног ирон дамгъуат. Уымæй дæр, алы ран иухуызон нæу, иуæй-иу рæтты дзы цы дамгъæтæ нæй, уыдон сты æндæр рæтты, цыма исчи хъазгæ кæны, цыма компьютерон цæстфæл-дахæн фокус у, афтæ мæм касти, фæлæ, дам, майрæмбоны ныхас уыдзæн ацы фарсты фæдыл. Цыма, дам, дзы президент дæр исдзæн хайад, афтæ дæр зæгъынц. Æмæ кæд афтæ у, уæд хъазт нæу, уæд æцæгдзинад у. Фæлæ официалонæй ницы уынаффæ, ницы гæххæтт ис: чи у йæ автор, чи йæ размæ кæны, чи нын хъары ахæм диссаджы «хæрзиуæг», лæг кæй дара азымы?..

Иугæр дзырддаг ссис, уæд та йыл дзурын хъæуы… Нацийы, ма-æлон æвзагы тыххæй цыфæнды быцæуаг ныхас дæр хъæуы рæстдзинады рдæм здахын. Рæстæгыл, æнæаргъæвгæйæ. Ахæм цыдæр иугай адæймæгтæ нæ, фæлæ дæсгай адæймæгтæ дæр кæй нæ скъуыддзаг кæнынц, уый та дызæрдыггаг нæу. Ирон дамгъуатæй исты дамгъæтæ сисын кæнæ баивын нын, фонтаныл ирон ном сæвæрынау, нæ батайдзæн, уый æгæр ахсджиаг æмæ вазыгджын фарст у. Ахæм цыдæртæ, куы хъæуой, уæд – тадзгæ-баргæйæ хæссын хъæуы адæмы, æхсæнады тæрхонмæ, иу рацъыккæй лыгкæнинаг, интернетмæ базыгъуытт кæнгæйæ скъуыддзагкæнинаг не сты.

Адæм та кæй сæмхæццæ æмæ сæмтъеры сты, уымæн дæр ис бамбарæн. «Уый та куыд? Йæхимæ ахæм бартæ чи æмæ цæмæн исы?» – фæрсынц кæрæдзи адæм. Æмæ раст сты. Адæмæн национ, иумæйаг цы уа, уыдон иумæйагæй скъуыддзагкæнинаг сты. Бирæтæ кæм фырмæстæй, кæм хъазгæмхасæн фæдис ныхъæр кодтой: «Къуыдайраг «ш» шы фæши?»

Æмæ раст сты уыдон дæр. Ныр Цхуырбатæм исчи куы бадзурид, Шихантурæн афтæ хонæн нал уыдзæн, нæ дамгъуаты дамгъæ «ш» куы нал уа, уæд. Кæнæ мæ фыдгул бадзурæд Козатæм, дамгъæ «ш» нал уыдзæн æмæ Козаты Шаликойы зарæг нал кæндзыстут, зæгъгæ…

Афтæтæ, гъе, ацы хорз адæм…

Иуырдыгæй, цыма, не взаджы хъысмæт æмæ сомбоныл тыхсæм, афтæ цæуы, иннæрдыгæй та йын, цыма, фыдаудæн кæнæм… О, о, афтæ у! Уæдæ нæ цæмæн, цы сæрнизæн бахъуыдысты ахæм æнæсæрфат эсперименттæ?!.

Табу Хуыцауæн, ис нын мадæлон æвзаг, ирон æвзаг! Цæмæй ма амæла, цæмæй ма фесæфа, уый тыххæй алыгъуызон эксперименттæ, форумтæ, къамистæ, æхца радихкæнынтæ, фыссынад æмæ кæнæ дамгъуат раив-баивтæ бынтондæр ницæмæн бахъуыдысты…

Цæмæй ирон æвзаг ма амæла, цæра, уый тыххæй æрмæстдæр хъæуы: иронау дзурын…

Æндæр ницы!..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.