Цалдæр мæйы размæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы телеуынынады директорæй нысан æрцыд Чилæхсаты Гиуæрги. Уый телеуынынад цы уавæры æрбаййæфта, аразын ын цы бантыст æмæ йæ разы цавæр хæстæ æвæры, уыдон тыххæй йемæ ныхас кодта нæ уацхæссæг.

– Гиуæрги, райдианы мæ бафæрсын фæнды, цавæр ахастытæ уыд коллективæн сæ кæрæдзиимæ, цалынмæ директорæй кусын райдыдтай, уæдмæ?

– Коллектив мын æнæзонгæ нæ уыдысты. Семæ кусын 22 азæй фылдæр. Бæрцæй цалдæр адæймаджы кæм вæййы, уым дæр иугъуызон стæм хатт фæхъуыды кæнынц. Телеуынынады та кусы 100 адæймагæй фылдæр. Вæййы быцæутæ, алыгъуызон хъуыдытæ, фæлæ уыдон иууылдæр вæййынц æрмæстдæр куыстимæ баст. Иумæйагæй сисгæйæ сын æз сæ ахастытæ нымайын нормалоныл. Никуы рахатыдтон æмæ дзы исчи искæй кой ракæны æнæхъуаджы.  Фылдæр фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыдон никуы базивæг кæнынц æвæлтæрд кусджытæм сæ къух фæдарынмæ. Æхсызгон ма мын вæййы уый дæр, æмæ куыстæн æддейæ дæр сæ кæрæдзийыл кæй аудынц. Уымæй дарддæр ма искæй исты æххуыс куы бахъæуы, уымæ дæр никуы базивæг кæнынц. Иу дзырдæй, се ‘хсæн ис æмуддзинад, æмæ уый куысты æнтыстæн у ахъаз.

– Куыд райгонд дæ сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадæй. Сæ куыстмæ ма сын хъавыс исты ногдзинад бахæссынмæ ?

– Сфæлдыстадон куыст чи кæны, уыдонмæ ис уæлдæр ахуырдзинад. Цалдæрмæ та сæрмагонд ахуырдзинад. Куыд сæ иутæ, афтæ иннæты куыст, архайд æмæ арæхстдзинадæй дæр нæй рахъастгæнæн. Сæ фылдæр сты æвзæнгтæ, ис сæм тырнындзинад, архайынц сæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ фæхуыздæр кæныныл æмæ сын уый æнтысгæ дæр кæны. Æрæджы нæм æвзонг чызг æрбацыд кусынмæ. Бирæ хорз миниуджытæ йæм рахатыдыстæм, фæлæ мæгуырау арæхст иронау дзурынмæ. Нæхи йыл нæ атигъ кодтам, райстам æй æмæ йын бахæс кодтам, цæмæй æрвылбон дæр хæдзары, кæсæны раз, хъæрæй кæса газет «Хурзæрин». Бакодтам ма йын æндæр хæстæ дæр. Куыд дзы домдтам, афтæ архайдта, æмæ абон сæрыстыр кæмæй дæн, уыдонæй иу у уый.

– Нырыккон телеуынынад домы алыгъуызон вазыгджын ифтонггæрзтæй пайда кæнын. Куыд ифтонг сæ стут æмæ сæ самал кæныны хъуыддаджы уæ фарсмæ чи ‘рбалæууы ?

– Мæ хъуыдымæ гæсгæ нæ ахсджиагдæр фарстытæй иу у ацы фарст. Уымæн æмæ абон технологитæ тагъд цæуынц размæ. Се ‘мдзу куынæ цæуай, уæд уый куыстыл æндавы мæгуырауæрдæм. Мах архайæм, цæмæй фæстейæ ма баззайæм. Ис цухдзинæдтæ, фæлæ аразæм фадæттæ, цæмæй телеуынынад кæна йæ куыст, æххæст кæна, йæ разы цы хæстæ ис, уыдон. Телеуынынады цы ифтонггæрзтæ æвæрд æрцыдис, уыдонæн сæ иу хай ивд æрцыдис.

Иннæты фарстыл дæр кусæм æмæ æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй телеуынынад йæ хæстæ æххæст кæна æнæкъуылымпытæй. Зонæм уый дæр æмæ нæ кæй хъæуы хъомысджындæр сигналадæттæн аппараттæ. Кæй не сты, уый аххосæй республикæйы бирæ хъæуты нæ алæвæрдты гъæд вæййы мæгуырау. Иуæй-иу хъæутæм та нæ алæвæрдтæ бынтондæр нæ хæццæ кæнынц. Уавæртæ фæхуыздæр кæнын, хъомысджындæр ифтонггæрзтæ самал кæныны тыххæй ныхас кодтон президентимæ. Уый фарст банымадта ахсджиагыл æмæ нын, баххуыс кæныны тыххæй бавæрдта ныфс.

– Оперативон куыстæн ахъаз сты транспортон фæрæзтæ. Ацы фарст та уæм цавæр æмвæзадыл лæууы ?

– Машинæтæ сты цалдæр. Чи дзы базæронд æмæ нал кусы ахæмтæ дæр дзы ис.

– Раст зæгъгæйæ, телеуынынады кæрт рагæй хъуыд фæткмæ æркæнын. Иуæй-иу куыстытæ дзы бакодтат. Æввахс рæстæджы ма цы бакæнинаг стут? 

– Кæрт æцæгæй дæр уыд æдзæллаг уавæры. Скъутæр æмæ схæмпæл, æмбырд дзы кодта брон. Фыццаг уал брон æмæ къутæртæ аластам зæххы уæлцъаримæ. Æрбаластам сыджыт æмæ йæ слæгъз кодтам. Кæрдæг дзы байтауыны фарст дæр у скъуыддзаг, æнхъæлмæ ма кæсæм уалдзæджы хъарм бонтæм. Ныссадзыстæм ма дзы декоративон талатæ, дидинджытæ. Бакæнгæ куыстыты нын баххуыс кодта горæты мэр Коцты Алан.  Газонты алыварс сæвæрдтам бетонон бордюртæ. Уыдон самал кæныны хъуыддаджы та нын баххуыс кодта Транспорт æмæ сæудæджерады комитеты сæрдар Бекъойты Генади.

Кæрты асфальт цалцæг æрцыд уæлæнгай. Куыддæр горæты уынгты асфальт кæнын райдайой, афтæ нæ кæртыл дæр æвæрд æрцæудзæнис асфальты дыккаг цъар. Кæрты цы рухсытæ сывæрдтам, уыдон та арæзт æрцыдысты Кокойты Валентины фæрцы. Уый ма сцалцæг кодта æмæ телеуынынады скæсæнæрдыгæй къулыл йæ раздæры бынаты бакодта Хуссар Ирыстоны картæ.

Бакæнинаг куыстытæ дзы нырма тынг бирæ ис, фæлæ уал раздæр телеуынынады алыварс сараздзыстæм æмбонд. Уый фæстæ æрæвналдзыстæм кæронмæ йæ ныссыгъдæг æмæ срæсугъд кæныны куыстытæм.

– Уырны мæ тагъд рæстæджы телеуынынады æддаг бакастæй хуыздæр рухс кæндзæнис адæймаджы зæрдæ. Йæ мидæггаг уавæрæй та цы зæгъдзынæ?

– Административон бæстыхай цалцæг æрцыдис 2008 азы хæсты фæстæ. Фæлæ цалцæггæнджытæ æппæт куыстытæ нæ сæххæст кодтой цæсгомджынæй. Ранæй рæтты цалцæггæнæн куыстытæ бахъуыд ногæй сæххæст кæнын æмæ сæ бакодтам. Студиты мæгуырау уавæр та йæхæдæг чи нæ фена, уый уырнгæ дæр нæ бакæндзæнис. Хæсты рæстæджы сыл сæмбæлд цалдæр ставдкалиброн снаряд æмæ минæйы. Се сцалцæг кæныны тыххæй бахъæудзæнис бирæ хæрдзтæ, фæлæ цалцæг куы æрцæуой уæд не студтитæ уыдзысты,  кæм æмбæлы ахæм бынæтты.

Ахсджиагыл нымайын канд ацы куыстытæ нæ, фæлæ нын нæ алæвæрдтам республикæйæн æдтейæ дæр цæмæй кæсой, уый. Уый сæраппонд хорз бакуыстам ирон диаспорæтимæ бастдзинæдтæ аразыныл. Ахæм бастдзинæдтæ сарæзтам Самара, Санкт-Петербург, Мæскуы æмæ Уæрæсейы æндæр ирон диаспорæтимæ. Бастдзинæдтæ ма сарæзтам Турчы ирæттимæ дæр. Нырæй фæстæмæ сæм æрвитдзыстæм нæ ралæвæрдтæй ахсджиагдæр цы æрмæджытæ сты, уыдон. Ахæм бастдзинæдтæ сарæзтам «Осетия-Ирыстон»-ы каналимæ дæр. Æрвитæм сæм не ‘рмæджытæ æмæ сæ пайда кæнынц.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.