Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры æххуысгæнæг Анатолий Гулинимæ, кæцы республикæмæ æрцыд кусæгон балцы.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Тотчиты Георгийы сæргълæудæй Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады къухдариуæгад.

Пухаты Эрик раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта, Уæрæсейы æххуыс æнæниз-дзинад хъахъхъæныны фадыджы рæзты.

«Уæрæсейы æххуысы фæрцы мах среализаци кодтам егъау проекттæ, кæцытæ нын фадат радтой республикæйы медицинон лæггæдты æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн. Бирæ- профилон медицинон центр, кæцымæ хауы сывæллæтты рынчындон, поликлиникæ, хирургион корпус гемодиализы хайадимæ, тагъд рæстæджы та – гуырæн хæдзар, ифтонг сты бæрзонд технологон диагностикон æмæ хосгæнæг ифтонгадæй, кæцы æнцонвадат аразы гъæдджын медицинон æххуысæн», – загъта Пухаты Эрик. Йæ рады Анатолий Гулин раарфæ кодта Пухаты Эрикæн æмæ ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзты фарстыты æхсæнхицауадон æмархайдтытæ дарддæр кæй кæндзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.