БАДӔНТӔ, ФÆЦБАДÆН, НАФЫ БОН

Хуыцаубоны, бæлвырддæр зæгъгæйæ та,  Ногбоны фæстæ къуырисæр æхсæв нæ фыдæлтæ нысан кодтой Мæрдты бадæн, хонынц ма йæ Бадæнтæ. Нысан та йæ кодтой, ивгъуыд аз зиан кæй хæдзары æрцыд, æрмæстдæр уыдон. Изæрмæ-иу æрцæттæ кодтой фынг, хонæг арвитыц хиуæттæм.

Уый фæстæ изæрдалынгтæм иууылдæр сæ хæдзармæ бацæуынц. Изæрдалынгтæм-иу мардмæ æввахсдæр адæймаг дыууæ лæдзæгимæ хæдзары къуымы слæууыд, æмæ-иу бахъарæг кодта. Йæ лæдзджыты-иу ын айстой æмæ сæ дзуарæвæрд баст бакодтой. Уый фæстæ æрбахастой марды дарæс æмæ сæ баст лæдзджытыл кодтой, цыма адæймаг у, уыйау. Рауад-иу дзы быдыргъ æмæ æууæндыдысты, марды уд дзы бацыд, зæгъгæ. Æрæвæрынц æй рагацау кæй æрцæттæ кæнынц, уыцы бандоныл. Бандоны алыварс-иу равæрдтой мардæн йæ зынаргъдæр дзаумæттæ æмæ кусæнгæрзтæ. Йæ гуыбыны кой бакæнын дæр-иу сæ нæ ферох – бандоны цур æвæрдтой дзæрнаты къус æмæ авджыдзаг арахъ. Быдыргъ кæуыл сæвæрынц, уыцы бандоны фæйнæ фарс лæууыдысты, нæлгоймæгтæ – иууырдыгæй, сылгоймæгтæ – иннæр-дыгæй æмæ-иу кæуын райдыдтой. Бонивæнты хистæр лæг, фынгыл кæй рывæрдтой, уыдон ныххæлар кодта мардæн æмæ-иу арфæ ракодта æхсæвбадæнты мардæн лæггадгæнджытæн. Уый фæстæ-иу фынгыл æрбадтысты. Бадæнты зианы фынгмæ хонгæ нæ кодтой.

Уый фæстæ бон дугъ рауадзынц, ома, дам уый руаджы, зындоны арты чи сыгъди, уыцы марды уд фервæзы.

Ирон динон уырнынадмæ гæсгæ, чи амæлы, уый уд афæдзы дæргъы йæ кæндты, æрыздæхы йæ хæдзармæ, йæ бинонтæм йæ хъус дары, сæхи куыд дарынц, уымæ гæсгæ сыл хæрзмæ ауды. Уымæ гæсгæ йын мæрдджынтæ йе ‘гъдæуттæ куыд хуыздæр саразыныл архадтой, сæхи уæздан дардтой – хæдзарæй хъæр-хъæлæба хъуамæ ма райхъуыстаид. Мæрдджын йæ дзыхмæ ног дыргъ, ног халсар не схастаид, цалынмæ дзы йæ мардæн рухс загътаид, уæдмæ. Уымæ гæсгæ йын афæдзы алы афон дæр цæттæ кодтой фынджы дзаг. Уæдæ мах Ногбоныл куыд фæцин кодтам, алыгъуызон хæрд æмæ нозтæй нæхимæ куыд фæкастыстæм, уæд дзы, фарон ацафон дæр ма нæ фарсмæ чи уыд, уый хъуагæй куыд ныууадзæм. Ног мард дам, афæдзы дæргъы йæ алы кæндмæ дæр Мæрдты бæсты хицау Барастырæй йæхи ракуры уæлзæхмæ æмæ йæ уд æрбацæуы йæ хæдзармæ.

Раздæр иу марды быдыргъмæ хатгæ дæр кодтой. Ома, мæнæ уыцы хæринæгтæй, дыргътæй, халсартæй дæр ахæр, ацы нозтæй дæр ануаз. Сæрмагондæй ма-иу ын дзыкка дæр сарæзтой. Стæй-иу æй фæсæмбис марды хуыссæны дæр схуыссын кодтой.  Ӕппæт ацы митæ арæзтой, ома, удæгас куы уыдаид, уый тыххæй.

Ногбонты фæстæ дыккаг сабаты, бæл-вырддæр зæгъгæйæ та, Бадæнты фæстæ хуыцауæхсæв ралæууы Фæцбадæн. Фондз боны дæргъы-иу адæм æддаг дунейæ аиппæрд сты. Уыцы бонты сæ хъæумæ уазæг нæ цыд, сæхицæй дæр æддæмæ никæй уагътой. Фæцбадæн-иу хъæуы кæй æрыййæфта, уыцы уазæджы дæр-иу бахъуыди бæрæгбоны фæудмæ æнхъæлмæ кæсын, ома, æнцой бонмæ, цыппæрæммæ. Уазæг-иу, хъæуы цæрæг адæмы до-мæнтæм гæсгæ хъуамæ бæрæгбоны ар-хайдтаид.

Фыццаг цыппар боны алы бинонтæ дæр куывд кодтой сæхи хæдзары, фæлæ сæ дуæрттæ æрбацæуæгæн гом уыдысты. Кæрæдзи хæдзæрттæм цыдысты. Фæндзæм бон арæзтой хъæугуывд.

Фæцбадæнты фæстæ-иу мæй куы сног уæд фыццаг сабаты нысан кодтой Нафы бон æмæ-иу ахаста æнæхъæн къуыри. Куыд парахатæй йæ арæзтой, фынгтыл-иу цы минас æрæвæрдтой, уый æмбисондæн баззад. Афтæ фæзæгъынц ныр дæр: “Нафы куывды кæд нæ бадтæ”, кæнæ “Нафы куывдæй кæд нæ цæуыс”.

Бæрæгбон арæзтой æгас мыггаг кæнæ хъæубæстæ, æвзæрстой-иу дзуарылæгтæ. Къусбары задæй-иу бахсыстой бæгæны, сфыхтой-иу “гуыдын”. Уый  уыдис Ногбоны гуыдыны хуызæн. Гуыдыны-иу алыг кодтой, куывды архайæг хæдзæрттæ цал уыдысты, уал дихы.

Куывд фыццаджыдæр арæзтой хорæрзадыл аудæг дзуæртты номыл. Наф мыгга-джы цардыуагимæ баст кæй уыд, ууыл дзурæг сты егъау гуыдынтæ. Гуыдынæн уыди мыггаджы иугæнæг æмæ кæрæдзи-уыл бæттæг нысан. Ацы бæрæгбон арæзт цыд мыггаджы дзуары кадæн, кæцы равзæрди рагон ирайнаг культурон мæрæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.