Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйыл ирон театралон аивад хуссарирыстойнаг театруарзджытæн бирæ азты дæргъы чи уарзын кæны æмæ йæ фæцудын чи нæ уадзы, сценæмæкæсджытæн уарзон чи у, уыцы курдиатджын æмæ куырыхон артист Уанеты Æхсарыл æрæджы сæххæст 70 азы. Юбиляры кадæн паддзахадон драмон театры коллектив 30-æм январы бацæттæ кодтой  сфæлдыстадон изæр, цыран бæстонæй æрдзырдтой артиситы цард æмæ сфæлдыстадыл. Уанеты Æхсар у Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, хæссы ма Хъæрæсе-Черкессийы сгуыхт артисты ном дæр.

Номдзыд артистæн йæ юбилейон изæрмæ фæуазæг ис нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, афтæ ма Уа-нейы фырты сфæлдыстадæн табугæнджытæ. Сфæлдыстадон изæр байгом Уанеты Æхсар цы бирæ спектакльты ахъазыд, уыдо-нæй скъуыддзæгтæ экраныл æвдисынæй. Сценæмæкæсджытæ стыр цымыдисæй кастысты уыцы фрагменттæм æмæ сыл æмбæлдысты мидбылхудтимæ, цины æнкъарæнтимæ.

Уанеты Æхсар бирæ азты дæргъы кæимæ кусы, уыцы курдиатджын артист Хаситы Вильгельмимæ адæмы рæгъмæ рахастой скъуыддзæгтæ ахæм спектакльтæй, куыд «Расыггæнджытæ», «Робинзонтæ», «Сæтти æмæ Бæтти». Юбилярыл адæм сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

Юбилейон изæры Уанеты Æхсары цымыдисон сфæлдыстадон архайдыл, стæй йæ царды фæндæгтыл æрдзырдтой уымæн йæ хæлæрттæ æмæ  коллегæтæ. «Стыр бузныджы ныхæстæ мæ зæгъын фæнды абон ацы сфæлдыстадон изæр чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Мах абон иумæ нысан кæнæм адæмон артист Уанеты Æхсары 70 азы юбилей. Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр ахæм къуым нæ разындзæнис, Уанейы фырт сценæмæкæсджыты зæрдæтæ йæ хъазтæй кæм нæ барухс кодта. Æхсар нæ алкæмæндæр зындгонд у, куыд курдиатджын артист æмæ хорз адæймаг, афтæ. Мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ хæрзиуджытæ йе сфæлдыстадон куысты. Нæ зæрдæтæ нын бирæ азты дæргъы ацы сценæйыл цы хъæлдзæг кæна, уый амонд æй уæт!», – загъта йæ арфæйаг ныхасы газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юри.

Зæрдæбын арфæтæ юбиляры номыл загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр æмæ йын бакодта зæрдылдарæн лæвар. «Мах сæрыстыр стæм нæ театры уыцы артисттæй, куыд Уанеты Æхсар, Хаситы Вильгельм, Гугкаты Эвелинæ, Галуанты Людмилæ, адæмон артисттæй, кæцытæ профессионалонæй размæ кæнынц национ аивад, се сфæлдыстад æмæ архайд та ахъазгæнæг у театралон культурæ бæрзонд кæныны хъуыддагæн. Абон Уанеты Æхсары юбилей махæн не ‘ппæтæн дæр у куыд бæрæгбон, афтæ. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Уанеты Æхсар Адæмон артист суа, уыцы хъуыддагмæ хайбавæрд чи бахастой, æппæт уыдонæн», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Кæронбæттæны юбиляр йæхæдæг дæр бузныджы ныхæстæ загъта театры коллективæн ахæм юбилейон изæр ын кæй балæвар кодтой, афтæ ма бирæ азты дæргъы иумæ кæй кусынц æмæ театралон аивады размæ кæй кæнынц, уый тыххæй. Уанеты Æхсар ма сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн алыварсонæй дæр сæм лæмбынæг хъусдард кæй здахы æмæ сæ фарсмæ кæй æрбалæууы, уый тыххæй. Юбиляр уæлдай бузныг кæмæй у, йæ уыцы уарзон сценæмæкæсджытæн дæр загъта бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ. «Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ зæгъын сценæмæкæсджытæн, кæцытæн сæ тыхджын къухæмдзæгъд махæн, артисттæн у нæ æнтыстджын архайды фæрæз», – банысан кодта Уанейы фырт.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.