Хæрз æрæджы фыстам гриппы ныхмæ республикæйы цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоны тыххæй. Фæлæ, хъыгагæн, низ фæтыхджын, рынчынты нымæц нормæйæ фæфылдæр. Уый фæдыл 28 январы цалдæр ахуыргæнæн уагдоны æхгæд æрцыдысты, фæлæ уавæр ноджы куы февзæрдæр, уæд 30 январы республикæйы æппæт ахуыргæнæн уагдæттæ дæр æхгæд æрцыдысты, Мæздæг æмæ Кировы районты йедтæмæ. Уым рынчынты нымæц нормæйæ нæ фæфылдæр.

Цæмæй гриппы вирус ноджы уæззаудæр фæстиуджытæ ма расайа, уый фæдыл республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы амындмæ гæсгæ арæзт æрцыд оперативон штаб. Уым сæйраг æргом здæхт цæуы профилактикон куыстмæ, уыцы-иу рæстæджы  короновирусы ныхмæ дæр. Штабы уæнгтæ бæрæг кæнынц æппæт миграцион змæлд. Уадзæн пунктты æвæрд æрцыд сæрмагонд техникæ, дезинфекцигонд цæуынц уæлдæфон æмæ æфсæнвæндаджы транспорт, тагъд æххуысы машинæтæ.

Республикæйы сæйраг инфекционист Тауаситы Валерия куыд фехъусын кодта, афтæмæй штабы уæнгты æххуысæй профилактикон куыст кæнынц цæрджытимæ газетты фæрстыл, стæй телевизор æмæ радиойы фæрцы, сæхи куыд бахъахъхъæной, уый фæдыл.

                                                                               Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.