Адæймаджы цард мæм хатт хохы цъуппмæ схизæгау  фæкæсы. Бирæ азты дæргъы фæхизы уæлæмæ æмæ царды цавæрдæр бæрзæндтæм куы схæццæ вæййы, уæд æрлæууы æмæ акæсы фæстæмæ, цæмæй саргъ кæна йæ рацæугæ фæндагæн. 18-æм январы мæ уацы хъайтарыл сæххæст 80 азы. Æмæ 80 азы та цъус не сты, уал азы дæргъы царды рацæугæ фæндагæн саргъ кæнынæн. Йæ рацæугæ фæндагмæ фæстæмæ куы акæса, уæд царды йæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, уыдонæй баззайдзæн райгондæй, уымæн æмæ йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ æгæр бирæ дæр сты!  Уый ныр 50 азæй фылдæр лæггад кæны ирон литературæйæн. Йæ фыссæн сисы бынæй рацæугæ прозæ у эмоционалон æмæ хуымæтæг. Сылгоймаг-фыссæджы дæсгай радзырдтæ, уацаутæ æмæ роман аккаг бынат ссардтой нырыккон ирон литературæйы прозæйы егъау хæзнадоны.

Фыссæг, тæлмацгæнæг, РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, Нафийы номыл литературон премийы лауреат, куысты ветеран, Хæлардзинады Ордены хицау Наниты Асиат райгуырд 1940 азы 18-æм январы Ленингоры районы Цъиры хъæуы. Йæ ныййарджытæ Наниты Иван æмæ Тъехты Машикъо уыдысты куыстуарзаг æмæ æгъдауджын æмкъæйттæ. Æмæ саби та, цахæм бинонты ‘хсæн схъомыл уа, ахæм рацæудзæн йæхæдæг дæр. Фидæны фыссæг райдиан скъола каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы, астæуккаг скъола та – Захъхъоры хъæуы  1958 азы. Нанион йæ сабибонтæй фæстæмæ бауарзта фæллой кæнын, йæ цард афтæ рауад. Йæ фыд Иван фæцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ æмæ хъæбатырæй хæцыд немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Фондз азы фæстæ капитаны цинимæ бæргæ æрæздæхт, фæлæ цалдæр хатты тохы быдыры уæззау цæфтæ кæй фæцис, уый фæстиуæгæн йе ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ дыууæ азы дæр нал ахаста, амард 1947 азы. Асиатыл уæд цыд авд азы. Баззад æртæ сидзæримæ Машикъо æмæ æхсæвæй-бонæй  фыдæбон кодта, цæмæй йæ хъæбулты адæмы рæгъы ракодтаид. Сывæллæттæ дæр, куыд сæ бон уыд, афтæ æххуыс кодтой сæ мадæн. Æвзонг чызг астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы паддзахадон университеты фæсаууонмæ хайады экономикон факультетмæ. Æнтыстджынæй бацæуæн фæлварæнтæ ратгæйæ æрбаздæхт æмæ кусын райдыдта сæ хъæуы библиотекæйы сæргълæууæгæй. Фæкуыста дзы 1963 азмæ, стæй, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй хъысмæты фæндонмæ гæсгæ  цæрынмæ рацыд Цхинвалмæ.

Цхинвалы кæд сæ цард йæ цардæмбал, зынгæ поэт Хъодалаты Герсанимæ кæйдæр æххуырст къуымты æрвыстой, уæддæр кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты,  иумæйаг тыхтæй царды фæрæзтæ кодтой æмæ афтæмæй сæ сывæллæтты хъомыл кодтой. Уыимæ сæ дыууæ дæр  сфæлдыстадон «низæй» уыдысты хайджын æмæ сын горæты фылдæр фадæттæ уыд фыссынæн. Афтæмæй, цардимæ тох кæнгæйæ, фæцыдысты зын, гуыргъахъхъ фæндæгтыл æмæ абон цыппар хъæбулы – дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы хицау сты, хъæбулы хъæбул-ты æмæ уыдоны хъæбулты (дыууадæс та уыдон сты) цинæй райынц. Хæдзар дæр ссардтой, цард дæр, ном дæр æмæ кад дæр. 

Цхинвалы æрцæргæйæ,  Асиат кусын райдыдта газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы, цыран газеты фæрстыл мыхуыр кодта йæ уацтæ, очерктæ. Уыцыиу рæстæджы сылгоймаг ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы полиграфион институты фæсаууонмæ хайады технологон факультетмæ. 1969 азы йæ дæсныйадмæ гæсгæ кусын райдыдта рауагъдад «Ирыстон»-ы. Æмæ ма йæ уæд фыссынæй цы æфсæста. Фыссынæн сæрибар рæстæг та йæ удæй ратонгæ уыд – æгъуыссæг æхсæвты фæллой сты йæ бирæ уацаутæ, радзырдтæ, очерктæ. 2003 азæй фæстæмæ та кусы журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады редакторæй. Фыццаг чиныг – фыццаг хъæбулы райгуырды хуызæн у авторæн. Йæ фыццаг чиныг «Ацæмæзы кафт»  рухс федта 1974 азы. 1979 азы  хицæн чиныгæй мыхуырæй рацыд йæ фыццаг уацау «Удыхай». 1982 азы та – уацау сывæллæттæн «Сидзæр чызг». 1987 азы рацыд йæ уацауты æмæ радзырдты æмбырдгонд «Æгомыг», зæгъгæ. 1991 азы та чиныгкæсджыты зæрдæтæ барухс кодта йæ уацмыстæ æмæ радзырдты æмбырдгонды дыккаг рауагъдæй.

1992 азы гуырдзиаг-ирон хæсты темæйыл фыст уацмыстæн РХИ-йы Фысджыты цæдис расидт конкурс. Уым Нанионы радзырд «Ничи…ничи!»-йæн лæвæрд æрцыд рæвдауæн преми. Ацы радзырд афтæ зæрдæмæхъаргæ фыст уыд, æмæ мыхуыр æрцыд «Фидиуæджы» дæр, стæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджытæн Дзæуджыхъæуы рауагъдад «Ир»-ы цы радзырдты æмбырдгонд рацыд мыхуыры, «Тугæйдзаг цыппурс», зæгъгæ,  уым дæр.

Мæнæ цы фыста Нафи Асиаты тыххæй: «…Нанион тынг æнæвдæлон у, стыр бинон-ты хицау. Диссаг у, чиныг фыссынмæ дæр ма йæ кæд æрывдæлы! Æвæццæгæн, Са-танайы бафæзмы йæ тыхсты рæстæджы æмæ Батрадзмæ уæларвы зæрбадæнмæ æндæр æвзагыл æрвиты фыстæджытæ…

Фæрнæй сæ фыссæд, фæлæ æз кæсын æмæ уынын, зæрдæйæ хатын – Асиат фыссы æрмæст бæстон цы зоны, уый. Афтæ мæм кæсы, литературон преми кæй райста, уый дæр баст у йæ уды æмæ йæ зонды ацы рæсугъд миниуæгыл – хърихъуппау тæхы ду-нейы сæрты, фæлæ æппæт дæр уыны, æнкъары æмæ дзуры зæрдиагæй. Кæддæр Твардовский загъта алы фыссæгæн дæр зæрдылдаринаг ныхас: зæгъинаг цы дæн, уый мæнæй хуыздæр ничи зоны. Мæ нымадæй, Нанион дæр хуыздæр цы  фæзоны, æрмæст уый æрхæссы адæмы рæгъмæ… Гъе, æмæ фæндараст у, кæддæриддæр, Асиат!» (2017 азы, март).

2000 азы Хуссар Ирыстоны чингуыты паддзахадон рауагъдад «Ирыстон» нæ республикæйы, дæс азы сæххæсты сæраппонд рауагъта юбилейон чиныг «Хуры цæссыгтæ» – Хуссар Ирыстоны фысджыты радзырдты æмбырдгонд. Уырдæм хаст æрцыд йæ радзырд «Ма фæрæди, хъæбул!».

Наниты Асиаты уацмысты æвдыст цæуы нæ адæмы цæстуынгæ истори. Йæ радзырд-æцæг хабар «Ничи… Ничи!..»-йы автор равдыста Гуырдзыстоны цæрæг ирон бинонты цард хъизæмайраг кæй ссис æмæ уырдыгæй лидзинаг кæй фесты, уый. Цыппараздзыд лæппу Садул æнæдаст, хъуынджын гуырдзиаг бандиттæй афтæ тынг фæтарст, йæ ныййарджыты йын куы фæнадтой, уæд æмæ Ирыстонмæ куы ралыгъдысты, уæддæр сæ нæ ферох кодта. Куыддæр-иу æнæдаст нæлгоймаджы ауыдта, афтæ-иу хæдзары смидæг æмæ-иу йæхиуыл дуар сæхгæдта. Зæрдæ ныккæрзы радзырд-æцæг хабар «Тугæйдзаг уæрдон» бакæсгæйæ. Ам автор фыссы гуырдзиаг лæгсырдты нæмыгæй ирон сылгоймаг куыд фæцæф, йæ фырт Маирбег æй уæрдоныл куыд сæвæрдта æмæ йæ куыд ласта, уыдæттыл. Фæлæ уæр-он байдзаг йæ ныййарæг мады тугæй, нал фæхæццæ сæрæгасæй бынатмæ, уæрдоны хуысгæйæ йæ уд систа сылгоймаг.

Радзырд-æцæг хабар «Æхсынц та, хъæбул»-ы автор æвдисы 1989-1992 азты гуыр-дзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы ирон хъæбатыр лæппутæ цы хъæбатырдзинæдтæ равдыстой, уыдоны. Асиаты фырт Хъодалаты Ацæмæзæн дæр 1992 азы 14-æм июны иу тохы рæстæджы гуырдзиаг нæмыг сæмбæлд йæ къахыл æмæ йæ цасдæр рæстæджы дæргъы бахъуыд хос кæнын Цæгат Ирыстоны рынчындæттæй сæ иуы. Уыцы рæстæджы ма бинонтæ дæр бахаудтой æхстыты бын æмæ фæцæф сты мæ дыууæ хъæбулы æмæ мæ цардæмбал Хуриты Гиви дæр. Мæ чызг Ларисæ дæр хуыссыд Дзæуджыхъæуы,  Ацæмæз цы рынычындоны уыд, уым, иу уæладзыджы. Уыцы рæстæджы уæззау финансон уавæр уыд хуссарирыстойнаг цæрджытæн, фæлæ уæд-дæр сæ адæймагдзинад нæ фесæфтой. Або-ны онг дæр мæ цæстыты раз лæууы Наниты Асиат радон хатт йæ фырты бæрæггæнæг рынчындонмæ куы æрбацыд, уæд нæм цы чысыл, фæлæ стыр хуын æрбалæвæрдта, уый. Кæд нæ нæ хиуæттæ ницы цух уагътой, уæддæр дзы галы бузныг фæдæн йе ‘рхъуыдыйы тыххæй.

Наниты Асиаты роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст»-ы редактор, фыссæг Цхуырбаты Мери йæ фæсныхасы афтæ фыссы: «Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы чиныджы авторы Ирыстоны стырæй чысылæй иууылдæр зонынц, куыд зындгонд сылгоймаг-фыссæг, афтæ, кæцы сывæллæттæн дæр æмæ хъомылтæн дæр иугъуызон уарзæгой зæрдæйæ æмæ бæрндзинад æнкъаргæйæ фыссы зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ». Фыссæгæн йæ уацмыстæ  цардæй сисгæ æцæг хабæрттыл фыст кæй сты, уымæ гæсгæ  зæрдæмæ арф бахъарынц.

Фыссæг йæ роман-хроникæйы ирдæй равдыста адæймаджы зæрдæйæн йæ фыдæлты артдзæстæй  адджындæр кæй ницы ис, йæ царды бонтæ кæм фæнды ма арвита, уæддæр. Романы хъайтар, цалынмæ Советон Цæдис нæ ныппырх, уæдмæ куыста завод «Электровибромашина»-йы. Раззагон кусæг бæргæ уыд, фæлæ Советон Цæдисы ныппырхимæ аззад æгуыстæй æмæ, куыстуарзаг нæлгоймаг  ма йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Æмæ райдыдта боныг фыссын йæ царды алы боны тыххæй.

Хæстон архайдтыты рæстæджы та æппынæдзух лæууыд хæстон лæппуты цур æмæ æппæт цауты тыххæй фыста йæ боныджы, цыран ис ахæм рæнхъытæ: «Уыцы райсом… 1992 азы 8 июнь… Хур зæххыл атылд… Æз райсомæй раджы балцы цæуынмæ мæхи рарæвдз кодтон. Фæлæ уыцы бон гуырдзы ТЭК бацахстой… Присы хъæу сыгъд – дыккаг Хатынь… Уæдмæ æрыхъуыст: нæ лæппуты ‘хсæн ис мæрдтæ… Гришикы мад Азæ тагъд-тагъд фæуайы, тыхст æмæ мардæрцыдæй. – Гришик нæма æрцыд æмæ йæ дæллаг был сзыр-зыр кодта». «… Гришикы амардтой фыдмардæй. Абон æй бавæрдтой… Дзурынц, йæ фыдæн, дам, æй дыууæ хатты фенын кодтой, фæлæ, дам, æй нæ базыдта… Стæй, дам, йæ зæрдыл æрлæууыд иу хатт ын йæ куырмтъангыл операци кæй сарæзта, уый. Æмæ алы хирург дæр йæ лыг базоны…». Ацы рæнхъытæ кæсгæйæ, адæймагæн сног вæййынц, гуырдзыйы аххосæй цы хъизæмайраджы цæрдтытæ фервыстам, æппæт уыцы æвирхъау цаутæ.

«Фыдæлты артдзæст»-ы тыххæй журналист, Нафийы номыл национ литературон премийы лауреат Багаты Аврам афтæ фыссы: «Фæстаг азты цы чингуытæ бакастæн, уыдонæй мæ зæрдæйыл ацы роман-хроникæйæ тынгдæр никæцы сæмбæлд. Уый тыххæй йæ авторæн арфæ кæнын зæрдæбынæй. Ацы чиныг у хуссарирыстойнаг лæппуты Лæгдзинад æмæ Хъæбатырдзинады гимн. Ацы чиныг у РХИ-йы энциклопеди 1989 азæй 2017 азмæ».

Гасанты Валери та «Фыдæлты артдзæст»-ы тыххæй  загъта: «Наниты Асиат йе сфæлдыстадон хъарутыл нæ бацауæрста, йæ размæ æппæтвæрысгæй рахаста Ирыстоны хъысмæт, йæ адæмы сагъæстæ, хæстмæ æнæуынондзнад æмæ сæрибар цардмæ тырнындзинад. Асиатæн ацы уацмыс банымайæн ис йæ литературон-сфæлдыстадон куысты зынгæ æнтыстыл».

Чиныг «Æнахуыр уазæг»-ы тыххæй та рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор, Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Кокайты Тотрадз фыста: «Йæ гæдыныхас ницы пайда у, хорз радзырдтæ сты, мæ зæрдæмæ фæцыдысты». «Наниты Асиаты чиныг «Æнахуыр уазæг»-ы къухфыст куы бакастæн, уæд æвиппайды загътон: ацы чызг у фыссæг», – загъта рауагъдад «Ир»-ы хистæр редактор, РЦИ-Аланийы адæмон фыссæг Хуыгаты Сергей.

Наниты Асиатæн ис йæхи сæрмагонд цæстæнгас, хихуызон æрмдзæф, бабæллæн кæмæ ис, ахæм литературон æвзаг. Иннæ ахæм ма уый у лæггадгæнæг æмæ ирон æгъдæуттыл хæст æцæг ирон сылгоймаг. Ирон сылгоймаджы миниуджытæ – кад, намыс æмæ фарн кæй уыдыхъæды баиу сты, йæ Ирыстоны циныл зæрдæйæ чи райы, йæ мастыл та сагъæс чи кæны, ахæм адæймаг. Куыд гæнæн ис афтæ, æмæ Нанион йæ лæггады хай ма бакæна фæнды цинаджы, фæнды хъыджы рæстæджы. Зæрдæхæлар сылгоймаг кæд йæ 80 азы сæрты акаст, уæддæр у уæнгрог, чифæнды дæр ын батæхуды кæндзæн йæ фердæхтмæ. Мах дæр зæрдиаг арфæ кæнæм Наниты Асиатæн йæ юбилейы фæдыл. Нæ цæст ын бауарздзæн фидар æнæниздзинад, бинонты амонд æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ! Бирæ нын фæцæр æмæ дæ уындæй рухс кæн,  бирæ дæ чи уарзы, уыцы адæмы зæрдæтæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.