19-æм апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Галаты Барисы номыл культурон-патриотикон фонды минæвæрттæ Гæбæраты Андрей æмæ йе мкъай Гаглойтэ Лианæйæн уыдис пресс-конференци. Галаты Барис цы культурон бынтæ ныууагъта, уыдон сахуыр кæнын, бахъахъхъæнын æмæ сæ сомбоны фæлтæртæм адæттын,  афтæ ма йын йæ ном æмæ йе сфæлдыстад популяризаци кæныны хъуыддаджы стыр куыст кæнынц Гæбæраты бинонтæ æмæ уый фæдыл сæ дарддæры куысты тыххæй æрдзырдтой журналисттæн.

Пресс-центры уазджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй сын ацæугæ аз пандемийы аххосагæн уыд уæззау, цы мадзæлттæ фæнд кодтой сорганизаци кæнын æмæ ауадзын, уыдон фæкъуылымпы сты æмæ ныр хъуыды кæнынц, дарддæр сæ куыд баххæст кæной, ууыл. Ацы аз Гæбæраты бинонтæ 10-æм марты Екатеринбурджы Кинойы хæдзары бæрзонд æмвæзадыл банысан кодтой Галаты Барисы райгуырдыл 132 азы сæххæсты бон. Мысæн мадзалы программæ уыдис цымыдисон æмæ хъæуæг. «Екатеринбурджы мах цы мадзал ауагътам, уым æвдыст æрцыдысты цалдæр фильмы Галаты Барисы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Æрæмбырдуæвджытæ стыр цымыдисимæ бакастысты ахæм фильмтæм: «Имена. Борис Галаев. Память о самих себя» – режиссер Албегаты Артур, анимацион фильм «Привычка» – режиссер Хъараты Алексей æмæ «Время Бориса Галаева»-мæ. Мадзалы фæлгæтты ма адæмы рæгъмæ рахастам сувенирон продукцийы равдыст, националон къæбиц æмæ ирон æвзагыл академион концерт. Ардæм æрбацыдис тынг бирæ адæм, музыкæйæн аргъ-гæнджытæй зал уыдис йедзаг. Уымæн æмæ пандемийы фæстæ ахæм массон мадзал уагъд цыдис фыццаг хатт. Аивадæн табугæнджытæ аккаг аргъ скодтой мадзалæн æмæ нын дзырдтой стыр бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ. Уæлдæрбанысангонд фильмтæ ма фæстиваль «Урал-Кавказ: связующие нити. Осетинские параллели»-йы фæлгæтты æвдыст æрцыдысты Уæрæсейы столицæ Мæскуыйы дæр. Уым ма уыцы рæстæджы гастролты уыдис Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр дæр æмæ сыл тынг фæцин кодтам се ‘рцыдыл. Ирон театры спектакльтæ нын баххæст кодтой нæ мадзал æмæ аивадæн табугæнджытæ хуыздæр базонгæ сты ирон культурæимæ. 14-æм апрелы та уыцы фильмтæй сæ иу «Время Бориса Галати» æвдыст æрцыд Дзæуджыхъæуы Кинойы хæдзары дæр. Документалон фильмы режиссер у Рафаэль Гаспарянц æмæ йæ продюсер та – Туаты Теминæ.

Алы нацийæн дæр йæ удварны рæзтæн сæйраг ахъазгæнæг вæййы йæ культурæйы æмвæзад. Æндæр адæмтæ йын фæаргъ кæнынц йæ культурæмæ гæсгæ. Ирон адæмæй ивгъуыд æнусты культурæйы рæзтмæ стыр хайбавæрд чи бахаста æмæ дзы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ чи ныууагъта, уыдонæй сæ иу уыд фыццаг ирон композитор, этнолог, фольклорист, Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон ахуыргæнæндон æмæ нæ республикæйы кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрæг, афтæ ма кинофильм «Фатимæ»-йы музыкæйы автор Галаты Барис. Уый егъау куыст бакодта ирон адæмон зарджыты мелодитæ ныффыссын æмæ сæ нотæтыл сæвæрыныл. Галаты Барисы стыр куысты руаджы ирæттæм ССР Цæдисы æндæр адæмтæй раздæр фæзындысты зарджыты æмбырдгæндтæ, ансамбльтæ æмæ оркестртæ. Уый райста профессионалон æмæ алыварсон музыкалон ахуырад æмæ йæ адæ-мæн та ныууагъта, аргъ кæмæн нæй, ахæм егъау культурон бынтæ. Галаты Барисы культурон бынтæ сахуыр кæнын æмæ бахъахъхъæныны тыххæй арæзт æрцыдис йæ номыл культурон фонд æмæ уæдæй нырмæ архайæм ууыл, цæмæйдæриддæр популяризацигонд цæуа йе сфæлдыстад дæр æмæ йæ ном дæр. Барисы сфæлдыстадон бынтæ пайда æрхæссиккой нæ музыканттæн, культурæ æмæ аивадиртасджытæн», – банысан кодта фонды директор Гаглойтэ Лианæ. Галаты Барисы номыл культурæйы фонды директор ма куыд банысан кодта, афтæмæй июны мæйы фæнд кæнынц Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты дæр сорганизаци кæнын ахæм æнгæс мадзал, цæмæй хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ дæр бакæсой уыцы фильмтæм æмæ хуыздæр базонгæ уой Галаты Барисы цард æмæ сфæлдыстадимæ. Мадзалы формат бæрæг нæма у, фæлæ йыл куыст цæуы. Галаты Барисы номыл фонды директор Гаглойтэ Лианæ ма куыд банысан кодта, афтæмæй Ирыстон, ирон æвзаг æмæ ирон культурæмæ стыр цымыдис здахынц республикæйæн æдтейæ. Уымæн та æвдисæн у уый, æмæ Галаты Барисы тыххæй цы фильмтæ ист æрцыдис, уыдонæн финансон æххуыс кæй бакодтой Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министрад.

Пресс-конференцийы ма Гæбæраты Андрей фе-хъусын кодта, рæхджы хуссарирыстойнаг æмæ свердловскаг архивтæ æмгуыстад кæй кæндзысты, цæмæй-дæриддæр баххуыс кæной, Галаты Барисы хæдзар-музейы цы сфæлдыстадон бынтæ æмæ æрмæг ис, уыдон сахуыр кæнын æмæ сыл дарддæр бакусыны хъуыддаджы. «Ацы æххуыс стыр ахъаз фæуыдзæнис нæ куыстæн, уымæн æмæ Галаты Барисы хæдзар-музейы цы æрмæджытæ ис, уыдон æндæр никуыуал сты æмæ сæм цымыдис дæр уымæн кæнынц», – загъта Гæбæраты Андрей.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис зындгонд композиторы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, чи уыдысты йе ‘мбæлттæ, уæды рæстæджы цавæр æмвæзадыл уыдис музыкæ, куыд ын аргъ кодтой, Уæрæсеимæ йын цавæр бастдзинæдтæ уыдис æмæ йын йе сфæлдыстад бындуронæй кæй хъæуы ахуыр кæнын.

Пресс-конференцийы уазджытæ ма фехъусын кодтой, зæгъгæ, уыдон бацархайдтой æмæ мыхуыры рауагътой чиныг «Духовные песнопения» Галаты Барисы сфæлдыстадæй, кæцытæ æвæрд сты йæ хæдзар-музейы æмæ йын рæхджы уыдзæнис презентаци дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.