РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт. Цы къорд фарстатыл æруынаффæ кодтой, уыдон æхсæн уыдысты закъонфæлдыстадон нысаниуæг кæмæн уыд, ахæмтæ дæр.

Рабадты райдианы йæ хайадисджытæ раарфæ кодтой Бекъойты Геннадийæн, Хицауады Сæрдары хæдивæгæй æмæ Экономикæйы рæзты министрæй нысан кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ йын сæ цæст бауарзта æнтысгæ куыст. Уымæй дарддæр ма æркастысты, Хицауады æрæджы цы кадрон ивындзинæдтæ æрцыдис, уыдонимæ баст фарстатæм. Цæвиттон, ныхас цыдис экономикон рæзты министрады штатон структурæ сфидар кæнын, афтæ ма экономикæйы реалон секторы инвестпроекттæ равзарын, æргътæ æмæ тарифтæ бæстон кæныны фæдыл къамисы скондмæ ногæй æркæсыныл.

Дарддæр рабадты æруынаффæ кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Паддзахадон гимны тыххæй «РХИ-йы Конституцион закъоны проектыл. Ацы закъоны проекты Хицауады Аппаратмæ æрбарвыста Парламент, цæмæй йын закъондæттынадмæ гæсгæ официалон аргъ скæной.

Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег куыд банысан кодта, афтæмæй арæх, куыд дзыллон информацион фæрæзты, афтæ барадон акттæ дæр раст нæ фæфыссынц «Республикæ Хуссар Ирыстон» æмæ «Паддзахад Алани». Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй Республикæйы Конституцийы 1-æм хайы, 1-æм статьяйы фыст ис, зæгъгæ, нæмттæ «Республикæ Хуссар Ирыстон» æмæ «Паддзахад Алани» сты æмбар, ома, сæ алкæмæй дæр пайда кæнын хъæуы хицæнтæй.

Хицауады Сæрдар йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй республикæйы закъæтты æмбырдгонды нырма бирæ ис ахæм барадон документтæ, кæцытæ ист æрцыдысты 90-æм азты æмæ сæм хъæуы бындуронæй ногæй æркæсын, ног домæнтæм гæсгæ сæ æркæнын. Министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты зæрдыл æрлæууын кодта, сæ дæлбаруæвæг ведомствоты барадон акттыл бакусын æмæ сæ сног кæныны фæдыл фæндæттæ бахæссыны тыххæй сын цы хæслæвæрдтæ уыд, уыдоны.

Рабадты хайадисджытæ æркастысты æмæ сфидар кодтой «Этилон спирт, алкоголон æмæ спирт кæм ис, ахæм продукци уадзын æмæ реализаци кæныны паддзахадон бæстонкæнынады æмæ алкоголон продукцийæ пайда кæнын (нуазын) фæкъаддæр кæныны тыххæй» закъоны проектмæ. Бавдыста йæ РХИ-йы Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Санахъоты Батрадз. Уый дæр ацы бынатмæ снысан кодтой æрæджы æмæ йын уый фæдыл раарфæ кодтой рабадты хайадисджытæ.

Санахъойы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй банысангонд закъоныл бакусыны æнæмæнгхъæуындзинад фæзынд, алкоголон продукци æмæ реализаци чи бæстон кæна, ахæм закъон дæттынадон базæ кæй нæй, уымæ гæсгæ. Афтæмæй та æмбæстæгты экономикон æнæниздзинадæн æмæ æмткæй республикæйы æдасдзинадæн уый у ахсджиаг фарст. Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ ахæм закъоныл бакусынмæ бацамыдта республикæйы Президент. Уый ма, афтæ банысан кодта, закъоны проекты нысан кæй сты алкоголон кæнæ спирт кæм ис, ахæм продукци, цæмæй уадзынц, уыцы хомысмæ æнæмæнгхъæуæг домæнтæ, афтæ ма йæ экспортмæ æмæ импортмæ дæр бахæссыны домæнтæ. Уыдæттæ та, куыд загъта, афтæмæй домынц, цæмæй æндæр барадон акттæм дæр хаст æрцæуой ивындзинæдтæ.

Æмбырды дзырд цыдис республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыст дарддæр хуыздæр кæныныл. Йæ модернизацийы фæдыл масштабон куыст æххæст кæныны нысанæн фидар æрцыдысты коммуналон лæггæдтæй пайда кæныны нормативтæ. Уыцы лæггæдтæм, сæйраджыдæр, хауынц донифтонгад æмæ электроифтонгад.

Ацы фарсты фæдыл Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, ахæм нормативтæ райсын æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй фидар æрцæуой экономикон æгъдауæй раст тарифтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм нормативтæ сбæрæг кæныны размæ стыр куыст бачындæуыд, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдтæй чи пайда кæнынц, уыцы фæлхасгæнджыты æндæр æмæ æндæр категоритимæ. Уый фæстæ сæм, зæгъгæ, æркаст экспертон къорд, кæцыйы сконды уыдысты уæрæсейаг специалисттæ.

Æмбырды хайадисджытæ байхъуыстой æмæ хорзыл банымадтой «2018 азы 9 мæймæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты сæххæсты тыххæй» финансты министр Хæбæлаты Азæйы хыгъд.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй банысангонд рæстæджы паддзахадон бюджет æфтиæгтæй æххæст æрцыд 4 миллиард 799 милуан 745 мин сомæй, хæрдзтæй та – 5 миллиард, 071 милуан 157 мин сомæй, афтæмæй дефецит рауад 271 милуан 412 мин сомы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ фиддонон æмæ æнæфиддонон æфтиæгтæ æххæст æрцыдысты 932 370,3 мин сомæй. 2017 азы æмбæлон рæстæгмæ абаргæйæ уыдон фæфылдæр сты 201 636,3 мин сомы, ома, 27,6 проценты.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн куыстуатæн субсидитæ радтын сæ хæрдзтæ бамбæрзыны тыххæй. Уыцы хæрдзтæ баст уыдысты, афтæхуыйнæг «социалон» дзул уадзынимæ. Уый конд цыдис 1-аг сорты  мæнæуы ссадæй. Иу дзулы уæз та уыд 600 граммы. Афтæ ма фидар æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны профессионалон ахуырадон организациты студенттæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты стипендитæ нысан кæнын æмæ фидыны фæтк».

РХИ-йы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали уый фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, ам бахынцын хъæуы профессионалон колледжы ахуыргæнинæгты интерестæ дæр, кæцытæн сæ ахуыры æмгъуыд у афæдзæй къаддæр æмæ уый тыххæй ницы дзырдæуы банысангонд фæткы.

Рабадты æркастысты æмæ сфидар кодтой Республикæйы хъæуты цæрджытæй æрдзон æнамонддзинæдтæ æмæ зынгсирвæзтыты рæстæджы кæмæн разианчындæуыд, уыдонæн баххуыс кæныны тыххæй Хицауады уынаффæмæ.

Афтæ ма уынаффæ цыдис къорд æндæр фарстатыл дæр.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.