Цахæм хъуамæ уа Ирыстон, ирон адæймаг, æмткæй, ирон культурæ, ахæм æмæ ма æндæр ахсджиаг фарстыты фæдыл йæ пресс-конференцийы лæмбынæг дзуаппытæ радта Хуссар Ирыстон Паддзахад-Аланийы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Пресс-конференци уагъд æрцыдис Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры. Мадзал уагъта информацион агентад «Рес»-ы къухдариуæггæнæг Уазæгты Юри.

Пресс-конференцийы райдианы уал Культурæйы министр Зассеты Жаннæ бузныджы ныхæстæ загъта журналисттæн, уыдон фыццæгтæ кæй вæййынц культурон мадзæлт-тæн аргъ скæныны æмæ сæ адæмы рæгъмæ рахæссыны хъуыддаджы.  Уый фæстæ дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн.

– Адæм театры бакондмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц. Эксплуатацимæ кæд æрцæудзæн лæвæрд ацы культурон артдзæст?

– Ацы фарст канд культурон æмæхсæнадæн нæу иттæг ахсджиаг, фæлæ ма нæ паддзахадæн дæр. Кæд æмæ дзырд цæуы театры сырæзты æмгъуыдыл, уæд зæгъдзынæн афтæ æмæ театры сценæйы конструкци ласт æмæ æвæрд куы æрцæуа, сценæмæкæсæгæн æмæ актертæн æппæт уавæртæ дæр арæзт куы æрцæуой, фонтан æмæ йе ‘рбахизæнтæ хæрзарæзт куы рцæуой, уæд дзурдзыстæм эксплуатацимæ йæ радтын æмæ йе скусыны хъуыддагыл дæр. Æмæ уæд фидарæй зæгъдзыстæм театр цæттæ кæй у, уый. Ацы фарст ис нæ Президенты хъусдарды бын, уый алы къуыри дæр æмбырдты æруынаффæ кæны театры арæзтады цыды гъæд æмæ æмгъуыды тыххæй. Фарст вазыгджын у. Къултыл нывгонд цы æрцыд, уыдон сты рæсугъд. Фæлæ нæ адæмæй ирон культурæйы артдзæсты хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсынц, уыцы театрæн табугæнджытæм ацы хъуыддаджы взæрынц фарстытæ. Взæры сæм цавæрдæр дызæрдыгдзинад сæ мидис æмæ нысаниуæджы фарсты хъуыддагмæ. Уыдон иууылдæр арæзт æрцыдысты æмæ сæм ногæй бавналой æмæ сæ фæивой, уый раст нæ уыдзæнис.

– Къултыл фыст нывтæй Уастырджийы фæлгондз ацы ран у бынтондæр æндæргъуызон, сырх къахыдарæсы.  Хъæуы йæ раивын, уымæн æмæ йæм ног фæлтæр куы кæсой, уæд сæ хъуыдыйы баззайдзæнис ам куыд ныв у, ахæмæй. Дæумæ та куыд кæсы?

– Ног къуыри махæн, аивадон-экспертон уынаффæгæнджытæн уыдзæнис рабадт æмæ фарст сæвæрдзынæн уым, цæмæй йыл æруынаффæ кæнæм æмæ иу хатдзæгмæ æрцæуæм. Æз байхъусдзæн, бакæсдзынæн нæ историкты дзуаппмæ дæр æмæ йæ хъуамæ базонæм, ахæм рæдыд дзы уагъд цæмæн æрцыдис, уый æмæ йæ уæд сымахæн дæр фехъусын кæндзынæн.

– Дам-думтæ цæуы, зæгъгæ, театры къултыл нывгонд æрмæджытæ сты гипсокартоныл. Раст у, æви нæ?

– Техникон фарстытæн уын сдзуапп кæнон, уымæ цæттæ нæ дæн. Фæлæ уый зонын æмæ гипсокартоныл ныв кæй не сты, уый æцæг у.

– Цахæм ахастытæ уын ис æндæр регионты культурæйы министрадтимæ?

– Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрадимæ нын ис тыхджын хорз ахастытæ. Ахæм ахастытæ ма не ‘хсæн ис Цæцæны республикæйы культурæйы министрадимæ дæр. Ацы мæй фæнд кæнын ацæуын Санкт-Петербургмæ. Уым æрæм-бырд уыдзысты æппæт регионты культурæты министртæ, се ‘хсæн ис Казаны, Буряти, Уфайы бæстæты минæвæрттæ дæр. Мах развæлгъау бадзырдтам уыдонимæ цæуыл ныхас кæндзыстæм нæ фембæлды рæстæджы, ууыл. Ома, нæм уыдон кæд æнхъæлмæ кæсдзысты æмæ сæм мах та кæдмæ æнхъæлмæ кæсæм, уый тыххæй. Тынг мæ фæнды, уæдмæ театр дæр бакæн-дзыстæм, цæмæй æндæр рæттæй махмæ дæр æрцæуой æмæ сын фенын кæнæм нæ культурæ, цы нæм ис, цæмæй хъæздыг стæм, æппæт уыдон. Æрмæст нæ кæмттыл æмæ хæхтыл дзырд нæ цæуы, махмæ ма ис ахæм сфæлдыстадон æмæ курдиатджын адæм, цымыдис чи сæвзæрын кæны уазджытæм. Нывæзтмæ хаст æрцыд кафты фестиваль Гаглойты Хазбийы номыл. Уый Ирыстоны зындгонд уыдис, куыд курдиатджын хореограф æмæ кафæг. Уый уыдис «Симд»-ы фидыц æмæ нæ бафæндыд йæ номыл кафты фестиваль ауадзын. Тынг мæ фæнды, цæмæй нæ театр йæ дуæрттæ куы байгом кæна, уæд ауадзæм дунеон театралон фестиваль. Нæ театр нын цыппар ног спектаклæй сæ репертуар фæхъæз-дыгдæр кæндзысты, æмæ уыцы фестивалæн дæр ахъаз фæуыдзысты.

Махæн нæ театрæн ис стыр истори æмæ мæ фæнды, цæмæй алы регионимæ дæр баст уа. Цыдæриддæр адæмтæ нæм се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтой хæсты рæс-тæджы, уыдонæн мах та дзуаппы хуызы бузныг зæгъдзыстæм нæ культурæйы, не сфæлдыстады руаджы. Фидæнмæ дæс азы æххæст кæны 2008-æм азы хæстон архайдтытыл æмæ нын Стыр Уæрæсе нæ хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл. Æмæ ацы аз уыдонæн хъуамæ зæгъæм стыр бузныг нæ аивады æвзагæй.

– Зынгæ ахуыргонд, иранист Абайты Васойы хæдзар-музейы арæзтады тыххæй уæм цы ног зонæнтæ ис?

– Абайты Васойы хæдзар-музейы арæзтады тыххæй хъæуы дыууæ милуан æмæ авд сæдæ мин сомы бæрц. Ацы хæдзар хъуамæ сырæза 2018 азы, уымæн æмæ уый комкоммæ дæр у Президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрд æмæ йын уый тыххæй стыр бузныг зæгъын. Хæдзар-музейæн ис йæхи статус, фæлæ мах фæнды, цæмæй ацы хæдзар суа куыд удæгас организм, афтæ. Ома, уый хъуамæ æппынæ-дзух куса. Хæдзар кæнæ уыдзæнис Васойы номыл æрыгон филологты скъола, кæнæ та литературон музей. Ис нæм ацы фарсты тыххæй фондз варианты, æмæ дзы иуы тыххæй æруынаффæ кæндзыстæм. Махæн Абайты Васо стыр лæгыл нымад у. Уый зонадон куыстыты руаджы мах бирæ бæстæтæ базыдтой æмæ йын мах хъуамæ макуы рох кæнæм йæ ном.

– Культурæйы министрадты ‘хсæн интеграцион куыст куыд æххæст цæуы?

– Ныридæгæн Культурæйы министрады хаххыл Уæрæсейы Федерациимæ бафыст æрцыдис цалдæр сразыдзинадыл, æмæ æххæст цæуынц. Куыст цæуы, цæмæй нæ кæрæдзимæ хуынд цæуой сфæл-дыстадон коллективтæ. Махæн ныр ис уыцы фадат, цæмæй музейты кусджыты арвитæм сæ дæсныйад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй Уæрæсейы Федерацимæ. Махæн ма ис ахæм бадзырд дæр, цæмæй Уæрæсейы хуыздæр театралон уæл-дæр ахуыргæнæндæттæм арвитæм фæсивæды, афтæ ма культурæимæ баст дæсныйæдтыл сахуыр кæныны тыххæй дæр. Фембæлд нын уыдзæ-нис Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министр В. Мединскиимæ дæр. Уыдон цæттæ сты махимæ æмгуыстадмæ уæлдæр цы фестивалты тыххæй загътон, уыдон фæл-гæтты. Цалдæр проекты нæм сæххæстгæнинаг у Гергиты Ларисæ дæр

– Куыд зонæм, афтæмæй арæзт æрцыдис дыууæ проекты 1992  æмæ 2008-æм азты хæстон архæйдтытæ сæнусон кæныны тыххæй.  Уыдонæй сæ иу саразынмæ хъавынц зæронд кинотеатр «Фидиуæг»-ы бынаты. Проекттæй сæ иу у дзæнæттаг, гениалон нывгæнæг Джуссойты Иналы арæзт. Уæ хъуыдымæ гæсгæ, кæцы проект хъуамæ æрцæуид арæзт?

– Æз Джуссойты Иналы (Бегейы) хорз зыдтон мæ куысты руаджы. Уый ацы проекты, афтæ зæгъæн ис, æмæ нывæрдта йæ уд, йе стыр фантази. Æмæ у тынг цымыдисон. Уый ацы проекты фæдыл йæ хъуыдытæ куы дзырдта, уæд сæ зындис йæ зæрдæйы стыр маст æмæ æрхæн-дæгдзинад. Æз мæхæдæг дæн уыцы проект саразыны фарс. Уый у тынг диссаджы проект, зыны дзы æгъдау, хъайтардзинад, фыдох æмæ не ‘мзæххон фæмардуæвджыты ном сæнусон кæныны хъуыддаг.

– Цахæм ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кæсут уæ министрады?

– Тынг зын мын у ацы фарстытæн сдзуапп кæнын. Цæмæн, уый дæр уын зæгъон. Мæнмæ гæсгæ, министрады хъуамæ кусой ахæм адæм, кæцытæн сæ зæрдæйы, сæ хъуыдыйы ис æрмæстдæр ногдзинад, хорздзинад, æгъдау, сфæлдыстад. Ахæмтæ нæм ис, фæлæ, хъыгагæн, сты цъус. Цы ивындзинæдтæ нæм уыдзæн? Мах бацæттæ кодтам фидæнмæ культурон мадзæлттæн нывæзт, æнæхъæн азы дæргъы цы арæзт хъуамæ æрцæуа, уый тыххæй. Цыдæриддæр нæм Ирыстоны зындгонд сфæлдыстадон адæймæгтæ, фысджытæ, артисттæ, куырыхон лæгтæ уыдис, уыдон нæмттæ хъæуы æрæмысын. Цоциты Къæдзæх, Цæбиты Нинæйы кой куы нæ ракæнæм æмæ Годжыцаты Исахъхъы зарджытæм куы нæ хъусæм, уæд нæ рохуаты аззайдзысты. Уый тыххæй мæ фæнды мадзæлттæ сæ номыл бацæттæ кæнын. Ис нын фидар культурон бындур, æрмæст æй хъæуы дарддæр аразын.

Нæ сывæллæттæ хъуамæ зоной Тугъанты Махарбегæн йæ фарсмæ куы нæ уыдаиккой Хуссар Ирыстоны нывгæнджытæй цалдæр, уæд, чизоны, уый дæр бамыр уыдаид æмæ йын ахæм æнтыстытæ нæ уыдаид аивады. Абон махмæ Хуссар Ирыстоны ис фидар нывгæнджыты скъола.

Тынг зын хъуыддаг ма у, исты мадзæлттæ куы фæаразæм æмæ сæм адæмы куы фервитæм зал байдзаг кæныны тыххæй, уый. Æрæджы арæзтам Сагкаты Валерийы мысæн изæр æмæ йæм адæм не ‘рбацыдысты. Зын у, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдайдæр та сæ чи бацæттæ кæны, уыдонæн. Фæнды мæ, цæмæй ирон æгъ-дау ирдæй зына не ‘хсæнады царды. Алчидæр нæ хæсджын у, цæмæй æгъдауыл хæст уæм.

– Хуссар Ирыстоны библиотекæты куыст куыд цæуы æмæ цас арæх  кæны ног чингуыты фонд?

– Абон библиотекæйы куысты системæ ахуыргæнгæйæ нæ бон зæгъын у уый æмæ чингуытæ кæсыны хъуыддаг нымæг кæй кæны. Чиныгкæсæджы нымæц къаддæр кæны. Бирæтæ фылдæр кæсынц электронон чингуытæ интернеты руаджы. Фæнды мæ зæгъын уый æмæ ноябры кæрон æгас республикæйы уагъд кæй цæудзæн стыр библиотекон бæрæгбон. Ацы проектыл кусынц библиотекæгæстæ æмæ уыдзæн цымыдисон мадзал.

Сымах зонут куыд паплойгонд æмæ сыгъд æрцыдысты хæсты рæстæджы нæ библиотекæ-йы чингуытæ, уый дæр. Уымæ гæсгæ нын Уæрæсе гуманитарон æххуысы хуызы фервыста бирæ чингуытæ æмæ сæ стæм стыр бузныг. Абон нæ библиотекæты тынг цъус ис сы-вæллæтты литературæ. Тынг хъæуæг сты, зæ-гъæм, Маршакы, Чуковскийы чингуытæ. Фæнды нæ, цæмæй нæм ирон æвзагыл уа сывæл-лæттæн хъæздыг литературæ. Фæнды нæ, цæмæй уырыссаг чиныг раздæрау хæццæ кæна хъæуты цæрджытæм. Уый фæдыл ныхас цыдис районты администрациты къухдариуæггæн-джытимæ æмæ йыл бакусдзыстæм.

– Хъæууон библиотекæты куыст ныллæг æмвæзадыл кæй ис, ууыл, æвæццæгæн, разы стут. Цы арæзт цæуы уый тыххæй?

– Фарон æхгæд æрцыд Бихъары хъæуы библиотекæ. Уымæн æмæ дзы адæм нал цæры. Мæн нæ фæнды æмæ ма нæм æхгæд æрцæуа искæцы библиотекæ. Ис сын бæрæг нын чи сты, ахæм проблемæтæ сæ куысты мидæг. Кæмæн дзы йæ агъуыст тæдзы, иннфæмæн та йæ хъармгæнæн нæ кусы æмæ афтæ дарддæр. Ахæм уавæрты кусын та у тынг зын æмæ мах сæ уавæры уыдонæн цæуæм.

Нæ бон куыд уа, уымæй сæм фæкæс-дзыстæм. Фæлæ абон махмæ уыцы фæрæзтæ нæй, цæмæй сæ иууылдæр капиталон цалцæг скæнæм. Разы дæн уемæ, ис дзы ахæмтæ, кæцытæ куыд æмбæлы, ахæм куыст нæ кæнынц библиотекæты.

Ацы къабазы ис бирæ лыстæг фарстытæ æмæ сæ скъуыддзаг кæндзыстæм.

– Дзауы районы нæй культурæйы хæдзар. Сæ мадзæлттæ кæм ауадзой уый бынат сын нæ вæййы æмæ фæтыхсынц. Ацы фарст куыд скъуыддзаг цæуы министрады ʻрдыгæй?

– Ацы фарсты фæдыл тынг арæх цæуы дзырд. Фæндагыл фæцæйцæугæйæ, зæрдыл æрлæууы Дзауы кæддæры нæргæ клуб. Бузныг, райцентры ныртæккæ цы сценæ арæзт æрцыдис, уый саразджытæн. Ацы ран ауадзынц сæ мадзæлттæ, фæлæ тæвд æмæ уазал бонты у проблемон. Дзауы æнæмæнг хъæуы саразын культурæйы хæдзар куыдфæндыйæдæр. Ацы фарст ис нæ Президенты хъусдарды бын æмæ мæ уырны, æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис, уый.

– Куыд зонæм афтæмæй рæхджы скусдзæнис нæ театр. Актерты тыххæй нын загътай, базонын ма нæ фæнды театры куысты иннæ ахсджиаг дæсныйæдты тыххæй дæр?

– Раст фарст у. Цæмæй театр куса æххæст хъомысæй, уый тыххæй ма актертæй дарддæр æнæмæнгхъæуæг сты хореографтæ, джазон къордты кухдариуæггæнджытæ, стыр мадзалуадзджытæ, монтертæ æмæ æндæр ахæм кусджытæ. Уыдон хъуамæ уой, цас хъæуы, уымæй фылдæр. Уымæн æмæ исты аххосагмæ гæсгæ спектакль ауадзыны рæстæг ивд ма хъуамæ æрцæуа, фæлæ специалист ивд æрцæуа æндæрæй. Абон ацы фарст æххæстæй нæма у скъуыддзаг æмæ йыл куыст цæуы дарддæр.

– Хуссар Ирыстоны нывгæнджытæн нæй куыд æмбæлы, ахæм æрмадзтæ, сæ куыстытæ кæм равдисой, ахæм зал. Фарст куыд скъуыддзаг цæуы æмæ уавæр кæд фæивдзæн?

– Ацы фарст мæ разы слæууыд министрæй кусын куы райдыдтон, уымæн йæ фыццаг бонæй. Нæ нывгæнджытæн ис кæм кусой уый, фæлæ дзуапп нæ дæтты абоны домæнтæн. Хуссар Ирыстон нывгæнджытæй хъæздыг у, уарзынц нывгæнæджы дæсныйад. Æмæ йæ æрмæст уарзгæ нæ, фæлæ æмбарынц, нæ адæм æвзыгъд сты ацы хъуыддагмæ. Уый бæ-рæг у æрвылаз дæр æрыгæттæй бирæты нæ нывгæнæндонмæ бацæуын кæй бафæнды, уы-мæй дæр. Равдыстыты зал дæр у къаннæг, стæй цасдæрбæрцæй дзуапп нæ дæтты абоны до-мæнтæн. Уыцы уавæртæ куынæ вæййынц, уæд нывты мидис æххæстæй нæ фæзыны æмæ сæ равдыстмæ бацæуджытæ нæ фембарынц. Уый аххосæй кæд ныв февдисы æмæ дзурæг вæййы ахсджиаг фарстыл, уæддæр нæ фæцæуы сæ зæрдæмæ. Нæ горæты хъуамæ уаид 100 нывы кæм цæуа, ахæм зал, æмæ мæ уырны, тагъд рæстæджы нæм кæй фæзындзæни, уый.

– Цахæм цæстæнгасæй кæсут нæ горæты ансамбль «Бонвæрнон»-æн цырт сæвæрыны фарстмæ?

– Стыр аргъ кæнын æмæ кæндзынæн «Бонвæрнон» аразджытæн æмæ дзы уæдæй абонмæ чидæриддæр архаидта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Уыдонæн цырт саразыны ныхмæ ницы зæгъын, фæлæ – фæстæдæр. Абон нын ис бирæ æндæр ахсджиаг æмæ скъуыддзаг кæнинаг фарстытæ æмæ уал уыдоныл фæтых уæм.

– Хуссар Ирыстоны ис бирæ мæсгуытæ. Уыдонæй иуæй-иутæн азæй азмæ сæ уавæр кæны мæгуыраудæр. Цахæм мадзæлттæ ист цæуы, кæнæ цæудзæнис сæ сæндидзын кæныны тыххæй?

– Раст зæгъут. Хуссар Ирыстоны ис тынг бирæ мæсгуытæ. Цæмæй уыдон сæндидзыдгонд æрцæуой, уый тыххæй фыццаг сбæрæг хъæуы цы бынæтты сты, уый. Уый фæстæ сын саразын хъæуы хъæуæг документтæ. Сбæрæг сын хъæуы сæ хæрдзтæ æмæ уæд уый фæстæ гæнæн ис æмæ сæ сæндидзын кæныныл дæр бакусæм æмæ æххуыс дæр æрдомæм.

– Цалдæр азы размæ нæ адæмыл айхъуыст, зæгъгæ,  музейæ фесæфт цалдæр экспонаты. Цы баисты?

– Уыцы экспонаттæй иу уыд «13 коммунары» ныв. Абон дæр æй нæ зонæм цы фæцис, æмæ йæ куыд ахастой, уый. Уымæн æмæ уыд  егъау, рахæссæн ын нæ уыд дуарæй. Фарсты тыххæй хъаст лæвæрд æрцыд бæрнон структурæтæм, фæлæ кæй ницы фæд разынд, уый тыххæй æхгæд æрцыд. Уый нæ нысан кæны, æмæ йæ нал агурдзыстæм, агурдзыстæм æй, фæлæ ныр бæстондæр.

Пресс-конференцийы фæстæ министр мы-хуыры кусджыты бæстон æмæ лæмбынæгдæр базонгæ кодта ног 2018 азы нывæзтимæ. Уый та у уæрæх æмæ алыварсон.

 

Цхуырбаты Лариса,

Гæззаты Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.