Республикæйы дарддæр цæуы, Украинæйы хæстон операцийы чи архайы, уыдонæн æххуысы акци. Ныр уыцы арфæйаг хъæппæрис волонтертæ æмæ алыхуызон æхсæнадты уæнгты къухæй айстой хицæн адæймæгтæ, мыггæгтæ, хъæубæстæ… Алчи дæр архайы йе ‘ххуысы хай иумæйаг уæлахизмæ бахæссын.

Уыдонимæ хорз хъæппæрис равдыстой Тарскæйы хъæубæстæ дæр. Йæ цæрджытæ æмзонд æмæ æмзæрдæйæ æрæмбырд кодтой 50 тоннæйæ фылдæр гуманитарон æххуыс. Уыдонимæ: дæттæ, дыргътæ, адджинæгтæ, хисыгъдæггæнæн фæрæзтæ, хъарм дзаумæттæ… Æфсинтæ ма сæм бафтыдтой 1000 фылдæр ирон чъирийы.

Гуманитарон æххуыс Тарскæйæ Донбассмæ цалдæр лæппуимæ араст  20-æм мартъы. Бæлццæттæн сæ ацæуыны размæ æртæ чъирийæ скуывта хъæуы кувæг лæг Дзиццойты Алан: «О, Хуыцау, абон ацы бынатæй цæуынц нæ кæстæртæ æмæ сын æххуысгæнæг фæу, фæстæмæ сæ хæдзæрттыл дзæбæхæй куыд сæмбæлой! Уастырджи, дæ рахис базыры бын сæ бакæн!  Нæ кæстæртæ тохы цæхæры сты æмæ се ‘ппæтæн дæр баххуыс кæн. Ацы фыддуг тагъддæр куыд фæуа æмæ уæлахизимæ сæ къонатæм куыд æрæздæхой, Хуыцау нын ахæм арфæ ракæнæд æмæ рæстдзинад куыд фæтыхджын уа æмæ нæ Фыдыбæстæ Уæрæсе куыд фæуæлахиз уа!».

Тарскæйы Ныхасы уæнг Джусойты Сослан куыд загъта, афтæмæй хъæубæстæ равдыстой арфæйаг хъæппæрис. Иунæг адæймаг дæр йæхи æххуыс кæнынæй иуварс нæ айста. Хастой, кæмæн йæ бон цы уыд æмæ цас уыд, уый. Уæлдай лæггад бакодтой, хъæуы цы амалхъомтæ ис, уыдон.

Ацы хорз хъуыддаджы активондæртæ разындысты Багаты Рустам æмæ Алан, Хуыгаты Альберт æмæ Хъазыбег, Зассеты Альберт æмæ иннæтæ. Тарскæйæгты ныфс ис, сæ хъæппæрис сын æндæр хъæуты цæрджытæ дæр кæй айсдзысты, уымæй.

Республикæйы иннæ рæтты дæр цæуы алыхуызон акцитæ лыгъд адæмæн баххуыс кæныны тыххæй. Адæмон фронт, стæй организацитæ «Мы Вместе», «Быть добру», «Многодетные семьи», «Новое поколение», «Фарн» архайынц, йæ цæрæн бынæттæ æнæбары чи ныууагъта, уыдонæн æххуыс кæныныл. Сывæллæттæн хæссынц дзаумæттæ, чингуытæ, адджинæгтæ, медикаменттæ, хъазæнтæ…

Рохуаты нæ баззадысты, Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпиталы цы сæдæйы бæрц цæф хæстоны хуыссынц, уыдон дæр. Лæппутæ сты алы рæттæй, бирæты дзы сæ бинонтæ зонгæ дæр нæ кæнынц, кæм ис, уый. Уымæ гæсгæ уазæгуарзон ирон адæмы сæ къух куыд амоны, афтæ буц кæнынц хæстонты, барвитынц сын алы зæрдæлхæнæнтæ.

                                                                     Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.