Бирæ фæдисы хъæртæ хъуысы ирон адæмы сомбоны, ирон æвзаджы мæгуырау хъысмæты тыххæй, æмæ адæймаг хъуамæ дурдзырт уа, цæмæй йæм уыцы хъæр ма фехъуыса, кæд æмæ «Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы», уæд.

Уæдæ цы ‘рцыди, цы федтой уыцы фæдис хъæргæнджытæ, æгæр тæппуд сты, æви æгæр цъиувæдис? Цæмæн сыл бафтыд тас нæ фидæны æбæрæгдзинадæй, кæд æмæ фидæны цы уыдзæн, уый ничи зоны, уæд? Чизоны æмæ не ‘хсæн цы пехуымпартæ цæры, уыдонæн сæ хъæлæсмæ хъусын нæ зонæм, уымæн æмæ мах нæ фæнды исты фыдуац нæм æрхæссой. Пехуымпарæн йæ амонд афтæ у, æмæ адæмæн зæрдæлхæнæн ныхас куынæ кæна, уæд æй кæнæ маргæ кæнынц, кæнæ та йæм нæ хъусынц æппындæр. Уæдæ цымæ не ‘взаджы хъысмæт æцæгæй афтæ кæуинаг æмæ сагъæссаг у, æви маринаг сты нæ фидиуджытæ, фæдис хъæргæнджытæ?

Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæры азтимæ абаргæйæ, ирон æвзагыл дзурджытæ, растдæр зæгъгæйæ та, ирон æвзаг уарзджытæ къаддæр кæнынц. Цæмæн? Уымæн æмæ фыцца-джыдæр æвзаг хъуамæ ахсджиаг уа адæмы царды. Ахсджиаг та афтæ, æмæ куысты, ахуыры, æндæр хъуыддæгты фæдыл цæугæйæ хъуамæ адæймаджы раз лæууа йæ мадæлон æвзаг зоныны хæс. Чидæртæ зæгъдзысты, ома, алкæмæн дæр йæ хæс у, цæмæй йæ мадæлон æвзаг зона. Уый раст нæу, уымæн æмæ мадæлон æвзагмæ йæ зæрдæйы уарзондзинад кæмæн ис, мады гуыбынæй йæ чи рахаста, науæд та мады æхсыримæ йæ туджы кæмæн ахъардта, ахæм адæм сты иу кæнæ дыууæ проценты. Иннæтæ та йæ хъуамæ ахуыр кæной, растдæр зæгъгæйæ та йæ хъуамæ бауарзой, уæдæ куыд?! Уый, ома, нæ мадæлон æвзаг нын уарзой, уый нæ хауы æндæр адæмты минæвæрттæм, уыдон нын не ‘взагыл тайой æмæ ‘руайой, æви нæ, уый мах хъуыддаг нæу, фæлæ цы паддзахады цæрынц, уым æвзагæн æххæст паддзахадон статус æмæ нысаниуæг куы уа, уæд сын тыхми кæнын нал хъæудзæн, уæд æй зондзысты, æнæ паддзахадон æвзаг зонгæйæ паддзахады цæрæн нæй, æмæ сæхиуыл кусдзысты. Науæд тæргæйттæ куы кæнæм, иннæ адæмы хæттытæ нын не ‘взагыл не ‘ввæрсынц, зæгъгæ, уæд уый паддзахадон адæмы уаг æмæ æгъдау нæу. Уый у чысыл къулбадæг сывæллоны æнæзæрдæмæдзæугæ уагахаст… Раст у, мах нырма фыццаг къахдзæфтæ кæнæм нæ паддзахадон арæзтады, фæлæ нын афон у хæрз хуымæтæг хъуыддæгтæм зæрдæргъæвддæр уæвынæн. Уымæ гæсгæ ныртæккæ зæрдæбынæй ахъуыдыйаг у ирон æвзагæн æцæг паддзахадон æвзаджы бартæ æмæ тых схай кæныны фарст. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр алкæйы зæрдæмæ нæ цæуы, гъе та цыбыркъух кæй стæм, уый дæр стыр цæлхдур у, фæлæ йæм иннæ ‘рдыгæй куы ‘ркæсæм, уæд мадæлон æвзагæн кæцыфæнды паддзахады дæр ис атрибутон æмæ стратегион нысаниуæг. Паддзахад канд гимн, тырыса æмæ гербæй нæ бæрæг кæны æндæр паддзахадты ‘хсæн, фæлæ ма цы ‘взагыл дзуры, фыссы, зары, хъуыды кæны, гæххæттытæ аразы, уымæй дæр. Ацы хъуыддаг тынг ахсджиаг у хæдуагæвæрд бæлвырд кæныны фадыджы дæр, ома, адæмыхатт йæхи национ фæндаг куы равзара, уæд йæ ахадындзинад, йæ дзырдхъомдзинад дунеон тыгъдады дæр фылдæр кæны. Науæд чи сты, æмæ ирæттæ кæм цæрынц, æмæ Ирыстоны Республикæйы цы æвзагыл  дзурынц, æмæ…  Æмæ уæд цы? Ницы!  Уæдæ нæ паддзахадон биографийы иу «ницы» дæр хъуамæ ма уа, уæлдайдæр та ахæм ахсджиаг фарсты, нæ адæмы иннæ хæрзиуджытæ, сæ удварн, сæ ивгъуыд, сæ истори, сæ культурæ, се ‘гъдау, сæ фидæн, сæ нымæцæн дæр сæ ратæдзæн, сæ гуырæн чи у. Кæд мадæлон æвзаг нал уыдзæн, уæд ма мах та цы уыдзыстæм?! Кæмдæр чидæртæ, цыдæр æнæзонгæ адæмыхатт, сæ уидаг кæмæн сыскъуыдæуыд, ахæм знæм, кæнæ се ‘взаг, сæ фыдызæхх æндæртимæ кæмæн сæмхæццæ, бæрæг чи нал дары, ахæм рагон цытджын фыдæлты æгад фæстагæттæ?! Раст у, алцæуыл хур дæр не ‘ххæссы, алы ранмæ уый дæр не ‘ндавы, фæлæ цымæ нæ зæрдæтæ цæмæй стъæлфынц, фæдисы хъæр цæй тыххæй хъусæм, уыцы фарстмæ хъуамæ æвæстиатæй ма æрæвналиккам! Науæд иутæ хъæр кæнынц, сæфæм, иннæтæ та сыл худынц, æмæ дзурынц, ма хъæр кæнут, æрратæ, кæм сæфæм, уый уæ цæстытыл цытæ уайы, зæгъгæ!

Æниу, уыдæттæ æгасæйдæр сты не ‘нкъарæнтæ, æмæ æвзаджы фидæны хъысмæт та кæуын æмæ дзыназынæй не ‘рцæудзæн скъуыддзаггонд. Ууыл сабыр зæрдæ æмæ бадт зондæй хъæуы бауынаффæ кæнын. Ацы ран, æхца дзы нæй, фæлæ фидар лæуут, зæгъгæ, ууыл ничи сразы уыдзæн. Нæ паддзахады уæрдон размæ цыппар цалхыл атулдзæн  æвзаг, тырыса, гимн, герб, æви æртæ цалхыл, къуыхцытимæ, уый абон хъæуы аскъуыддзаг кæнын, уымæн æмæ уый фæстæ иннæ цæлхытæ дæр куы рахауой, уымæй тас у…

 

Годжыцаты Нелли  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.