РХИ-йы уæлвæткон уавæрты министрады куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ фæстаг рæстæджы социалон хызæгты æмæ мессенджерты цы дам-думтæ апарахат сты, ома, республикæйы апарахат сты кæлмытæ, уый раст нæу. Кæлмытæ цæхгæр кæй фæфылдæр сты, уый фæдыл хъусынгæнинæгтæ «раздæр кæй нæма федтой ахæм 4 метры дæргъæн кæлмытæ» сæ нывтимæ катайы баппæрстой цæрджыты.

Ацы фарсты фæдыл комментаритæ радтой Уæлвæткон уавæрты министрады. Министрады сæргълæууæг Тадтаты Алан ацы дам-думтæ схуыдта мæнг æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг ирвæзынгæнджытæм нæй ахæм информаци.

«Уый Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады информаци нæу. Кæлмытæ кæй фылдæр кæнынц, уый дæр раст нæу. Уавæр у, раздæры азты куыд уыд, афтæ. Уæлвæткон уавæрты ведомствойы нæ бахъуыд уæлдай куыст бакæнын. Ис иугай фæсидтытæ, ирвæзынгæнæн службæ ацæуы æмæ аиуварс кæны тæссагдзинад», – банысан кодта Тадтаты Алан.

РХИ-йы Геологи, геодези, картографи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала дæр банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы нæ фиппайдæуы кæлмыты цахæмфæнды «æрбабырст». «Егертæ бæрнонæй æххæст кæнынц сæ куыст рахицæнгонд бынæтты, фæлæ уыдонæй ахæм информаци нæ райстам», – банысан кодта Бестауты Бала.

Сæвзæргæ уавæрæн комментаритæ радта Сочийы национ паркы зонадон кусæг, биологон зонæдты кандидат Лотиты Константин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны гадюкæйæ дарддæр цы кæлмытыл æмбæлæм, уыдон адæймагæн  тæссаг не сты. Кæлмыты тыххæй дзырд куы цæуа, уæд дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ницахæм мутантæ кæнæ гибридтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл не фæзындысты æмæ нæдæр  фæзындзысты. «Кавказы ахаста тынг тæвд боныгъæд æмæ адæм сæхи аппæрстой цæугæдæттæ æмæ цæдтæм, цыран арæх æмбæлынц, уым чи цæры, уыцы кæлмытыл, доны хуымæтæджы бурхъус кæлмытыл. Уыдоны алчидæр нымайы доны тынг тæссаг хуссайраг кæлмытыл, бурхъус æмæ хуссайраг хъæстæ гибридтыл, афтæ ма дзоныгъхъус  – арæх егъау æмæ бирæ хатт агрессивон кæлмытыл», – радзырдта Лотиты Константин.

Иннæрдыгæй та, бамбарын кодта уый, кæлмытæ дæр тыхсынц тæвды æмæ бырынц уазалдæр бынæттæм, адæймаджы раз æрдзон тæссагдзинад ницæмæ даргæйæ. «Кæлмыты раз тасдзинад уæвынад кæны, æмæ уый гæнæн ис æркæна трагикон фæстиуджытæм. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ адæймаджы æнцонтæй  куы бауырны, зæгъгæ, донпырхгæнæн шланг у кобра (маргджын калм), æмæ сырхфарс дзоныгъхъус калм та – гюрза, уæд гæнæн ис фыртасæй амæла», – йæ ныхасмæ бафтыдта ахуыргонд.

Уый ма зæрдыл лæууын кæны, зæгъгæ, сæйраг у цахæмфæнды калмыл амбæлгæйæ дæр, ма фæлварут йе ‘рцахысыныл кæнæ та йæ амарыныл.

Зæрдыл дарын хъæуы, Хуссар Ирыстоны Сырх чиныгмæ хаст кæй æрцыдысты кæлмыты стæм хуызтæ дæр, кæцытæ ныртæккæ хъахъхъæд цæуынц закъонæй бын. Уыдоны ‘хсæн сты Хуссар Ирыстоны хуссайраг гадюкæты дыууæ хуызы: кавказаг (хъæдты æмæ æрдузты цæрæг) æмæ Динника ( субальпы цæрæг).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.