Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндоны дæр райдыдта йæ куыст исæн къамис. Ацы ахуыргæнæндон хæссы Карсанты Уасилы ном, бындур ын æвæрд æрцыд 1931 азы. Уæдæй нырмæ бацæттæ кодта мингай медицинон хотæ, фельдшертæ, акушертæ. Нæ рынчындоны астæуккаг медицинон персонал æмæ дохтырты фæндаг медицинæмæ бирæтæн райдыдта ардыгæй. Кæддæр абитуриентты нымæц дзæвгар уыд – иу бынатмæ иу сæ гæххæттытæ балæвæрдтой 3-4 адæймаджы. Ныр сæ нымæц зынгæ фæкъаддæр. Рауагъдонтæн сæ иу хай ацæуы Уæрæсемæ уæлдæр ахуырад райсынмæ – чи лимиты фæрцы, чи – йæхи тыхтæй. Ам чи баззайы, уыдон фылдæр хай та равзарынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.

Афтæмæй та ам студенттæн нывыл уавæртæ ис – ифтонг сты райдзаст кълæстæй, ис сын спортивон зал. Æмдзæрæндон та ис ахуыргæндоны тæккæ фарсмæ. Хъæутæй æрцæугæ студенттæ ницæуыл фæтыхсынц, хорз уавæртæ сын ис æмдзæрæндоны – хæрæндон, хинайæн, гæрзтæ æхсæн машинæ. Студенттæ райсомæй практикæмæ ацæуынц рынчындонмæ, боны дыккаг æмбисы та райдайы сæ ахуыры  процесс.

Ахуыргæнæндоны райсæн ис медицинон хо æмæ акушеры дæсныйад. Ардæм бацæуынц 9-æм къласы бындурыл кæнæ астæуккаг скъолайы ахуырадимæ. Фæлварæнтæ дæттынц уырыссаг æвзаг æмæ биологийæ. Цалдæр азы размæ дзы уыд фельдшерон хайад дæр, фæлæ уый ныр æхгæд æрцыд. Афтæмæй та фæстаг цалдæр азы нæ республикæйы районты, дæрддзæф хъæуты, æдæппæтæй байгом ис 47 фельдшерон-акушерон пункты. Уыдонæй 16 сты ног модулон. Хæйттæй арæзт фельдшерон-акушерон пункты (ФАП-ы) кусджытæ хъуамæ бахъуаджы сахат кусой хъæууон уавæрты дохтырты бæсты æмæ ма кæной фыццаг æххуыс дæр. Медицинон ахуыргæнæндоны зæгъынц, зæгъгæ, ацы факультет сæхгæнынæн йæ аххосаг у, кæй йæм ничи цыд, йæ гæххæттытæ-иу ацы хайадмæ кæй ничи лæвæртта, уый. Ахуыры æмгъуыд дзы уыд æртæ азы æмæ фараст мæйы. Æвæццæгæн, абитуриенттæм уый бирæ фæкæсы æмæ уыцы факультет уымæн нæ равзарынц. Æви сæ ныфс нæ хæссынц, кæнæ æндæр цæйдæр аххосæй – уый зын зæгъæн у.

Исæн къамисы нын куыд загътой, афтæмæй сæм фæстаг цалдæр азы абитуриентты æхсæн бирæ ис хистæр кары адæм. Уыдонæн сæ фылдæр кусынц Бирæпрофилон медицинон центры санитаркæтæй.

Ам ма мын куыд загътой, афтæмæй сæ ахуыргæнæндон хорз ахъаз у, йæ цард медицинæимæ чи бæтты, дохтыры дæсныйад райсынмæ чи хъавы, уыдонæн. Æцæг, Советон дуджы медицинон ахуыргæнæдон-иу сырх дипломыл каст чи фæци, уыдон медицинон институтмæ æрмæст иу фæлварæн лæвæрдтой. Ныр афтæ нал у. Фæлæ, цæвиттонæн, дыууæ азы размæ сæ ахуыргæнинæгтæй иу, Тæтæрбиты Омар Æнæниздзинад хъахъхъæныны  министры æххуысы руаджы ссис Ставраполы медицинон академийы студент. «Россотрудничество»-йы æххуысæй ма медицинон институтмæ ацыд Бæ-гъиаты Кристинæ, уый дæр уыд ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон. Исæн къамисы уæнгтæ ноджыдæр æрхастой цалдæр дæнцæджы сæ рауагъдонтæй, зæгъгæ, ныртæккæ кусынц дохтыртæй. Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндоны рауагъдонтыл арæх фембæлæн ис Цæгат Ирыстон-Аланийы рынчындæтты æмæ сты хуыздæрты рæнхъыты. Зæгъæм, кардиолог Гæджиты Константин, хирург Медойты Вадим æмæ бирæ æндæртæ. Сæрыстыр сæ у медицинон ахуыргæнæндон.

P.S. Карсанты Уасилы номыл медицинон ахуыргæнæндоны хистæр фæлтæр куыд зæгъынц, афтæмæй Стыр Фыдыбæстон хæсты рæстæджы уыд эвакогоспиталь. Ардæм тохы быдыртæй ластой уæззау цæфты æмæ сын хос кодтой. Тохы хъæр куы æрнымæг, уæд хосгæнæндоны кусджытæн лæвæрд æрцыд Стыр Фыдыбæстон хæсты архайджыты статус.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.