ЦАРДЫ АЛЫХАТТ ДÆР ИС БЫНАТ СГУЫХТДЗИНАДÆН

Æвæдза, цæй диссаг у æрдзы хъуыддаг. Иуæй-иу адæймæгты сфæлдисы фырхæларзæрдæтæй, сæ радтæг адæмы æцæг патриоттæй. Ахæмтæ, æгæрыстæмæй, сæ цард дæр нæ бавгъау кæнынц Райгуырæн бæстæ,  хиуæттæ,  зонгæтæ æмæ се ‘мбæлтты царды сæраппонд. Ахæм диссаджы адæймæгтæн царды алы хатт дæр бынат разыны сгуыхтдзинæдтæ саразынæн.

 

ИУНÆГÆЙ БАЦЫД ÆНÆМСÆР ТОХЫ

Нæ цæст ма ахæссæм, нæ хъæбатыр лæппутæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды дæргъвæтин азты рæстæджы цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдоныл. Æвæццæгæн мæ иу уысм дæр рох нæу Джиоты Владикы (Басмачы) хъæбатырдзинад, кæцы иунæгæй, айнæг хохау, слæууыд бирæнымæц знæгты ныхмæ æмæ хъæбатырæй йæ мæлæт ссардта йæ Ирыстоны, йæ радтæг адæмы сæрвæлтау. ТЭК-ы нæ лæппутæ знæгты æрхъулайы куы бахаудтой, уæд ирон хæстонтæ фæхицæнтæ сты. Владикимæ ма баззадысты Тедеты Спартак æмæ Кокойты Мишик. Басмач куы бамбæрста, знæгтæй сын аирвæзæн нал ис, уæд дыууæйы дæр куыддæрты былæй ратъæпп кодта, цæмæй мæлæтæй аирвæзтаиккой. Йæхæдæг, йæ сæр бафснайыны бæсты, иунæгæй, айнæг хохау, удуæлдай тохы бацыд дæсгай знæгты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард… Афтæмæй, йæхи цард рауæлдай кæн-гæйæ, бахъахъхъæдта йæ хæстон æмбæлтты цард.

 

БАХЪАХЪХЪÆДТА ЛÆППУТЫ ЦАРД,  ЙÆХÆДÆГ ФÆМАРД

Цалдæр азы размæ нæ горæты æр-цыд трагикон цау. Цæвиттон, иу сæрдыгон бон дыууæ чысыл лæппуйы сæхи надтой Леуахийы донбылгæрæттæм æввахс. Уый размæ бонты тæрккъæвдатæ кæй уыд, уымæ гæсгæ Леуахи раивылдис. Лæппуты доны тыхджын уылæн аскъæфта æмæ дæлдон кæнын райдыдтой. Уæд сæ амондæн æмæ йæхи æнамондæн ууылты рацæйцыд нæ горæты цæрæг Кокойты Махар. Куыддæр сæ ауыдта, афтæ ныгæпп кодта ивылд донмæ. Лæппуты бæргæ аирвæзын кодта, фæлæ йæхæдæг фæмард…

 

ЙЕ СГУЫХТДЗИНАД ЫН БАЗЫДТА ÆРМÆСТ ИРЫСТОН НÆ, ФÆЛÆ УÆРÆСЕ ДÆР

2006 азы Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы студент Гæджиты Роберт аирвæзын кодта æртындæсаздзыд чызг Коцты Лорæйы. Чызг йæ хоимæ портийæ хъазыд Терчы былгæрон æмæ порти æнæн-хъæлæджы донмæ ныххауд. Лорæ бафæлвæрдта порти сисынмæ, фæлæ йæхæдæг дæр доны бахаудта. Æххуысмæ йæм фæзынд хъæбатыр Роберт æмæ чызджы раласта дамбамæ, фæлæ йæхицæн йæ бон нал ссис донæй рахизын…

Абон Лорæ йæхæдæг бинонты хицау у. «Роберт куы нæ уыдаид, уæд æз абон сæрæгас нæ уаин, нæ мын уыдаид сывæллæттæ дæр. Мæ ирвæзынгæнæджы никуы ферох кæндзынæн. Æз ын йæ ном дзурын æрвылбон дæр, мæ хъæбул Робертмæ куы фæдзурын, уæд. Ницæуыл бацауæрддзынæн, цæмæй мæ хъæбул макуы фегад кæна, кæй ном ыл сæвæрдтон, уыцы стыр адæймаджы ном», – загъта Коцты Лорæ.

Мæскуыйаг организаци «Боевое братство»-йы Советон Цæдисы хъайтар Борис Громов райста уынаффæ Роберты йæ амæлæты фæстæ «За ратную доблесть»-ы майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй.

 

«КОМБАТ СОЛНЦЕ»

Кæд рæстæг рацыд, уæддæр мæ нæ рох кæны цалдæр азы размæ Амуры областы горæт Белогорскы бастдзинады батальоны командир, майор, вол-гоградаг лæппу Сергей Солнечников цы хъайтардзинад равдыста, уый дæр. Уыимæ та йын  ацы бонты йæ ном æрымысыдысты Интернет тыгъдады. Æвзонг цардбæллон лæппу йæ цард нæ бавгъау кодта йе ‘мслужбæгæнджыты тыххæй. 2012 азы марты мæйы Солнечниковы батальоны хæстон цæттæдзинад бафидар кæныны тыххæй æфсæддонтæ фыццаг хатт æхстой хæстон гранатæтæ. Сæ иу, рæнхъон Максим Журавлев цы гранатæ фехста, уый бахауд æфсæддонты цурмæ. Тынг тæссаг уыд 9 æфсæддоны куы бабын уыдаиккой, уымæй, фæлæ Сергей Солнечников йæ риуæй бамбæрзта гранатæ, ахъуыды кæнынæн та йын уыд æрмæстдæр фондз секунды. Уый йæхи цардæй бахъахъхъæдта йе ‘мбæлттæй цалдæры цард. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йыл телеамонæг Андрей Малахов алæвæрд дæр сарæзта æмæ йæ схуыдта «Комбат Солнце», зæгъгæ.  УФ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ Сергей Солнечниковæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном йæ амæлæты фæстæ.

 

АИРВÆЗЫН КОДТА ДЫУУÆ АДÆЙМАДЖЫ ЦАРД

Фæдæлдон 15-аздзыд лæппу. Трагеди æрцыд Уæрæсейы Николаевскы областы Синюхины хъæуы. Æнахъом лæппу федта дыууæ чызджы куыд дæлдон кæнынц æмæ сæм йæхи баппæрста баххуыс кæнынмæ. Лæппуйæн йæ бон ссис дæлдонгæнæг чызджыты донбылгæронмæ раппарын, фæлæ  йæхæдæг фæдæлдон. Йæхи дæр ын тагъдыл сластой донæй, фæлæ байрæджы…

 

ЙÆ ЦАРДЫ АРГЪÆЙ БАХЪАХЪÆДТА  СКЪОЛА

Цалдæр азы размæ æнамонд цау æрцыд Пакистаны цæгат-ныгуылæн хайы, Хангуйы районы. Уырдæм æв-вахс тыхджын сты «Талибан» æмæ «Аль-Каида»-йы позицитæ. 15-аздзыд Айзаз Хасан йе ‘мбæлттимæ лæууыд скъолайы кæрты. Ахуырдзау бафиппайдта, скъоламæ чи æрбаввахс, уыцы нæлгоймаджы уæлæ шахиды рон. Уыцы рæстæджы ахуырадон уагдоны уыд 2 мин адæймагмæ æввахс. Айзазы кæд йе ‘мбæлттæ нæ уагътой, уæддæр  йæхи аппæрста террористы размæ æмæ йын йæ фæндаг æрæхгæдта. Уый ауынгæйæ террорист спырх кодта шахиды рон. Æнахъом хъæбатыр лæппу фæмард. Иннæ скъоладзаутæ фыдбылызæй аирвæзтысты. Йæ фыд  куыста Иугонд Арабаг Эмиратты æмæ йæ хæдзармæ куы æрцыд, уæд загъта: «Мæ лæппу йæ мады фæкæуын кодта, фæлæ йæ фæрцы сæдæгай мæдтæ абон нæ кæуынц сæ сывæллæттыл. Æз мæ фырты амæлæтыл кæуынмæ не ‘рцыдтæн. Æз æрцыдтæн уый тыххæй, цæмæй йын банысан кæнон йе ‘нусон цард», – загъта æнахъомы фыд Муджахид Али.

Микроблогтæй пайдагæнджытæ æрсидтысты, цæмæй Айзазы схорзæхджын кæной Пакистаны уæлдæр хорзæх «Нишан-я-Хайдер»-æй йæ амæлæты фæстæ.

 

«ДÆ НОГГУЫРД ХОЙÆН ТУГ РАТДЗЫНÆ?»…

Уæрæсейы регионтæй сæ иуы, æхсæз азы дæр кæуыл нæма цыд, ахæм лæппу æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст йæ чысыл хойы райгуырдмæ. Уый райгуырд æмбæлон æмгъуыды, фæлæ  стыр проблемæтимæ. Ноггуырдæн тагъдыл  бахъуыд стæм къорды туг агурын. Медицинон бæрæггæнæнтæм гæсгæ хуыздæр уыд йæ хистæр æфсымæры туг. Ныййарджытæ бафарстой сæ чысыл лæппуйы: «Дæ бон суыдзæн дæ чысыл хойæн туг радтын? Лæппу йæхи фæсерьезон кодта, хъуыдыты аныгъуылд æмæ уый фæстæ загъта: – Æмæ йын уый баххуыс кæндзæн удæгасæй баззайынæн? – О, уæд цæрдзæн. – Гæнæн ис æмæ изæрмæ ахъуыды кæнон? – Кæй зæгъын æй хъæуы, ис гæнæн. Изæры чысыл лæппу фæндвидарæй загъта, зæгъгæ, разы дæн мæ хойæн баххуыс кæнынмæ. Рынчындоны дзы туг куы систой, уæд уыд тарстгъуыз. Медицинон хо йæ аудгæйæ æрæмбæрзта хъæццулæй: «Ды бæдæйнаг лæппу дæ! Хуысс уал нырма». Лæппу йæ афарста, зæгъгæ, «цал минуты фæстæ амæлдзынæн?» Куыд рабæрæг, афтæмæй лæппу хъуыды кодта, зæгъгæ, ноггуырды бахъæудзæн йæ туг иууылдæр æмæ йæхæдæг та уайтагъд амæлдзæн. Стыр зæрдæимæ чысыл хъайтар аскъуыддзаг кодта йæ ноггуырд хойы тыххæй амæлын…

Мæ уацы уын дзырдтон цалдæр цауы тыххæй, фæлæ уыдон бирæ фылдæр сты. Уый та нысан кæны, дуне æнæ хæларзæрдæ адæймæгтæй кæй нæу, уый. Æмæ уый та зæрдæйæн  æхцон у…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.