Ивгъуыд къуырийы нӕ республикӕйы банысан кодтой зынгæ ахуыргонд Абайты Васойы райгуырӕн бон. Традицимӕ гӕсгӕ йын ныр дӕр ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, ахуырдзаутӕ, студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой йӕ цырты раз. Ахуыргонды номыл уагъд ӕрцыд мысӕн изӕр йӕ хӕдзар-музейы ахӕм темӕйыл «Абайты Иваны фырт Васойы мысгӕйӕ», зӕгъгӕ. Уырдӕм ӕрбамбырд сты куыд йӕ зонадон архайдæн аргъгӕнджытӕ, афтӕ йе ‘ввахс адӕм дӕр. Изӕрмӕ фӕхуыдтой Хуссар Ирыстоны зонад-иртасӕн институты ирон рагон истори ӕмӕ нартзонады хайады зонадон кусӕг Абайты Зарӕйы. Уый ӕрæмбырдуӕвджытӕн радзырдта Васойы царды тыххӕй, ӕрымысыд цымыдисон цаутæ.

Васо  ирон ӕвзагмӕ стыр хайбавӕрд бахаста, йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр зонадæн снывонд кодта æмæ йӕ ном ӕнустӕм цӕрдзӕн  нæ адӕмы зӕрдӕты. Абайты Васойы хӕдзар-музейы директор Остъаты Мадинӕ банысан кодта стыр ахуыргонды хайбавӕрд ирон ӕвзаджы рæзтмæ ӕмӕ ныфс бавӕрдта, ахӕм мадзӕлттӕ арӕхдӕр кӕй уадздзысты, уымӕй.

«Уӕлдай ӕхсызгондӕр нын уыдис, Абайты Зарӕ ацы изӕры хайад кӕй райста, уый.  Уымӕн ӕмӕ Зарӕ у, зынгӕ ахуыргондимӕ ӕввахс зонгӕ чи уыдис, уыдонӕй сӕ иу. Йӕ мысинӕгты уый лӕмбынӕгӕй ӕрдзырдта, мыхуыр чи нӕ ӕрцыдысты, бирӕ ахӕм цаутыл», – загъта Остъаты Мадинӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ стыр цымыдисимӕ хъуыстой раныхасгæнджытæм. Загъдæуыд ахæм хъуыды, зæгъгæ, ахӕм мысӕн изӕртӕ арӕхдӕр хъӕуы уадзын, ӕрмӕст хистӕр кары адӕмӕн нӕ, фӕлӕ фӕсивӕдæн дæр, цӕмӕй хуыздæр зонгæ кæной стыр ахуыргонды цардвæндаг æмæ зонадон архайды тыххӕй. Мысӕн мадзалы ӕрӕмбырдуæвджытӕм цы цымыдисон фарстатӕ ӕвзӕрд, уыдонӕн лӕмбынӕг дзуаппытӕ лӕвӕрдта Абайты Зарӕ.

Ирыстоны номдзыд фырт, стыр ахуыргонд, профессор, филолог, иранист ӕмӕ ӕвзагзонӕг Абайты Иваны фырт Васо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Бирӕвӕрсыг сты йӕ куыстытӕ, кӕцытӕ абон дӕр сты ахсджиаг æмæ  цымыдисон. Йӕ бирӕ иртасӕн куыстытӕ арф баст сты ирайнаг ӕвзаджы историимӕ, уæлдайдæр та ирон ӕвзаг арфдӕр ӕмӕ хуыздӕр сахуыр кӕнынимӕ. Васо ӕрмӕст йӕ мадӕлон ӕвзаг иртасыныл нӕ куыста, фӕлӕ рагон ирайнаг-авестайаг ӕмӕ персайнаг ӕвзӕгтӕ иртасыныл дӕр. Йӕ рӕстӕджы дзы академик Виноградов мӕнӕ куыд загъта: «К Абаеву не подходите с обычным мерилом, он – особая личность…».

Васойӕн йӕ зӕрдӕ тынг рыст йӕ мадӕлон ӕвзаджы хъысмӕтыл ӕмӕ кӕс-тӕртӕн фӕдзӕхста: «Мӕ зӕрдӕ риссы, нӕ мадӕлон ӕвзаджы хъысмӕтыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд. Хъуамӕ алчи дӕр ӕмбара: ӕвзаджы сӕфт у – адӕмы фесӕфт. Нӕй ӕвзаг – нӕй адӕм… Ӕвзаг амӕлы, йӕ уидӕгтӕ йын бинонты ӕхсӕн куы сыскъуынай, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, ирон лӕг, де ‘взаг хъахъхъӕн дӕ бинонты ӕхсӕн».

Мах ныллӕг кувӕм нӕ сӕртӕй, не ‘взаг абон кӕй руаджы зӕлы, нӕ уыцы разагды лӕгты раз. Уыдонӕй сӕ иу у Абайты Иваны фырт Васо.

КОКАЙТЫ Зӕринӕ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.